Jeremiah 51
1Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз Вавилон ӕмӕ Лев-Камайы цӕрджыты ныхмӕ тыхджын дымгӕ сыстын кӕндзынӕн. 2Вавилонмӕ ӕцӕгӕлӕтты арвитдзынӕн, ӕмӕ йӕ уыдон дымгӕмӕ ныддардзысты. Йӕ зӕхх ын сафтид кӕндзысты, йӕ фыдбылызы бон ыл алырдыгӕй ӕртыхсдзысты. 3Фатӕхсӕг йе’рдын саразӕд фатӕхсджыты, згъӕрхӕдӕттӕ чи скодта, уыдоны ныхмӕ! Сӕ лӕппутӕн сын ма тӕригъӕд кӕнут, се’фсӕддонты сын иууылдӕр ныццӕгъдут! 4Уадз, халдейӕгты зӕххыл мӕрдтӕ лӕзӕрой, ӕмӕ, фатӕй мӕлӕтдзаг цӕф чи фӕци, уыдон фӕндӕгтыл баззайой! 5Уымӕн ӕмӕ Израил ӕмӕ Иудейы нӕ ныууагъта сӕ Хуыцау, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, кӕд сӕ зӕхх Израилы Уаз Хуыцауы раз тӕригъӕдӕй йедзаг у, уӕддӕр. 6Лидзгӕут Вавилонӕй! Фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ, цӕмӕй сымах дӕр йӕ фыдракӕндты тыххӕй ма фесӕфат. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы мастисӕн рӕстӕг ралӕууыд, ӕмӕ Вавилонӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзӕн. 7Дунедарӕджы къухы Вавилоны сахар уыди сыгъзӕрин кӕхц, ӕгас зӕхх дзы ныррасыг ис. Адӕмтӕ дзы сӕн нуӕзтой ӕмӕ сӕрра сты. 8Фӕлӕ Вавилон ӕвиппайды ӕрхауд ӕмӕ ныззыгуым ис. Дзыназут ыл! Йӕ хъӕдгӕмттӕн ын ӕвдадзы хос ӕрбахӕссут, чи зоны, ӕмӕ сдзӕбӕх уа». 9«Вавилонӕн нӕ хостӕ ницы баххуыс сты». «Ныууадзӕм ӕй, ӕмӕ алчидӕр йӕхи зӕхмӕ аздӕхӕд. Уымӕн ӕмӕ йӕ азар сӕххӕссыд уӕларвмӕ, ӕврӕгъты онг схӕццӕ ис». 10«Сраст нӕ кодта Дунедарӕг! Цомут ӕмӕ Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хъуыддӕгтӕ Сионы фехъусын кӕнӕм». 11Уӕ фӕттӕ сцыргъ кӕнут, байдзаг кӕнут уӕ фатдонтӕ! Дунедарӕг сцырен кодта Мидийы паддзӕхты, уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕрды ис Вавилоны сахар бабын кӕнын. Уый у Дунедарӕджы мастисӕн тӕрхон, Йӕ Кувӕндоны маст сӕ райсдзӕн. 12Уӕ тырыса сисут Вавилоны систы ныхмӕ! Уӕ хъахъхъӕнӕн мадзӕлттӕ фӕхуыздӕр кӕнут, хъалагъурты ӕрлӕууын кӕнут, рӕсӕнты бабадут! Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый бакӕндзӕн, Вавилоны цӕрджыты тыххӕй цыдӕриддӕр загъта, уыдӕттӕ сӕххӕст кӕндзӕн. 13Ды цӕрыс стыр цӕугӕдӕтты был. Дӕ хӕзнатӕ ӕнӕнымӕц сты, фӕлӕ ӕрцыди де сӕфт, адӕмы нал стигъдзынӕ. 14Уӕларвӕфсады Бардарӕг расомы кодта Йӕхицӕй: «Ӕз дӕ мӕтыхтау адӕмӕй байдзаг кӕндзынӕн, сӕ уӕлахизы хъӕр райхъуысдзӕн дӕ сӕрмӕ». 15Дунедарӕг Йӕ хъомысы фӕрцы сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзондӕй ӕрфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ. 16Уый куы фӕзӕгъы, уӕд рауары къӕвда, зӕххы кӕрӕттӕй ӕрбамбырд кӕны мигътӕ. Тӕрккъӕвдайы рӕстӕг Йӕ фӕндонӕй ферттивы арв, Йе’мбӕхсӕнтӕй рауадзы дымгӕ. 17Ӕдылытӕ сты адӕм, зонынад сӕм нӕй. Алы згъӕртайынгӕнӕг дӕр йӕхи худинаг кӕны йӕ джиппыуагъд гуымирытӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ хуыцаугӕндтӕ мӕнг сты, уд сӕ нӕй. 18Уыдон сты ницӕйаг ӕмӕ худӕг, сӕ тӕрхоны заман иууылдӕр фесӕфдзысты. 19Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр у йӕ хъысмӕт, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау сфӕлдыста ӕппӕт дӕр. Израилӕгтӕ сты Йӕ адӕм ӕмӕ Йӕ исбон, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. 20«Ды Мӕ дзӕбуг дӕ, Мӕ тохгӕнӕн хӕцӕнгарз! Ӕз-иу дӕуӕй басастон адӕмты, паддзахӕдтӕ-иу бабын кодтон. 21– 22Бӕхӕй, бӕхджынӕй, уӕрдонӕй, бӕхтӕрӕгӕй, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, зӕронд лӕгӕй, сывӕллонӕй, лӕппуйӕ, чызгӕй — дӕуӕй-иу сӕ ныддӕрӕн кодтон. 23Фыййауы ӕд рӕгъау, зӕхкусӕджы ӕд галтӕ, бӕстӕйы зылдтӕ ӕмӕ сахарты хицӕутты-иу дӕуӕй ныддӕрӕн кодтон». 24Вавилоны, халдейӕгты зӕххыл чиддӕриддӕр цӕры, уыдоны Ӕз, Сионы цы фыдракӕндтӕ фӕкодтой, уыдоны тыххӕй бафхӕрдзынӕн уӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг. 25О сафӕг хох, Ӕз сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕгас зӕхх сӕфтай, ӕмӕ дӕм ныр Ӕз Мӕ къух систон. Къӕдзӕхты сӕрӕй дӕ раппардзынӕн, сау ӕвзалы чи баци, ахӕм хох дӕ фестын кӕндзынӕн. 26Сис амайынӕн ӕмӕ бындур ӕвӕрынӕн дын дӕ дуртӕй ничи сисдзӕн, ӕнусмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзынӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. 27Ӕгас зӕххыл уӕ тырысатӕ сисут! Адӕмты’хсӕн сыкъауадындзтӕй ныууасут! Арарат, Минни ӕмӕ Ашкеназы паддзахӕдтӕм фӕсидут, цӕмӕй Вавилоны ныхмӕ схӕцой! Йӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн равзарут фӕтӕг! Уӕ бӕхтыл ӕм мӕтыхтау бабырсут! 28Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ срӕвдз кӕнут адӕмты: Мидийы паддзӕхтӕ, сӕ барджынтӕ ӕмӕ сӕ сахарты хицӕутты, стӕй, сӕ дӕлбар цы зӕххытӕ ис, уыдоны цӕрджыты. 29Зӕхх ӕнкъуысы ӕмӕ ризы, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ныридӕгӕн ӕххӕст кӕны, Вавилоны тыххӕй цы снысан кодта, уый: Вавилоны зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕнын, цӕрӕг дзы куыннӕуал баззайа, афтӕ. 30Нал тох кӕнынц вавилойнаг хӕстонтӕ, бадынц сӕ фидӕртты. Хъару сӕм нал ис, стӕппуд сты сылгоймӕгтау. Вавилоны хӕдзӕрттӕ басыгъдысты, се’вдузӕнтӕ сын ныссастой. 31Фӕдисон ивы фӕдисоны, фидиуӕг — фидиуӕджы, цӕмӕй Вавилоны паддзахӕн фехъусын кӕной, йӕ сахар иууылдӕр знаджы къухмӕ кӕй бахауд, 32знӕгтӕ донуайӕнтӕ кӕй бацахстой, фидӕрттӕ пиллон артӕй кӕй судзынц ӕмӕ хӕстонтыл фыр тӕссӕй ризӕг кӕй бахӕцыд, уыдӕттӕ. 33Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Вавилоны чызджы мусау ныннай кодтой, тагъд йӕ хуымгӕрдӕн афон ралӕудзӕн». 34Вавилоны паддзах Навуходоносор мӕ хордта ӕмӕ ӕхсыдта, афтид мигӕнӕн мӕ сарӕзта! Ныхъуырдта мӕ кӕфхъуындарау, бафсӕсти мӕ, йӕ гуыбын байдзаг кодта мӕнӕй, уый фӕстӕ мӕ фӕстӕмӕ скалдта. 35Сионы чызг зӕгъдзӕн: «Аргӕвста мӕ Вавилон!» Йерусалим дӕр дзурдзӕн: «Халдейӕгтӕ сӕхи самӕстой мӕ тугӕй». 36Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз дӕ сӕрыл рахӕцдзынӕн, дӕ маст дын райсдзынӕн. Ӕз сын сӕ денджыз ӕмӕ сӕ цӕугӕдӕттӕ байсысын кӕндзынӕн. 37Вавилон хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, хъӕддаг куыйтӕн — цӕрӕнбынат. Йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтаудзӕн ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн. 38Йӕ цӕрджытӕ домбӕйттау иууылдӕр иумӕ ныббогъ кӕндзысты, домбайы лӕппынтау рыхдзысты. 39Куы сызнӕт уой, уӕд сын Ӕз нозт ратдзынӕн, ныррасыг сӕ кӕндзынӕн, цӕмӕй схъӕлдзӕг уой ӕмӕ уый фӕстӕ ӕнусон фынӕй бауой, макуыуал райхъал уой, — зӕгъы Дунедарӕг. — 40Уӕрыччытӕ, сӕгътӕ ӕмӕ фыстау сӕ акӕндзынӕн ӕргӕвдынмӕ». 41Уӕ, мӕнӕ куыд бацахстой Шешах, ӕгас дунейы кад куыд басастой! Адӕмтыл тас бахӕцыд, Вавилонмӕ кӕсгӕйӕ. 42Вавилоны сӕрмӕ денджыз хӕрдмӕ фӕцыди, гуыргуыргӕнгӕ йӕ бамбӕрзтой йӕ уылӕнтӕ. 43Вавилоны сахартӕ сафтид сты, бахус ис йӕ зӕхх, ӕдзӕрӕг быдыр фестад, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззад, иу цӕуӕг ыл нал ис. 44Ӕз вавилойнаг Белы бафхӕрдзынӕн, цыдӕриддӕр аныхъуырдта, уыдон ын фӕстӕмӕ скалын кӕндзынӕн. Адӕмтӕ йӕм нал цӕудзысты, Вавилоны систӕ ныппырх уыдзысты. 45О мӕ адӕм, рацӕут Вавилонӕй! Дунедарӕджы стыр мастӕй уӕ удтӕ фервӕзын кӕнут! 46Ма фӕтӕрсут, бӕстӕйы цы уац айхъуысдзӕн, уымӕй. Иу аз хъусдзыстут дам-думтӕ, иннӕ аз дӕр — афтӕ: цыма зӕхх байдзаг уыдзӕн тыхмийӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ сыстдзысты. 47Афон куы ралӕууа, уӕд Ӕз вавилойнаг гуымирыты ныззыгуым кӕндзынӕн. Вавилоны зӕхх ӕгасӕй дӕр фӕхудинаг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ уӕлӕ мӕрдтӕ лӕзӕрдзысты. 48Арв, зӕхх ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныццин кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ Вавилонмӕ цӕгатӕй фӕзындзысты дӕрӕнгӕнджытӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — 49Бабын уыдзӕн Вавилон, уымӕн ӕмӕ уый израилӕгты мардта, ӕгас зӕххыл дӕр адӕмы фӕцагъта. 50О, карды цӕфӕй чи аирвӕзт, уыдон! Цӕугӕут, мауал кӕнут фӕстиат! Ма-иу ферох кӕнут Дунедарӕджы дард бӕстӕйы, Йерусалим уӕ зӕрдӕты ӕрцӕрӕд. 51Дунедарӕджы уаз Кувӕндонмӕ ӕцӕгӕлӕттӕ куы бацыдысты, уӕд мах сӕгад стӕм, хынджылӕггаг систӕм ӕмӕ худинаджы бын фестӕм. 52«Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Вавилоны гуымирыты бафхӕрдзынӕн, ӕгас бӕстӕйы цӕфты хъӕрзын хъуысдзӕн. 53Вавилон суанг уӕлӕрвтӕм куы сӕххӕсса ӕмӕ йӕ бӕрзонд мӕсгуытӕ куы бафидӕрттӕ кӕна, уӕд дӕр ӕм Ӕз дӕрӕнгӕнджыты ӕрбарвитдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг. 54Вавилонӕй райхъуысдзӕн ӕрдиаг, халдейӕгты зӕххӕй — ӕбуалгъ сӕфты уынӕр. 55Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Вавилоны бӕстӕ сафтид кӕндзӕн, йӕ сӕрыстыр хъӕлӕс ын бамынӕг кӕндзӕн. 56Вавилонмӕ фӕзындзӕни дӕрӕнгӕнӕг, йӕ хӕстонты йын уацары акӕндзысты, сӕ фӕттӕ сын ныссӕтдзысты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ фиды, ӕххӕстӕй сын сӕ бафиддзӕн. 57«Ӕз ын йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ куырыхонты, бӕстӕйы зылдты ӕмӕ сахарты хицӕутты, стӕй йӕ хӕстонты ныррасыг кӕндзынӕн, ӕнусон фынӕй бауыдзысты ӕмӕ никуыуал райхъал уыдзысты, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг». 58Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Вавилонӕн йӕ фӕтӕн систӕ зӕххимӕ сиу кӕндзысты, йӕ бӕрзонд кулдуӕрттӕ йын басудздзысты. Адӕмтӕ дзӕгъӕлы фӕкуыстой ӕмӕ сӕхи удхарӕй дзӕгъӕлы фӕмардтой, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр сыгъд ӕрцӕудзӕн». 59– 60– 61Иудейы паддзах Цедекиа цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд ӕм сӕйраг лӕггадгӕнӕгӕй куыста Махсейы фырты фырт, Нериайы фырт Серай. Пехуымпар Йеремиа, Вавилоныл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ӕрцыдаид — Вавилоны бӕстӕйы тыххӕй уӕлдӕр цы загъдӕуыд, уыдон иууылдӕр хицӕн чиныджы ныффыста ӕмӕ Серайӕн бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Вавилонмӕ куы бацӕуай, уӕд-иу ацы ныхӕстӕ иууылдӕр бакӕс. 62Зӕгъ-иу: „О Дунедарӕг! Ды сфӕнд кодтай ацы бынат фесафын, цӕмӕй дзы адӕм дӕр ӕмӕ сырдтӕ дӕр макуыуал ӕрцӕрой, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыр феста“. 63Куыддӕр чиныг бакӕсай, афтӕ-иу ыл дур бабӕтт ӕмӕ йӕ Евфраты астӕумӕ фехс. 64Уый фӕстӕ-иу зӕгъ: „Вавилон дӕр раст афтӕ аныгъуылдзӕн. Ӕз ын цы бӕллӕхтӕ бавзарын кӕндзынӕн, уыдоны фӕстӕ нал схӕцдзӕн йӕхиуыл, йӕ хъару фесӕфдзӕн“». Ацы ран пехуымпар Йеремиайы ныхӕстӕ фесты.
Copyright information for
OssIBT2022