Jeremiah 47
1Фараон Газӕйы сахар куы нӕма басаста, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас, цӕмӕй йын филистимӕгты фидӕн базонын кӕна. 2– 3Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатӕй, гуылфгӕнгӕ, ӕрбацӕуынц цӕугӕдӕттӕ. Уӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕмӕ адӕм иууылдӕр фӕдӕлдон уыдзысты. Бӕхты къӕхты хъӕр, бӕхуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ сӕ цӕлхыты уынӕрӕй адӕм ныдздзыназдзысты. Ӕгас бӕстӕйы цӕрджытӕ ныккӕудзысты. Ныййарджытӕн сӕ цӕнгты хъару фесӕфдзӕн, ӕмӕ сӕ цотмӕ фӕстӕмӕ нал ракӕсдзысты. 4Филистимӕгтӕн се сӕфты бон ӕрцӕудзӕн, Тир ӕмӕ Сидоны фӕстаг цӕдисонтӕ бабын уыдзысты. Дунедарӕг ныццӕгъддзӕн филистимӕгты, Кафторы цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны. 5Газӕ, хъыггӕнгӕ, адасдзӕн йӕ сӕр, ныхъхъус уыдзӕн Ашкелон. О, дӕлвӕзы ма чи аирвӕзт, уыдон! Уӕ буӕрттӕ кӕдмӕ лыгтӕ кӕндзыстут ▼▼Буар лыгтӕ кӕнын — сау дарыны нысан рагон дзуттӕгтӕм.
?» 6О Дунедарӕджы кард, кӕд басабыр уыдзынӕ? Раздӕх дӕ кӕрддзӕммӕ, иу ран ӕрлӕуу, ӕрсабыр у! 7Ӕниу, куыд ӕрсабыр уай? Дунедарӕг бардзырд радта, Йӕ кард сарӕзта Ашкелон ӕмӕ денджызы былгӕрӕтты ныхмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022