Jeremiah 5
1«Ӕрзилут-ма Йерусалимы уынгты, ӕркӕсут, базонут-ма, ацагурут фӕзты: цымӕ дзы иу раст адӕймаджы ссариккат, рӕстдзинадмӕ чи тырны, ахӕмы, — уӕд Ӕз ацы сахарӕн ныббардзынӕн! 2Уыдон сомы кӕнынц Дунедарӕгӕй, фӕлӕ сӕ сомытӕ мӕнг сты». 3О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй! 4– 5Ӕз мӕхинымӕр загътон: «Уыдон мӕгуыр ӕмӕ ӕнӕзонд сты, Дунедарӕджы фӕндаг ӕмӕ сӕ Хуыцауы Ӕгъдау нӕ зонынц. Стыр ӕлдӕрттӕ та сӕ зонынц, цӕуон ӕмӕ семӕ ныхас кӕнон. Фӕлӕ уыдон дӕр ныппырх кодтой се’фсондз, атыдтой сӕ рӕхыстӕ. 6Уый тыххӕй сӕм тар хъӕдӕй ӕрбабырста домбай, быдираг бирӕгъ сӕ ӕргӕвды, сӕ сахарты цур бабады фыранк: сахарӕй чидӕриддӕр рацӕуа, уый аскъуыдтӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, сӕ гадзрахатӕн кӕрон нал ис». 7«Куыд дын хъуамӕ ныббарон? Дӕ цот Мӕ ныууагътой, мӕнг хуыцӕуттӕй ард хӕрынц! Ӕз-иу сӕ бафсӕстон, уыдон та хъахбай митӕ кодтой ӕмӕ хӕтаг сылты хӕдзӕрттӕм тыгуыртӕй цыдысты. 8Хӕрзхаст бӕхтау схъахбай сты, алчидӕр дзы мыр-мыр кӕны кӕйдӕр усмӕ. 9Ау, Ӕз сӕ уыдӕтты тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн? 10Йӕ систӕм ын схизут ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнут, фӕлӕ кӕронмӕ нӕ. Йӕ дыргъдӕттӕ йын ныззыгуым кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдон Дунедарӕджы адӕм нал сты. 11Израил ӕмӕ Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕ Мыл гадзрахатӕй рацыдысты, — зӕгъы Дунедарӕг. 12Уыдон Дунедарӕгыл цъыфкалӕн кодтой ӕмӕ дзырдтой: „Дунедарӕг нӕй! Ницы фыдбылыз ныл ӕрцӕудзӕн, нӕдӕр кард, нӕдӕр стонг бавзардзыстӕм“. 13Уыцы пехуымпартӕ дымгӕйӕ уӕлдай не сты, Дунедарӕджы ныхас сӕм нӕй, сӕ ныхӕстӕ сӕхиуыл ӕрцӕуӕнт». 14Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: «Афтӕ кӕй дзурынц, уый тыххӕй Ӕз Мӕ ныхӕстӕ арт фестын кӕндзынӕн дӕ дзыхы, ацы адӕм та фестдзысты сугтӕ, ӕмӕ сӕ уыцы арт аныхъуырдзӕн. 15Израилы хӕдзарвӕндаг, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн Ӕз дардӕй ӕрбакӕндзынӕн рагон ӕмӕ тыхджын адӕмы. Се’взаг сын нӕ зоныс, ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕ не’мбардзынӕ. 16Сӕ фатдонтӕ — гом ингӕнтӕ, сӕ алы хӕстон дӕр — бӕгъатыр. 17Уыцы адӕм дын аныхъуырдзысты дӕ тыллӕг ӕмӕ дӕ хор, дӕ фыртты ӕмӕ дӕ чызджыты, дӕ фысты ӕмӕ дӕ галты, дӕ сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ дӕ легъуи бӕлӕстӕ. Бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ — ныфсджын кӕмӕй дӕ, уыдон — ныддӕрӕн кӕндзысты кардӕй. 18Фӕлӕ уӕ суанг уыцы бонты дӕр, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕронмӕ нӕ фесафдзынӕн. 19Ӕмӕ адӕм куы фӕрсой: „Ӕппӕт адӕттӕ нын цӕмӕн ӕвзарын кӕны Дунедарӕг, нӕ Хуыцау?“— уӕд-иу сын дзуапп ратт: „Кӕй Йӕ ныууагътат ӕмӕ уӕхи зӕххыл ӕндӕр хуыцӕуттӕн кӕй лӕггад кодтат, уый тыххӕй ӕцӕгӕлон зӕххыл ӕндӕрбӕстӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут“. 20Йаковы байзӕддӕгтӕн фехъусын кӕнут, расидут Иудейы: 21Байхъусут, ӕдылы ӕмӕ ӕнӕзонд адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ уынгӕ чи нӕ кӕны, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ къуырма чи у! 22Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу. 23Ацы адӕм та хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон сты, фӕзылдысты ӕмӕ ацыдысты. 24Сӕхинымӕр афтӕ нӕ загътой: „Фӕтӕрсӕм Дунедарӕгӕй, нӕ Хуыцауӕй. Фӕззӕджы ӕмӕ нын уалдзӕджы афойнадыл къӕвдатӕ Уый ратты, хуымгӕрдӕнты къуыритӕ нын Уый сбӕлвырд кодта“. 25Уӕ фыдракӕндты тыххӕй сымахӕй ӕппӕт уыдӕттӕ байстӕуыд, уӕ тӕригъӕдты аххосӕй ӕнӕхай фестут фарнӕй. 26Мӕ адӕмы’хсӕн ис фыдгӕнджытӕ. Мӕргъты чи ахсы, уыдонау рӕсӕны бабадынц, адӕмы ахсынӕн сӕвӕрынц къӕппӕджытӕ. 27Маргъӕй йедзаг къалатийау сӕ хӕдзӕрттӕ байдзаг сты мӕнгдзинадӕй, скадджын ӕмӕ схъӕздыг сты. 28Снард сты, сӕ буӕрттӕ фыр нӕрдӕй ӕрттивынц, сӕ фыдракӕндтӕн кӕрон нал ис. Сидзӕрты хъаст сӕхи пайдайӕн ӕвзарынц, раст тӕрхон нӕ кӕнынц, нӕ хъахъхъӕнынц мӕгуырты бартӕ. 29Ау, ахӕм адӕмӕй Ӕз Мӕ маст нӕ райсдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. 30Тӕссаг ӕмӕ ӕбуалгъ хъуыддӕгтӕ цӕуы зӕххыл: 31пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?
Copyright information for
OssIBT2022