‏ Jeremiah 41

1Уыцы азы ӕвдӕм мӕйы Елишамайы фырты фырт, Нетаниайы фырт Измаел, дӕс лӕгимӕ Ахикамы фырт Гедалиамӕ Мицпайы сахармӕ ӕрбацыди. Уый уыди паддзахы мыггагӕй, йӕ уӕздӕттӕй иу. Фынджы уӕлхъус иумӕ куы бадтысты, 2уӕд Нетаниайы фырт Измаел ӕмӕ, йемӕ цы дӕс лӕджы уыди, уыдон ӕвиппайды фестадысты ӕмӕ Ахикамы фырт Гедалиайы, Шафаны фырты фырты, кардӕй барӕхуыстой — Вавилоны паддзах бӕстӕйы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый амардтой. 3Гедалиаимӕ Мицпайы сахары цы иудейӕгтӕ ӕмӕ халдейаг ӕфсӕддонтӕ уыди, уыдоны Измаел се’ппӕты дӕр ныццагъта.

4Дыккаг бон, Гедалиайы кӕй амардтой, уый куы ничима базыдта, уӕд 5Шехем, Силом ӕмӕ Самарийӕ Мицпамӕ ӕрбацыдысты цыппарыссӕдз лӕджы. Сӕ боцъотӕ уыдысты даст, сӕ дарӕстӕ — фӕйнӕрдӕм рӕдывд, сӕ буӕрттӕ — лыгтӕ. Уыдон Дунедарӕджы хӕдзармӕ хойраджы хуынтӕ ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ фӕцӕйхастой. 6Нетаниайы фырт Измаел сӕ размӕ кӕугӕйӕ рацыди Мицпайӕ ӕмӕ сӕм куы’рбахӕстӕг ис, уӕд загъта: «Ахикамы фырт Гедалиамӕ ацӕут».

7Куыддӕр сахармӕ бацыдысты, афтӕ сӕ Нетаниайы фырт Измаел ӕмӕ, йемӕ цы адӕм уыди, уыдон ныццагътой ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ цъайы ныппӕрстой. 8Фӕлӕ дзы дӕс лӕджы Измаелӕн балӕгъстӕ кодтой: «Ма нӕ амар! Махӕн быдыры ис ӕмбӕхсӕнтӕ, уым ис мӕнӕу, хъӕбӕрхор, оливӕйы сой ӕмӕ мыд».

Ӕмӕ сӕ уӕд Измаел иннӕтау нал амардта.

9Годолийы тыххӕй кӕй амарын кодта, уыцы адӕмы мӕрдтӕ Нетаниайы фырт Измаел цъайы ныппӕрста. Уыцы цъай кӕддӕр, израилаг паддзах Баасайы ныхмӕ хӕцгӕйӕ, сарӕзта паддзах Аса. Нетаниайы фырт Измаел цъай мӕрдтӕй байдзаг кодта. 10Мицпайы ма адӕмӕй чи баззад — паддзахы чызджытӕ ӕмӕ иннӕ адӕм, — хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Ахикамы фырт Гедалиайы хицауӕй кӕмӕн сӕвӕрдта, уыдоны се’ппӕты дӕр Нетаниайы фырт Измаел уацары акодта ӕмӕ аммонӕгты’рдӕм фӕраст ис.

11Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ йе’фсады хицӕуттӕ, Нетаниайы фырт Измаел цы фыдракӕндтӕ сарӕзта, уый куы фехъуыстой, 12уӕд адӕмы ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ Нетаниайы фырт Измаелы ныхмӕ хӕцынмӕ рацыдысты. Баййӕфтой йӕ Гивоны, стыр донуаты цур. 13Измаел кӕй ӕрцахста, уыцы адӕм, Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ йе’фсады хицӕутты куы федтой, уӕд ныццин кодтой.

14Измаел Мицпайӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕм иууылдӕр фӕстӕмӕ здӕхынмӕ фесты ӕмӕ Кареахы фырт Йохананимӕ баиу сты. 15Фӕлӕ Нетаниайы фырт Измаел аст лӕгимӕ Йохананӕй аирвӕзт ӕмӕ аммонӕгты зӕхмӕ алыгъди.

16Ахикамы фырт Гедалиайы амарыны фӕстӕ Нетаниайы фырт Измаел Мицпайӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕмы се’ппӕты дӕр Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ йе’фсады хицӕуттӕ Гивонӕй ракодтой: ӕфсӕддонты, сылгоймӕгты, сывӕллӕтты, евнухты. 17Араст сты сӕ фӕндагыл ӕмӕ Вифлееммӕ хӕстӕг, Герут-Кимхамы сахары, иу цасдӕр бафӕстиат сты, цӕмӕй Мысырмӕ алидзой, уый тыххӕй. 18Халдейӕгтӕй тарстысты, уымӕн ӕмӕ Нетаниайы фырт Измаел кӕй амардта, уыцы Гедалиайы, Ахикамы фырты, бӕстӕйы сӕргъы Вавилоны паддзах йӕхӕдӕг сӕвӕрдта.
Copyright information for OssIBT2022