‏ Jeremiah 43

1Йеремиа адӕмӕн Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, ныхӕстӕ, цыдӕриддӕр ын бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр куы фехъусын кодта, 2уӕд ын Хошаийы фырт Азариа ӕмӕ Кареахы фырт Йоханан, стӕй ма дзы къӕйных лӕгӕй чи уыди, уыдон се’ппӕт дӕр загътой: «Сайгӕ кӕныс! Нӕ дӕ рарвыста Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цӕмӕй нын, Мысырмӕ ма ацӕут ӕмӕ уым ма’рцӕрут, зӕгъгӕ, дзурай. 3Уый дӕ Нериайы фырт Барух нӕ ныхмӕ ардауы, цӕмӕй халдейӕгты къухмӕ бахауӕм ӕмӕ нӕ кӕнӕ амарой, кӕнӕ Вавилонмӕ уацары акӕной».

4Кареахы фырт Йоханан, ӕфсӕддон хицӕуттӕ ӕмӕ адӕм се’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ Иудейы нӕ баззадысты. 5Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ’фсады хицӕуттӕ семӕ акодтой, алы адӕмты’хсӕн цы иудейӕгтӕ ныххӕлиу сты ӕмӕ фӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхти, уыдоны, 6нӕлгоймагӕй, сылгоймӕгӕй, сывӕллонӕй, стӕй паддзахы чызджыты — хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Шафаны фырты фырт, Ахикамы фырт Гедалиаимӕ кӕй ныууагъта, уыдоны се’ппӕты дӕр, пехуымпар Йеремиа ӕмӕ Нериайы фырт Барухы. 7Ӕмӕ ацыдысты Мысырмӕ, Дунедарӕджы ныхасмӕ нӕ байхъусгӕйӕ. Тахпанхесмӕ ӕрбахӕццӕ сты.

8Тахпанхесы Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: 9«Дыууӕ стыр дуры райс ӕмӕ сӕ фараоны хӕдзармӕ бацӕуӕны раз ӕлыджы баныгӕн Тахпанхесы, иудейӕгтӕ дӕ куыд уыной, афтӕ. 10Зӕгъ сын: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз арвитдзынӕн Мӕ цагъармӕ, вавилойнаг паддзах Навуходоносормӕ, ӕмӕ, цы дуртӕ бамбӕхстон, уыдоныл ын йӕ паддзахы бадӕн ӕрӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ уый йӕ паддзахы цатыр айтындздзӕни сӕ сӕрмӕ. 11Ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ Мысыры зӕхх сафтид кӕндзӕн: мӕлинаг чи у, уыдон амӕлдзысты; уацар кӕмӕ кӕсы, уыдон уацары ацӕудзысты; кард кӕмӕ кӕсы, уыдон карды цӕфӕй фӕмард уыдзысты. 12Ӕз басудздзынӕн мысыраг хуыцӕутты кувӕндӕттӕ, сӕ хуыцӕутты сын паддзах райсдзӕн ӕфтиагӕн. Фыййау йӕ пӕлӕз куыд скӕны, афтӕ Мысыры зӕхх йӕ уӕлӕ ӕркӕндзӕн ӕмӕ ӕнӕхъыгдардӕй ацӕудзӕн. 13Мысыры цы Хуры кувӕндон ис, уымӕн йӕ цӕджындзтӕ ныззыгуым кӕндзӕн, мысыраг хуыцӕутты кувӕндӕттӕ басудздзӕн“».
Copyright information for OssIBT2022