‏ Jeremiah 50

1Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы уылты фехъусын кодта Вавилоны, халдейӕгты зӕххы, фидӕн: 2«Адӕмты’хсӕн фехъусын кӕнут! Уӕ тырыса сисут нысанӕн! Ныхъхъӕр кӕнут, мацы басусӕг кӕнут, зӕгъут сын: „Саст ӕрцыд Вавилоны сахар, фӕхудинаг ис Бел, афӕлдӕхтой Меродахы
Меродах — вавилойнӕгты сӕйраг хуыцаугонд.
— фӕхудинаг сты йӕ хуыцаугӕндтӕ, ныппырх сты йӕ гуымирытӕ!“

3Цӕгатаг адӕм йӕ ныхмӕ сыстадысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзысты. Нал дзы адӕймаг баззайдзӕн, нал сырды мыггаг, ацӕудзысты ӕмӕ рахау-бахау кӕндзысты.

4Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕ, кӕугӕйӕ, Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, агурӕг ацӕудзысты. 5Сионмӕ агурдзысты фӕндаг, се’ргом ӕм раздахдзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ацӕуӕм ӕмӕ Дунедарӕгимӕ, ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕнусон фидыдӕй баиу уӕм“.

6Мӕ адӕм сдзӕгъӕл сты фыстау, сӕ фыййӕуттӕ сӕ раст фӕндагӕй аздӕхтой ӕмӕ сӕ ныххӕлиу кодтой. Хӕхтыл ӕмӕ къуыбыртыл адзӕгъӕл сты, сӕ цӕрӕнбынат сӕ ферох ис. 7Чи-иу сыл фӕхӕст, уый-иу сӕ аныхъуырдта, се’фхӕрджытӕ дзырдтой: „Мах аххосджын ницӕмӕй стӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон фӕтӕригъӕдджын сты Дунедарӕджы, рӕстдзинады хӕдзары, сӕ фыдӕлты зӕрдӕдарӕны, раз“.

8Лидзгӕут Вавилонӕй! Халдейӕгты зӕххӕй ацӕут ӕмӕ бодзтау уӕ рӕгъӕуттӕн фӕндаг амонут! 9Уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕгатаг зӕххытӕй ӕнӕнымӕц адӕмты сыстын кӕндзынӕн. Ӕрбакӕндзынӕн сӕ Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ, ӕмӕ йӕ бацахсдзысты. Хӕрзарӕхст сты сӕ фатӕхсджытӕ, ӕнӕ ӕфтиагӕй не здӕхынц фӕстӕмӕ. 10Халдейӕгтӕн сӕ зӕхх гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн, се стигъджытӕ сӕхи бафсаддзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.

11Мӕ бынтӕ Мын куы фӕдавтат, уӕд цинӕй мардыстут, уӕ цинӕн кӕрон нал уыди. Родтау кӕрдӕгыл гӕппытӕ кодтат ӕмӕ уырсытау уӕ мыр-мыр цыди. 12Фӕлӕ уӕ ныййарӕг мад фӕхудинаг ӕмӕ сӕгад уыдзӕн, адӕмты’хсӕн ныллӕгдӕр бынат бацахсдзӕн, ӕдзӕрӕг быдыр, ӕнӕдон зӕхх фестдзӕн. 13Дунедарӕг ӕм смӕсты ис, ӕмӕ йӕ зӕххыл цӕрӕг нал баззайдзӕн, ӕгасӕй дӕр сафтид уыдзӕн. Вавилоны рӕзты чидӕриддӕр фӕцӕйцӕуа, уый-иу стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ ныкъуыззит кӕндзӕн, йӕ хъӕдгӕмттӕм ын кӕсгӕйӕ.

14Фатӕхсджытӕ, ӕрхъула кӕнут Вавилоныл! Уӕ фӕттӕ йыл ӕнӕвгъауӕй ӕхсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын ис!

15Алырдыгӕй йыл хъӕр кӕнут! Йӕхи радта знӕгтӕм, ныппырх сты йӕ фидӕрттӕ, йӕ систӕ ныззыгуым сты. Дунедарӕджы азар у уый! Уӕ маст дзы райсут! Йӕхӕдӕг цытӕ кодта, уыдӕттӕ йын бавзарын кӕнут! 16Вавилойнаг зӕхкусджытӕ ӕмӕ хуымгӕрдджыты ныццӕгъдут! Ӕгъатыр карды тӕссӕй алчидӕр йӕ адӕммӕ раздӕхӕд, йӕхи зӕхмӕ лидзӕд.

17Израил у дзӕгъӕл фысты рӕгъау, домбӕйттӕ йӕ алырдӕмты фӕсырдтой. Раздӕр ӕй хордта Ассирийы паддзах, фӕлӕ йын ацы фӕстаг, Вавилоны паддзах Навуходоносор, йе стджытӕ дӕр бахсыдта. 18Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз бафхӕрдзынӕн вавилойнаг паддзахы, стӕй йӕ бӕстӕ дӕр, Ассирийы паддзахы куыд бафхӕрдтон, афтӕ. 19Израилы та йӕ раздӕры сӕрвӕтмӕ раздахдзынӕн, Кармел ӕмӕ Башаны хиздзӕн, Ефремы хӕхты ӕмӕ Галаады йӕхи бафсаддзӕн. 20Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Израилӕн агурдзысты йӕ азым, фӕлӕ аххосджын нӕ разындзӕн, Иудӕйӕн агурдзысты йӕ тӕригъӕд, фӕлӕ йӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз, цардӕгасӕй кӕй ныууадздзынӕн, уыдонӕн ныххатыр кӕндзынӕн.

21Мератаимы ныхмӕ схӕцут, Пекоды цӕрджыты бафхӕрут! Марут сӕ, фӕстаг лӕджы онг сӕ ныццӕгъдут, — зӕгъы Дунедарӕг, — цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ сӕххӕст кӕнут.

22Ацы бӕстӕйы тох ӕмӕ ӕвирхъау сӕфты уынӕр хъуысы. 23О, мӕнӕ куыд афасти, мӕнӕ куыд ныппырх ис, ӕнӕхъӕн зӕхх чи дӕрӕн кодта, уыцы дзӕбуг! Адӕмтӕ фыр тӕссӕй ризынц, Вавилонмӕ кӕсгӕйӕ.

24О Вавилон! Дӕ размӕ дын ахсӕн хыз сӕвӕрдтон, ӕмӕ дзы бахаудтӕ, уымӕн ӕмӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕ. Баййӕфтой дӕ ӕмӕ дӕ’рцахстой, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ тох кодтай».

25Дунедарӕг байгом кодта Йе’мбӕхсӕн, систа дзы Йӕ фыдӕхы хӕцӕнгӕрзтӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, хъуамӕ халдейӕгты зӕххы Йӕ хъуыддаг сӕххӕст кӕна.

26Алырдыгӕй йӕ ныхмӕ сыстут, йӕ хорӕфснайӕнтӕ йын байгом кӕнут! Цыдӕриддӕр ссарат, уыдонӕй-иу кӕритӕ скӕнут ӕмӕ сӕ фесафут, мацыуал дзы ныууадзут! 27Йӕ галты йын иууылдӕр амарут, сӕргӕвдут сӕ!

Додойаг фесты! Сӕ азары бон, сӕ тӕрхоны рӕстӕг ралӕууыд!

28Вавилоны сахарӕй чи раирвӕзт, уыцы лигъдӕтты хъӕр хъуысы. Ӕмӕ ныр базондзысты Сионы, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ Кувӕндоны маст кӕй райста, уый.

29Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ фатӕхсджытӕм фӕдзурут! Фатӕхсджытӕ, сахарыл ӕрхъула кӕнут, мачи дзы раирвӕзӕд! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын стӕрхон кӕнут. Йӕхӕдӕг цытӕ кодта, уыдӕттӕ йын бавзарын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уый хӕцыд Дунедарӕджы, Израилы Уаз Хуыцауы, ныхмӕ. 30Уый тыххӕй йӕ фырттӕ сахары уынгты амӕлдзысты, уыцы бон йӕ хӕстонтӕ иууылдӕр цагъды фӕуыдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.

31Ӕз рацыдтӕн дӕ ныхмӕ, Сӕрыстыр, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — дӕ азары бон, дӕ тӕрхоны рӕстӕг ралӕууыд.

32Фӕкӕлдзӕн ӕмӕ ахаудзӕн Сӕрыстыр, схӕцӕг ыл нӕ уыдзӕн. Йӕ сахартӕ йын басудздзынӕн, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр арты хай бауыдзысты.

33Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Иудӕ ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕ ӕфхӕрд ӕййафынц. Уацары сӕ чи акодта, уыдон сыл фидар хӕцынц, ауадзын сӕ нӕй сӕ зӕрды. 34Фӕлӕ хъомысджын у сӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. Уый рахӕцдзӕни сӕ сӕрыл, сӕ зӕхх сын басабыр кӕндзӕн, Вавилоны цӕрджытыл та катай бахӕцын кӕндзӕн.

35Халдейӕгтӕ, Вавилоны цӕрджытӕ, сӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ сӕ куырыхонты ныхмӕ кард ист ӕрцыд, — зӕгъы Дунедарӕг. — 36Йӕ дӕсныфӕрсджытӕ Мӕ карды цӕфӕй сӕрра уыдзысты, йӕ хӕстонтыл фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцдзӕн. 37Йӕ бӕхты ӕмӕ йӕ бӕхуӕрдӕтты, стӕй, йе’хсӕн чи цӕры, уыцы ӕндӕрбӕстӕгты ныхмӕ дӕр кард систӕуыд, ӕмӕ сылгоймӕгтау стӕппуд уыдзысты.

38Йӕ цӕугӕдӕттӕ бахус уыдзысты, уымӕн ӕмӕ уый у гуымирыты зӕхх! Уыдоны тыххӕй йӕ цӕрджытӕн сӕ сӕрызонд фӕцыд! 39Хъӕддаг куыйтӕ, быдираг сырдтӕ ӕмӕ дзы уыгтӕ ӕрцӕрдзысты. Уым адӕймаг никуыуал ӕрцӕрдзӕн, иу фӕлтӕрӕй иннӕмӕ ӕдзӕрӕг ранӕй баззайдзӕн. 40Содом ӕмӕ Гоморрӕйау, стӕй, сӕ алыварс цы сахартӕ уыд ӕмӕ Хуыцау кӕй ныппырх кодта, уыдонау, — зӕгъы Дунедарӕг, — уым дӕр ничи ӕрцӕрдзӕн, лӕджы къах дзы нал ӕрлӕудзӕн.

41Цӕгатӕй ӕрбацӕуынц ӕнӕнымӕц адӕм, зӕххы кӕрӕттӕй сыстадысты паддзӕхтӕ. 42Сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ — кард ӕмӕ ӕрдын. Хъӕхъхъаг сты, хатыр нӕ зонынц, хъӕр кӕнынц денджызы уынӕрау. Хӕстонтӕ сӕ бӕхтыл хӕстӕввонгӕй згъорынц, цӕмӕй дӕ ныхмӕ схӕцой, Вавилоны чызг!

43Вавилоны паддзах йе уӕнгтӕ ӕруагъта сӕ коймӕ, фыр рыстӕй арӕг усау ныхъхъӕрзыдта.

44Иорданы пыхсбынӕй домбай дидинӕгкалӕг сӕрвӕтмӕ куыд рацӕйцӕуы, уыйау Ӕз вавилойнӕгты ӕвиппайды фӕсурдзынӕн, сӕ сӕргъы сын, Мӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрстон, уый сӕвӕрдзынӕн.

Кӕм ис Мӕн хуызӕн? Дзуапп Мӕ чи ӕрдомдзӕн? Цавӕр фыййау схӕцдзӕни Мӕ ныхмӕ?»

45Байхъусут, Дунедарӕг Вавилонӕн, халдейӕгты зӕххӕн, цы снысан кодта, уымӕ! Суанг ын йӕ уӕрыччыты дӕр рӕгъауӕй фӕдавдзысты, Дунедарӕг сын сӕ сӕрвӕттӕ дӕр бабын кӕндзӕн. 46Вавилон саст куы’рцӕуа, уӕд зӕхх нынкъуысдзӕн тохы уынӕрӕй, ӕппӕт адӕмтӕ йын фехъусдзысты йӕ хъӕр.
Copyright information for OssIBT2022