‏ Jeremiah 42

1Ӕфсады хицӕуттӕ иууылдӕр, Кареахы фырт Йоханан, Хошаийы фырт Азариа ӕмӕ иннӕ адӕм се’ппӕт дӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕрбацыдысты 2пехуымпар Йеремиамӕ ӕмӕ йын загътой: «Курӕм дӕ, сӕххӕст нын кӕн нӕ курдиат! Адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны тыххӕй Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скув. Дӕхӕдӕг ӕй уыныс: чысыл йеддӕмӕ нал стӕм, раздӕр та бирӕ уыдыстӕм. 3Уадз ӕмӕ нын Дунедарӕг бацамона, цавӕр фӕндаг равзарӕм ӕмӕ нын цы гӕнгӕ у, уый».

4Пехуымпар Йеремиа сын дзуапп радта: «Хорз, ӕз скувдзынӕн Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, сӕххӕст уын кӕндзынӕн уӕ курдиат. Дунедарӕг уын цыдӕриддӕр зӕгъа, уыдӕттӕ уын фехъусын кӕндзынӕн, иу дзырд дӕр дзы нӕ басусӕг кӕндзынӕн».

5Уыдон Йеремиайӕн загътой: «Дунедарӕг не’хсӕн иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕнӕй ныллӕууӕд: Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, махӕн дӕ дзыхӕй цы зӕгъа, уый бакӕндзыстӕм. 6Уыцы ныхас хорз уа ӕви ӕвзӕр — байхъусдзыстӕм Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, Кӕмӕ дӕ ӕрвитӕм, Уымӕ. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, куы хъусӕм, уӕд фарнӕй схайджын уыдзыстӕм».

7Дӕс боны фӕстӕ Дунедарӕг Йеремиайӕн Йӕ ныхас фехъусын кодта. 8Йеремиа фӕсидти Кареахы фырт Йохананмӕ, йе’фсады хицӕуттӕй алкӕмӕ дӕр, стӕй ӕппӕт адӕммӕ, стырӕй, чысылӕй. 9Загъта сын: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, сымах мӕ уӕ курдиатимӕ Кӕмӕ арвыстат, Уый афтӕ зӕгъы: 10„Ацы зӕххыл куы баззайат, уӕд уӕ сфидар кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ нӕ ныппырх кӕндзынӕн; байтаудзынӕн уӕ ӕмӕ уӕ не срӕдувдзынӕн, уымӕн ӕмӕ, цы бӕллӕх уын бавзарын кодтон, ууыл фӕсмон кӕнын. 11Ма тӕрсут Вавилоны паддзахӕй, тасы уӕ чи’фтауы, уымӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн ӕмӕ уӕ йӕ къухӕй фервӕзын кӕндзынӕн. 12Мӕ хорзӕх уыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ уын ныххатыр кӕндзӕн, уӕхи зӕхмӕ уӕ раздахдзӕн“.

13 14Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхасмӕ куынӕ байхъусат ӕмӕ афтӕ куы зӕгъат: нӕ, мах ацы зӕххыл нӕ цӕрдзыстӕм, Мысырмӕ ацӕудзыстӕм ӕмӕ уым хӕст нӕ фендзыстӕм, сыкъауадындзы хъӕлӕс нӕ фехъусдзыстӕм ӕмӕ стонг нӕ бавзардзыстӕм», 15уӕд байхъусут, Дунедарӕг цы зӕгъы, уымӕ, Иудӕйы байзӕддӕгтӕ!

Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мысырмӕ цӕуын куы сфӕнд кӕнат, куы ацӕуат ӕмӕ уым куы’рцӕрат,
16уӕд, цы кардӕй тӕрсут, уый уӕ уым, Мысыры зӕххыл, баййафдзӕн, ӕмӕ уыцы ран амӕлдзыстут. 17Мысырмӕ ацӕуын ӕмӕ уым ӕрцӕрын чи сфӕнд кодта, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй фесӕфдзысты. Иу дӕр сӕ удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн ӕмӕ, цы бӕллӕх сыл ӕруадздзынӕн, уымӕй нӕ фервӕздзӕн».

18Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мӕ судзгӕ маст Йерусалимы цӕрджытыл куыд ныккалд, афтӕ сымахыл дӕр ныккӕлдзӕн, Мысырмӕ куы бацӕуат, уӕд. Ӕлгъитдзысты уӕ, уӕ уындӕй адӕмыл стыр тас ӕфтаудзыстут. Сӕгад уыдзыстут, уӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн, ӕмӕ ацы зӕхх никуыуал фендзыстут».

19Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, Дунедарӕг уын афтӕ зӕгъы: «Ма ацӕут Мысырмӕ». Зонут: уый уын ӕз абон рагацау фӕдзӕхсын.

20 21 22Уӕхӕдӕг уӕхи ныхмӕ тӕригъӕд ракодтат: арвыстат мӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ мын загътат, цӕмӕй Йӕм сымах тыххӕй скувон, Дунедарӕг цыдӕриддӕр зӕгъа, уыдӕттӕ уын фехъусын кӕнон, мах алцыдӕр бакӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Ӕз уын сӕ абон фехъусын кодтон, фӕлӕ сымах нӕ хъусут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхӕстӕм, цы зӕгъын уын бафӕдзӕхста, уыдӕттӕм. Уӕдӕ зонут: цӕмӕй дзы ӕрцӕрат, уый тыххӕй уӕ зӕрды цы бӕстӕм ацӕуын ис, уым кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлдзыстут.
Copyright information for OssIBT2022