Jeremiah 48
1Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, Моавы тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Додойаг фӕци Невойы сахар: сафтид ӕй кодтой! Кирйатаим фӕхудинаг ис, бацахстой йӕ знӕгтӕ; сӕгад ис, дӕрӕнгонд ӕрцыд йӕ фидар. 2Моав йӕ раздӕры кад фесӕфта. Хешбоны цӕрджытӕ йӕ ныхмӕ аразынц фыдвӕнд: „Цӕуӕм ӕмӕ уыцы адӕмы фесафӕм“. Мадмена, дӕуӕн дӕр де сӕфт ӕрцӕудзӕн, дӕ фӕдыл зилы кард!» 3Хоронаимӕй хъарӕг хъуысы: ныззыгуым ис, хӕлӕттаг фӕци! 4Сафтид ис Моавы зӕхх, кӕуынц йӕ сабитӕ. 5Лухитмӕ фӕндагыл адӕм сау цӕссыг згъалынц; Хоронаиммӕ фӕндагыл адӕм хъарӕг кӕнынц, хӕлӕттаг кӕй фесты, ууыл. 6Лидзгӕут, фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ! Ӕдзӕрӕг быдыры цы какон сындзытӕ ис, уыдонау сут! 7Уӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ уӕ хӕзнатыл уӕ зӕрдӕ дардтат ӕмӕ ныр уацары бахаудыстут. Кемош дӕр ӕд сауджынтӕ ӕмӕ ӕд уӕздӕттӕ уацары ацӕудзӕн. 8Дӕрӕнгӕнӕг алы сахармӕ дӕр бабырсдзӕн, иунӕг сахар дӕр нӕ аирвӕздзӕн. Бабын уыдзӕн дӕлвӕз, сафтид уыдзӕн фӕз, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ загъта. 9Моавӕн базыртӕ раттут, цӕмӕй йӕ бон атӕхын суа. Йӕ сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн. 10Дунедарӕджы хъуыддаг ӕххӕст кӕнгӕйӕ, зӕрдиагӕй чи нӕ архайы ӕмӕ йӕ кард тугӕй чи нӕ ахоры, уый ӕлгъыст у! 11Моав йе’взонджы бонтӕй абоны онг ӕнӕхъыгдардӕй царди, сӕн йӕ бынтыл куыд ӕрбады, уыйау. Иу ранӕй йӕ иннӕмӕ никуы сӕвгӕдтой, уацары йӕ никуы акодтой, ӕмӕ хӕрзадӕй баззад, йӕ хӕрздӕф нӕ фесӕфт. 12Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ йӕм Ӕз сӕндуцджытӕ арвитдзынӕн. Ӕндӕр ранмӕ йӕ сӕвгӕндзысты, йӕ мигӕнӕнтӕ йын сафтид кӕндзысты ӕмӕ йын йӕ дурынтӕ ныппырх кӕндзысты. 13Моавы зӕхх Кемошы тыххӕй фӕхудинаг уыдзӕн, Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Вефил куы сси, уӕд куыд сӕгад ис, афтӕ. 14Куыд у уӕ бон афтӕ дзурын: «Мах тыхджын стӕм, хӕсты быдыры — ӕхсарджын!» 15Сафтид ис Моав, йӕ сахартӕ йын бацахстой, ӕвзӕрст лӕппуты акодтой ӕргӕвдынмӕ, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 16Моавӕн йе сӕфт ӕрӕввахс ис, фыдбылызтӕ йӕ размӕ бырсынц. 17Йӕ сыхӕгтӕ, ныккӕут ыл! Йӕ раздӕры кад ын чи зыдта, уыдон иууылдӕр зӕгъӕнт: «О, додой! Хъомысджын лӕдзӕг, намысджын хъил ныссасти!» 18Дивоны цӕрӕг, дӕ кадджын бынатӕй сыст ӕмӕ хус зӕххыл ӕрбад, уымӕн ӕмӕ, Моавы зӕхх чи сафтид кодта, уый дӕм ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ дын дӕ фидӕрттӕ ныппырх кӕндзӕн. 19Ароеры чызг, фӕндаджы раз ӕрлӕуу ӕмӕ дӕ размӕ кӕс. Чи аирвӕзт, уыцы лидзджыты, цы’рцыди, зӕгъгӕ, фӕрс. 20Фӕхудинаг ис, бабын ис Моав!Кӕут, дзыназут, расидут Арноны:
Моавы зӕхх гӕныстонмӕ ӕрцыд.
21– 22– 23– 24Рахастӕуыд дӕлвӕзӕн тӕрхон:
Холон, Йахац, Мефаат, Дивон, Нево,
Кирйатаим, Бет-Гамул, Бет-Меон,
Бет-Дивлатаим, Керийот, Боцра —
дард ӕмӕ хӕстӕг сахартӕй иу дӕр
ӕнӕ’фхӕрдӕй нӕ баззади Моавы.
25«Йӕ сыкъа акъуырдтой Моавӕн, йӕ къух ныссасти, — зӕгъы Дунедарӕг. — 26Срасыг ӕй кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ сыстади! Уадз ӕмӕ Моав йӕ сӕты лӕзӕра, уадз ӕмӕ хынджылӕггаг суа! 27Израилыл-иу нӕ худтӕ, раст цыма йӕ давджытимӕ’рцахстой, уыйау? Йӕ кой дӕр ын ӕлгъгӕнгӕ кодтай». 28Моавы цӕрджытӕ, уӕ сахартӕ ныууадзут ӕмӕ къӕдзӕхтыл ӕрцӕрут, лӕгӕтты сӕрмӕ ахстӕттӕ цы хъӕддаг бӕлӕттӕ скӕнынц, уыдоны бафӕзмут. 29Моав сӕрыстыр, ӕнӕввӕрсон ӕмӕ къӕйных кӕй у, уый мах фехъуыстам. 30«Ӕз ын йӕ къӕйныхдзинад зонын, — зӕгъы Дунедарӕг. — Йӕ хиппӕлой ныхӕстӕ мӕнг сты; цы дзуры, уыдӕттӕ нӕ кӕны». 31Уымӕн кӕуын Ӕз Моавыл, ӕгас Моавыл дзыназын, Кир-Хересы цӕрджытыл хъарӕг кӕнын. 32О Сивмайы сӕндон! Дӕуыл куыд кӕуын, афтӕ Ӕз Йазерыл дӕр нӕ куыдтон. Дӕ талатӕ суанг денджызы фаллаг фарсмӕ аххӕссыдысты ӕмӕ ныххӕццӕ сты Йазеры цадмӕ. Ныр дын дӕ рӕгъӕд сӕнӕфсир ӕмӕ дӕ сӕрдыгон дыргътӕ ныллӕгуын кодта дӕрӕнгӕнӕг. 33«Моавӕн йӕ дидинӕгкалӕг зӕхх ӕнӕхай фӕци цин ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинадӕй. Ӕз сӕндуцӕнты сӕн нал ныууагътон, ӕмӕ уым, цины хъӕр кӕнгӕйӕ, ничиуал дуцы сӕн. Хъӕр райхъуысы, фӕлӕ уый цины хъӕр нӕу. 34Хъарӕг хъуысы Хешбонӕй Елалемӕ, суанг Йахацы сахармӕ, Цоарӕй Хоронаим ӕмӕ Еглат-Шелишийы онг адӕмы хъӕр хъуысы, уымӕн ӕмӕ Нимримы дӕттӕ байсысдзысты. 35Уаз къуыппытыл нывӕндтӕ чи хӕссы ӕмӕ дзы йӕхи хуыцӕуттӕн буд чи судзы, уыдоны Ӕз ныццӕгъддзынӕн Моавы», — зӕгъы Дунедарӕг. 36– 37Мӕ зӕрдӕ уадындзау уымӕн кӕуы Моавыл, дзыназы уадындзау Кир-Хересы цӕрджытыл. Ныр се’ппӕт исбон бабын ис; сӕ сӕртӕ — даст, сӕ боцъотӕ — ӕлвыд; сӕ цӕнгтыл — ностӕ, се’ппӕтӕн дӕр сӕ фӕрстыл — сӕхъис. 38Моавӕн йӕ алы уӕлхӕдзарӕй, йӕ алы уынгӕй дӕр хъуысы хъарӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз Моавы зӕхх ӕнӕпайда мигӕнӕнау ныззыгуым кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг. 39Адӕм дзурдзысты, дзыназгӕйӕ: «О, додой! Ныззыгуым ис Моав, фӕхудинаг ис, лидзӕг фесты йӕ адӕм!» Моав хынджылӕггаг сси, йӕ сыхӕгты стыр тасы бафтыдта йӕ уындӕй. 40Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕргӕс йӕ амӕттагыл йӕхи ныццӕвдзӕн, Моавы сӕрмӕ айтындздзӕн йӕ базыртӕ. 41Йӕ сахартӕ йын бацахсдзысты, йӕ фидӕрттӕ йын басӕтдзысты. Уыцы бон моаваг гуыппырсартӕ фыр тӕссӕй арӕг устытау нырриздзысты. 42Моавӕгтӕ адӕмты’хсӕнӕй фесӕфдзысты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ сыстадысты. 43Ӕвирхъау тас, дзыхъхъытӕ ӕмӕ ахсӕн хызтӕ уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, моавӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — 44Фыр тӕссӕй лидзӕг чи фӕуа, уый дзыхъхъы ныххаудзӕн, дзыхъхъӕй чи схиза, уый ахсӕн хызы аирвӕздзӕн, уымӕн ӕмӕ Моавӕн йӕ тӕрхоны аз ралӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. 45Хешбоны бырутӕн сӕ аууӕтты фӕллад лигъдӕттӕ лӕууынц. Хешбонӕй арт раирвӕзт, Сигоны хӕдзар пиллон артӕй судзы; йӕ къӕмисӕнтӕ судздзӕни Моавӕн, нӕрӕмонтӕн сӕ сӕртӕ басудздзӕн. 46О Моав, додойаг фӕдӕ! Кемошы адӕм бабын сты! Дӕ фырттӕ бахаудысты уацары, дӕ чызджытӕй дын уацайрӕгтӕ скодтой. 47Фӕлӕ фидӕны Ӕз моавӕгтӕн сӕ раздӕры ӕнӕмаст цард раздахдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг. Ууыл моавӕгтӕн сӕ тӕрхон ахицӕн ис.
Copyright information for
OssIBT2022