Jeremiah 52
1Цедекиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыдис иу ӕмӕ ссӕдз азы. Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Йӕ мад уыди ливнӕйаг Йеремиайы чызг, йӕ ном — Хамутал. 2Цедекиа дӕр Иоакимау, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттыл бафтыд. 3Дунедарӕг афтӕ смӕсты ис Иудей ӕмӕ Йерусалиммӕ, ӕмӕ сыл Йӕхи атигъ кодта. Цедекиа Вавилоны паддзахы ныхмӕ сыстад. 4Цедекиайӕн йӕ хицаудзинадыл дӕсӕм аз куы цыд, уӕд дӕсӕм мӕйы дӕсӕм бон Йерусалиммӕ ӕрбабырста Вавилоны паддзах Навуходоносор йе’ппӕт ӕфсадимӕ. Сахарыл ӕртыхсти ӕмӕ йын йӕ алыварс хӕцӕн бырутӕ самайын кодта. 5Сахар знӕгты ахӕсты уыди Цедекиайы хицаудзинады иуӕндӕсӕм азмӕ. 6Цыппӕрӕм мӕйы фарӕстӕм бон сахары цӕрджытӕ сыдӕй мардысты, адӕммӕ, цы бахӕрой, уый нал уыди. 7Уыцы бон знӕгтӕ сахары сис басастой. Паддзахы дыргъдоны раз, дыууӕ сисы’хсӕн, уыди кулдуар. Кӕд халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, уӕддӕр хӕстонтӕ ӕхсӕвы иууылдӕр уыцы кулдуары уылты сахарӕй ралыгъдысты ӕмӕ Аравӕйы’рдӕм ацыдысты. 8Халдейӕгты хӕстонтӕ паддзах Цедекиайы фӕсте расырдтой ӕмӕ йӕ Йерихонмӕ хӕстӕг тъӕпӕныл баййӕфтой. Йемӕ цы хӕстонтӕ уыди, уыдон иууылдӕр алырдӕмты фӕлыгъдысты, 9йӕхи та йын ӕрцахстой ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой Вавилоны паддзахмӕ, Хаматы зӕхмӕ, Ривлайы сахармӕ. Уым ын паддзах Навуходоносор стӕрхон кодта. 10Ривлайы сахары Вавилоны паддзах Цедекиайӕн йӕ фыртты йӕхи раз амарын кодта, иудейаг уӕздӕтты се’ппӕты дӕр ныццагъта. 11Уый фӕстӕ Цедекиайӕн йӕ цӕстытӕ скъахта ӕмӕ йӕ хъадаманты акодта Вавилонмӕ. Суанг ӕй йӕ амӕлӕты бонмӕ ахӕстоны фӕдардта. 12Вавилоны паддзах Навуходоносор нудӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд фӕндзӕм мӕйы дӕсӕм бон хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, вавилойнаг паддзахы фӕсдзӕуинтӕй иу, ӕрбацыди Йерусалиммӕ. 13Уый басудзын кодта Дунедарӕджы хӕдзар, паддзахы галуан ӕмӕ Йерусалимы хӕдзӕрттӕ — стыр хӕдзӕрттӕ иууылдӕр саусыгъд бакодта. 14Хъахъхъӕнджыты хицауимӕ цы халдейаг хӕстонтӕ уыди, уыдон Йерусалимы систӕ дӕр ныззыгуым кодтой. 15– 16Мӕгуыртӕй иуӕй-иуты ӕмӕ, сахары цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, стӕй Вавилоны паддзахы къухмӕ йӕхи чи радта, уыдоны хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан иууылдӕр уацары акодта. Ӕрмӕст ма сӕндӕтты ӕмӕ быдырты кусынӕн мӕгуыртӕй иу цасдӕр ныууагъта. 17Халдейӕгтӕ ныппырх кодтой Дунедарӕджы хӕдзары ӕрхуы цӕджындзтӕ, бынӕнцайӕнтӕ ӕмӕ ӕрхуы денджыз. Ӕрхуы иууылдӕр аластой Вавилонмӕ. 18Ноджы ма райстой ӕгтӕ, ӕвгӕнӕнтӕ, ӕртыскӕнтӕ, кӕхцытӕ, куыситӕ — кувыны рӕстӕг цы мигӕнӕнтӕй пайда кодтой, уыдон иууылдӕр. 19Хъахъхъӕнджыты хицау йемӕ аласта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, уыдон: боцкъатӕ, будсудзӕнтӕ, кӕхцытӕ, ӕгтӕ, цырагъдарӕнтӕ, будсудзӕн куыситӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ. 20Дыууӕ цӕджындзы, стӕй, йӕ быны дыууадӕс ӕрхуы галы кӕмӕн уыд, уыцы ӕрхуы денджыз ӕмӕ бынӕнцайӕнтӕ Дунедарӕджы хӕдзарӕн саразын кодта паддзах Соломон. Уыдоны уый бӕрц ӕрхуы уыди, ӕмӕ йын сбарӕн дӕр нӕ уыд. 21Дыууӕ цӕджындзӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыди ӕстдӕс ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дыууадӕс ӕлмӕрины. Мидӕгӕй уыдысты афтид, сӕ къултӕ та — цыппар ӕнгуылдзы фӕтӕнӕн. 22Цӕджындзты сӕртыл уыди ӕрхуы кады худтӕ, алкӕцыйӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины. Кады худты алыварс — ӕрхуы хызӕг ӕмӕ гранаты дыргътӕ, уыдон дӕр — ӕрхуыйӕ конд. 23Цӕджындзты фӕрстыл уыди нӕуӕдз ӕхсӕз гранаты, ӕдӕппӕтӕй та хызӕгты алыварс — фӕйнӕ сӕдӕйы. 24Хъахъхъӕнджыты хицау уацары акодта алчер Серайы, Кувӕндоны дыккаг сауджын Софониайы ӕмӕ, Кувӕндонмӕ бацӕуӕн цы ӕртӕ лӕджы хъахъхъӕдтой, уыдоны. 25Ноджы ма сахарӕй ракодта ӕфсӕддон хицауы, паддзахы фӕсдзӕуинтӕй сахары чи баззад, уыцы авд лӕджы ӕмӕ, бӕстӕйы цӕрджыты ӕфсадмӕ чи фыста, уыцы нымӕрдары, стӕй ма, бӕстӕйы адӕмӕй сахары кӕй ссардта, уыцы ӕхсай лӕджы. 26Хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан сӕ ӕрбакодта Ривлайы сахармӕ, Вавилоны паддзахмӕ. 27Ӕмӕ Вавилоны паддзах Ривлайы сахары, Хаматы бӕстӕйы, се’ппӕты дӕр амарын кодта. Афтӕ иудейӕгтӕ ӕрвыст ӕрцыдысты сӕ зӕххӕй. 28Навуходоносор йӕ хицаудзинады ӕвдӕм аз уацары райста ӕртӕ мин дыууын ӕртӕ иудейаджы, 29Навуходоносор ӕстдӕсӕм аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд та Йерусалимӕй хаст ӕрцыдысты астсӕдӕ ӕртын дыууӕ адӕймаджы. 30Дыууын ӕртыккӕгӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд ма хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан иудейӕгтӕй ноджыдӕр уацары райста авдсӕдӕ цыппор фондз адӕймаджы, ӕдӕппӕтӕй — цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ. 31Иудейаг паддзах Йехониа ӕртын ӕвдӕм аз уацары куы уыди, уӕд Вавилоны бӕстӕйы паддзах сси Евил-Меродах. Дыууадӕсӕм мӕйы дыууын фӕндзӕм бон Иудейы паддзах Иоакимы йӕ хорзӕхы аккаг скодта ӕмӕ йӕ ахӕстонӕй рауагъта. 32Йемӕ хӕларӕй дзырдта ӕмӕ йӕ Вавилоны иннӕ паддзӕхтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта. 33Иоакимӕн йӕ ахӕстоны дарӕс раивын кодта, ӕмӕ йӕ царды кӕронмӕ паддзахимӕ иу фынгыл бадти. 34Суанг ӕй йӕ амӕлӕты бонмӕ вавилойнаг паддзах иу бон дӕр хъуаг ницӕмӕй ныууагъта.
Copyright information for
OssIBT2022