‏ Jeremiah 45

1Мӕнӕ цы загъта пехуымпар Йеремиа Нериайы фырт Барухӕн, Иудейы паддзах, Иосиайы фырт Иоакимӕн, йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм аз уый уыцы ныхӕстӕ тухгӕ чиныджы куы ныффыста, уӕд:

2«Барух, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау дын афтӕ зӕгъы: 3 4„Ды хъарӕг кӕныс дӕхиуыл, Дунедарӕг мын мӕ хъизӕмӕрттыл маст бафтыдта, мӕ хъӕрзынӕй бафӕлладтӕн ӕмӕ мӕхицӕн ӕнцой нал арын, зӕгъгӕ“.

Фӕлӕ йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Мӕхӕдӕг цыдӕриддӕр сарӕзтон, уыдон иууылдӕр ныппырх кӕндзынӕн мгас бӕстӕйы, цыдӕриддӕр ныссагътон, уыдон срӕдувдзынӕн.
5Ӕгӕр бирӕ агурыс дӕхицӕн. Мацы кур, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕппӕт цӕрӕг удтыл бӕллӕх ӕруадздзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕу та, кӕдӕмфӕнды куы ацӕуай, уӕддӕр фервӕзын кӕндзынӕн, хорзӕхӕн цард райсдзынӕ“».
Copyright information for OssIBT2022