Jeremiah 46
1Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас, цӕмӕй йын иннӕ адӕмты фидӕн базонын кӕна. 2Мысыры бӕстӕйы, мысыраг фараон Нехойы ӕфсады тыххӕй. Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман ӕй вавилойнаг паддзах Навуходоносор Каркемишы, Евфраты доны был, ныддӕрӕн кодта. 3Ӕрцӕттӕ кӕнут уартытӕ, ӕрцытӕ, хӕсты быдырмӕ рӕвдздӕр рацӕут! 4Сифтындзут уӕ бӕхтӕ ӕмӕ размӕ згъорут, бӕхджынтӕ! Уӕ уӕлӕ згъӕрхудтӕ ӕмӕ згъӕрхӕдӕттӕ ӕркӕнут! Ӕрцытӕ сцыргъ кӕнут! 5Фӕлӕ цы уынын Ӕз? Фыр тӕссӕй лидзӕг фесты, сӕ гуыппырсарты сын ныццагътой. Фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, лидзынц, алырдыгӕй — ӕвирхъау тас, — зӕгъы Дунедарӕг. 6Рӕувад нӕ алидздзӕн, ӕмӕ тыхджын нӕ фервӕздзӕн. Фӕкӕлдзысты ӕмӕ зӕххыл ахаудзысты цӕгаты, Евфраты доны был. 7Уый Нилы донау чи ссӕуы? Йӕ уылӕнтӕ кӕмӕн гуылф кӕнынц фурдау? 8Мысыр хӕрдмӕ фӕцыди Нилау, йӕ уылӕнтӕ гуылф кӕнынц фурды донау. Уый загъта: «Хӕрдмӕ фӕцӕудзынӕн, ӕгас зӕхх ӕрӕмбӕрздзынӕн, сахартӕ ӕд цӕрджытӕ бабын кӕндзынӕн!» 9Згъорут, бӕхтӕ, размӕ згъорут, бӕхуӕрдӕттӕ! Уадз, рацӕуой гуыппырсартӕ: эфиопӕгтӕ, сӕ уартытимӕ — ливиӕгтӕ, ӕлвӕст ӕрдынтимӕ — лудиӕгтӕ! 10Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, мастисӕн бон ралӕууыд, ӕмӕ Йе знӕгтӕй Йӕ маст райсдзӕни. Йӕ фыдгулты Йын кард аныхъуырдзӕн, бафсӕддзӕн сӕ тугӕй! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн, Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, нывонд ӕрхастӕуыд цӕгатаг бӕстӕйы, Евфраты доны был. 11Мысыры чызг, Галаадмӕ ацу, ӕвдадзы хос ӕрхӕсс дӕхицӕн! Хосагурӕг дзӕгъӕлы зилыс — сдзӕбӕх уӕвӕн дын нӕй. 12Дӕ худинаг ӕппӕт адӕмтыл айхъуыст, дӕ хъӕр ӕгас зӕххыл дӕр хъуысы. Дӕ хӕстонтӕй иу иннӕуыл фӕкалди, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр ӕрхаудысты. 13Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайӕн фехъусын кодта, Вавилоны паддзах Навуходоносор кӕй ӕрбабырсдзӕн ӕмӕ Мысыры зӕхх кӕй сафтид кӕндзӕн, уый. 14Радзурут Мысыр ӕмӕ Мигдолы, Ноф ӕмӕ Тахпанхесы расидут: «Сыстут, ӕрцӕттӕ кӕнут уӕхи: уӕ алыварс кард алцы ныхъуыры!» 15Цӕмӕн дын басастой дӕ тыхджыны, цӕмӕн фӕцудыдта сӕ разы? Дунедарӕг ӕй зӕхмӕ раппӕрста. 16Уый афӕлдӕхта бирӕты. Кӕрӕдзиуыл фӕхаудысты, дзырдтой: «Уӕлӕмӕ сыстут, аздӕхӕм нӕ адӕммӕ, нӕхи зӕххыл ӕгъатыр кардӕй фервӕзӕм!» 17Иннӕрдыгӕй хъуысти хъӕр: «Дзӕгъӕлдзых у Мысыры паддзах — фараон, йӕ рӕстӕг ауагъта!» 18Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — хӕхты астӕу — Фавор, денджызы раз — Кармел хох. Уыдонау хъомысджын чи у, уый уӕм ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн. 19Мысыры чызг, ӕрӕмбырд кӕн дӕ дзаумӕттӕ, дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн ӕндӕр бӕстӕм лидзынмӕ! Ныддӕрӕн ӕмӕ сафтид уыдзӕн Ноф, цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн. 20Мысыры зӕхх — рӕсугъд хъуджы хуызӕн, цӕгатӕй йӕм ӕрбатӕхы дзынга. 21Мысыры суанг ӕххуырст лӕг дӕр — хӕрзхаст гал, ныр лидзӕг фесты: нӕй хъару хӕцынӕн. Се сӕфты бон ралӕууыд, сӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд. 22Мысыры зӕхх ссыф-сыф кодта калмау: йе знӕгты ӕфсад ӕм ӕрбаввахс ис, ӕрбабырсынц фӕрӕттимӕ, хъӕддзаутау. 23Йӕ бӕлӕстӕ йын акалдзысты рӕбынӕй, зӕгъы Дунедарӕг, — йӕ тар хъӕд ын ныццӕгъддзысты: ӕнӕнымӕц сты мӕтыхтау. 24Фӕхудинаг ис Мысыры чызг, цӕгатаг знӕгты къухмӕ бахауд. 25Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз бафхӕрдзынӕн Нойы цӕрӕг Амоны, стӕй фараоны, Мысыры зӕхх ӕгасӕй дӕр, йӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ йӕ хуыцӕутты, фараоныл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдоны се’ппӕты дӕр. 26Вавилойнаг паддзах Навуходоносор ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Уый фӕстӕ Мысыры зӕхх раздӕрау адӕмӕй байдзаг уыдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. 27Ды та ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, ма тӕрс, Израил. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард бӕстӕй дӕ раздахдзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын уацарӕй ӕркӕндзынӕн. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй та цӕрдзӕн, знаджы цӕфӕй нал тӕрсдзӕн». 28Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, Ӕз демӕ дӕн. Ӕз дӕ адӕмты’хсӕн ныххӕлиу кодтон, фӕлӕ ныр се’ппӕты дӕр фесафдзынӕн. Ӕрмӕстдӕр дӕу нӕ ныццӕгъддзынӕн. Раст тӕрхон дын рахӕсдзынӕн, фӕлӕ дӕ ӕнӕ’фхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн».
Copyright information for
OssIBT2022