Jeremiah 49
1Аммонӕгты тыххӕй Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ау, Израилӕн фырттӕ нӕй? Ау, ӕнӕ бындарӕй баззад? Милком цӕмӕн бацахста Гады зӕхх, ӕмӕ йӕ адӕм Гады сахарты цӕмӕн цӕрынц? 2Уымӕ гӕсгӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ аммонаг Раввайы цур тохы хъӕртӕ райхъуысдзысты. Хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, йӕ чызджытӕ арты басудздзысты, ӕмӕ Израил, кӕй дӕлбар уыди, уыцы адӕмӕн хицау суыдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. 3Ку, Хешбон, — хӕлӕттаг фӕци Гайы сахар! Раввайы чызджытӕ, кӕут ӕмӕ дзыназут! Уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнут ӕмӕ систы рӕзты хъеллау кӕнут, уымӕн ӕмӕ Милком ӕд сауджынтӕ ӕмӕ ӕд уӕздӕттӕ уацары ацӕудзӕн. 4Дӕ дӕлвӕзтӕй цы’ппӕлыс? Бабын ис дӕ тӕрф! О мӕнгард чызг! Дӕ хӕзнатыл дӕ зӕрдӕ дардтай, мӕ ныхмӕ чи схӕцдзӕн, зӕгъгӕ. 5Ӕз дыл алырдыгӕй ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — алырдӕмты уӕ фӕсурдзысты, ӕмӕ лигъдӕтты ничиуал ӕрӕмбырд кӕндзӕн. 6Фӕлӕ уый фӕстӕ Ӕз аммонӕгтӕн сӕ раздӕры ӕнӕмаст цард раздахдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг. 7Уӕларвӕфсады Бардарӕг едомӕгты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ау, Теманы иу куырыхон нал ис, ӕмбаргӕтӕн бынтон фӕцыд сӕ зонд? Уӕлзонд скадавар? 8Деданы цӕрджытӕ, фӕстӕмӕ мауал кӕсут, лидзгӕут ӕмӕ лӕгӕтты бамбӕхсут. Уымӕн ӕмӕ Ӕз Исавӕн фыдбылыз бавзарын кӕндзынӕн, йӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд, ӕмӕ йӕ бафхӕрдзынӕн. 9Сӕнӕфсиртонджытӕ дӕм куы’рцӕуиккой, уӕд ма дӕм уыдон цалдӕр гагайы ныууадзиккой. Ӕхсӕвыгон дӕм давджытӕ куы фӕзыниккой, уӕд, цас сӕ хъӕуы, уый бӕрц дӕ фӕдавиккой. 10Ӕз та Исавмӕ ӕппындӕр ницыуал ныууадздзынӕн, йе’мбӕхсӕнтӕ йын иууылдӕр байгом кӕндзынӕн, ӕмӕ йӕ бон бамбӕхсын не суыдзӕн. Йӕ фырттӕ, йе’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕ цагъды фӕуыдзысты, йӕ кой дӕр фесӕфдзӕн. 11Ма мӕт кӕн дӕ сидзӕртыл, Ӕз сын сӕ цард бахъахъхъӕндзынӕн, дӕ идӕдзтӕ Мыл сӕ зӕрдӕ дарӕнт». 12Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Кӕд, масты кӕхцӕй нуазыны аккаг чи нӕ уыди, уыдон дӕр дзы нуаздзысты, уӕд ды, ау, ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзынӕ? Ницы хуызы. Масты кӕхц иууылдӕр бануаздзынӕ ӕнӕмӕнг! 13Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Боцрайы сахар алкӕй йӕ уындӕй тасы ӕфтаудзӕн ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзӕн, гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн, ӕлгъитдзысты йӕ, мыггагмӕ йӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты». 14Ӕз Дунедарӕгӕй фехъуыстон, адӕмтӕм кӕй рарвыстӕуыд минӕвары, цӕмӕй сын зӕгъа: «Ӕрӕмбырд ут, сыстут йӕ ныхмӕ, хӕстмӕ рацӕут!» 15«Адӕмты’хсӕн дӕ Ӕз ницӕйаджы бынатмӕ ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дӕ адӕм ӕлгъагыл банымайдзысты. 16О къӕдзӕхты цъассыты цӕрӕг, хӕхты цъуппыты хицау! Хъӕхъхъаг ӕмӕ къӕйных кӕй дӕ, ууыл дӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы дардтай. Уӕлиау ахстон скодтай цӕргӕсау, фӕлӕ дӕ Ӕз уырдыгӕй раппардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — 17Едомы зӕхх алкӕуыл тас ӕфтаудзӕни йӕ уындӕй. Йӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу фыр дисӕй ныкъуыззит кӕндзӕн, йӕ хъӕдгӕмттӕм кӕсгӕйӕ. 18Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай цы сахартӕ ис, уыдон куыд бабын сты, — зӕгъы Дунедарӕг, — афтӕ уым дӕр иунӕг цӕрӕг нал баззайдзӕн, ничиуал дзы ӕрцӕрдзӕн. 19Иорданы цур цы пыхсбынтӕ ис, уырдыгӕй домбай дидинӕгкалӕг сӕрвӕттӕм куыд рацӕйцӕуы, афтӕ Ӕз едомӕгты ӕвиппайды лидзӕг фӕкӕндзынӕн ӕмӕ Едомы сӕргъы, Мӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрстон, уый сӕвӕрдзынӕн. Чи у Мӕн хуызӕн? Дзуапп Мӕ чи ӕрдомдзӕн? Цавӕр фыййау схӕцдзӕни Мӕ ныхмӕ?» 20Байхъусут, Дунедарӕг, Едом ӕмӕ Теманы цӕрджытӕн цы снысан кодта, уымӕ: суанг сын сӕ уӕрыччыты дӕр рӕгъауӕй фӕдавдзысты. Дунедарӕг сын бабын кӕндзӕн сӕ сӕрвӕттӕ. 21Зӕхх нынкъуысдзӕн се сӕфты уынӕрӕй, ӕмӕ сӕ хъӕр Сырх денджызмӕ айхъуысдзӕн. 22Цӕргӕс стӕхдзӕн ӕмӕ йӕ амӕттагыл йӕхи ныццӕвдзӕн, Боцрайы сӕрмӕ йӕ базыртӕ айтындздзӕн. Уыцы бон Едомы гуыппырсартӕ арӕг устытау нырриздзысты. 23Дунедарӕг Дамаскы тыххӕй афтӕ зӕгъы: Хамат ӕмӕ Арпады сахартӕ схъомпал сты, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр уац фехъуыстой. Фыр тӕссӕй рафт-бафт кӕнынц, денджызау сӕхицӕн ӕнцой нӕ арынц. 24Йӕ хъару фесӕфти Дамаскӕн, лидзӕг фӕцис ӕмӕ йыл тас бахӕцыд; фыр рыстӕй арӕг усау хъӕрзы. 25Ау, кадджын сахар, Мӕ цины сахар, ӕппӕрст ӕрцыд? 26Йӕ лӕппутӕ уынгты амӕлдзысты, уыцы бон йӕ хӕстонтӕ иууылдӕр бабын уыдзысты, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 27Ӕз Дамаскы систыл арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Бен-Хадады галуантӕ аныхъуырдзӕн. 28Дунедарӕг Кедар ӕмӕ Хацоры паддзахӕдты, Вавилоны паддзах Навуходоносор кӕй басаста, уыдоны тыххӕй афтӕ зӕгъы: — Сыстут ӕмӕ Кедары ныхмӕ схӕцут, ныгуылӕйнаг адӕмы сафтид кӕнут! 29Сӕ цатыртӕ ӕмӕ сӕ рӕгъӕуттӕ, сӕ теуатӕ, се’мбӕрзӕнтӕ ӕмӕ сын се’ппӕт мигӕнӕнтӕ байсдзысты ӕмӕ сӕм хъӕр кӕндзысты: «Алырдыгӕй — ӕвирхъау тас!» 30Хацоры цӕрджытӕ, лидзгӕут рӕвдздӕр ӕмӕ лӕгӕтты бамбӕхсут! — зӕгъы Дунедарӕг. — Вавилоны паддзах Навуходоносор уӕ ныхмӕ фыдвӕнд сарӕзта. 31Сыстут! Сабыр ӕмӕ ӕнӕмастӕй чи цӕры, уыцы адӕмы ныхмӕ схӕцут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Нӕдӕр сӕм дуӕрттӕ ис, нӕдӕр ӕвдузӕнтӕ, ӕнӕхъыгдардӕй цӕрынц. 32Сӕ теуатӕ кӕйдӕр ӕфтиаг суыдзысты, сӕ бирӕ рӕгъӕуттӕ знӕгты хай бауыдзысты. Сӕ къӕмисӕнтӕ дасӕг адӕмы Ӕз дымгӕмӕ ныффӕйлаудзынӕн, алырдыгӕй сыл фыдбылызтӕ бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — 33Хацор хъӕддаг куыйтӕн цӕрӕнбынат суыдзӕн, ӕнусмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн. Цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн, ӕмӕ дзы ничиуал ӕрцӕрдзӕн. 34Иудейы паддзах Цедекиа хицауиуӕг кӕнын куы райдыдта, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас Еламы тыххӕй. 35Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз Еламы ӕрдын ныссӕтдзынӕн — хъомысджын кӕй фӕрцы у, уый. 36Арвы цыппар кӕронӕй Еламы бӕстӕм цыппар дымгӕйы арвитдзынӕн ӕмӕ йӕ цыппар дымгӕйыл ныффӕйлаудзынӕн. Тард еламӕгтӕ кӕй зӕхмӕ не’рцӕудзысты, ахӕм адӕмыхатт нал баззайдзӕн. 37Ӕз, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыцы знӕгты раз еламӕгтыл фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцын кӕндзынӕн, фыдбылыз сыл бафтаудзынӕн, Мӕ судзгӕ маст сыл ныккалдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — кардимӕ сӕ сурдзынӕн, цалынмӕ сӕ бынтон фесафон, уӕдмӕ. 38Ӕз мӕ паддзахы бадӕн Еламы ӕрӕвӕрдзынӕн, паддзах ӕмӕ уӕздӕтты ныццӕгъддзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — 39Фӕлӕ фидӕны Ӕз еламӕгтӕн сӕ раздӕры ӕнӕмаст цард раздахдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Copyright information for
OssIBT2022