Jeremiah 6
1Бениамины байзӕддӕгтӕ, лидзгӕут Йерусалимӕй! Текоайы сыкъауадындзтӕй уасут, Бет-Керемы нысанӕн арт ссудзут, уымӕн ӕмӕ уӕм цӕгатӕй фӕзындзӕни бӕллӕх, ӕвирхъау сӕфт! 2Ӕз фесафдзынӕн Сионы чызджы, буцхаст ӕмӕ рӕсугъд чи у, уый. 3Ӕд рӕгъӕуттӕ йӕм ӕрбацӕудзысты фыййӕуттӕ, йӕ алыварс айтындздзысты сӕ цатыртӕ; алчидӕр дзы йӕ фос хиздзӕн йӕхи зӕххы хайыл». 4«Уӕхи срӕвдз кӕнут йӕ ныхмӕ хӕцынмӕ!Сыстут, ӕмбисбон араст уыдзыстӕм!» —
«Нӕй гӕнӕн, бон фӕфӕуы,
изӕры аууӕттӕ ӕрбадтысты!» —
5Сыстут ӕмӕ ӕмбисӕхсӕв ацӕуӕм,
ныппырх ын кӕнӕм йӕ фидӕрттӕ!
6Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Бӕлӕстӕ акалут ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ хӕцынӕн саразут бырутӕ. Ацы сахар баййафдзӕн ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ байдзаг ис ӕфхӕрдӕй. 7Донгуырӕны дон куыд пӕлхъ-пӕлхъ кӕны, уыйау фыдмитӕ, стыгъд ӕмӕ тыхми пӕлхъ-пӕлхъ кӕнынц сахары, Мӕ цӕстыты раз ӕдзух — цӕфтӕ ӕмӕ хъӕдгӕмттӕ! 8Йерусалим, дӕхи ӕрӕмбар, цӕмӕй дӕ Ме’ргом ма аздахон ӕмӕ дӕ ӕдзӕрӕг быдыр ма фестын кӕнон!» 9Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Израилӕй ма цы баззади, уыдон иууылдӕр сӕнӕфсирау, фӕстаг гагайы онг, ӕртондзысты. Сӕнӕфсир тонӕгау къалиутӕм баиваз дӕ къух!» 10Кӕмӕн дзурон, кӕмӕн амонон зонд, чи хъусдзӕн? Сӕ бон нӕу хъусын, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды. Уыдон ӕлгъ кӕнынц Дунедарӕджы ныхасыл, ӕнӕуынон сын у. 11Ӕз байдзаг дӕн Дунедарӕджы мастӕй, мӕ бон ӕй нал у уромын! «Сывӕллӕттыл, стӕй, уынджы чи ӕрӕмбырд, уыцы лӕппутыл ӕй ныккал! Нӕлгоймӕгтӕ ӕд устытӕ, стӕй, сӕ царды бонтӕ кӕмӕн фӕвӕййынц, уыцы зӕронд лӕгтӕ уацары бахаудзысты. 12Сӕ хӕдзӕрттӕ, сӕ быдыртӕ ӕмӕ сӕ устытӕ ӕцӕгӕлӕтты хай бауыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххы цӕрджыты ныхмӕ Мӕ къух сисдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — 13Иууылдӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕрмӕст ӕфтиагмӕ бӕллынц, пехуымпарӕй сауджыны онг мӕнгард сты сӕ хъуыддӕгтӕ. 14Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕх кӕнынц ӕнӕсӕрфатӕй, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, афтӕмӕй сабырдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. 15Ӕмӕ се’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы кӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Ӕмӕ уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл», — зӕгъы Дунедарӕг. 16Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Фӕндаг кӕм акъабуз ис, уыцы ран ӕрлӕуут ӕмӕ акӕсут уӕ алыварс. Рагон фӕндӕгты тыххӕй, раст фӕндаг кӕм ис, уымӕй ӕрфӕрсут ӕмӕ уыцы фӕндагыл цӕут, уӕд ӕнцой ссардзысты уӕ удтӕ. Фӕлӕ уыдон дзуапп лӕвӕрдтой: „Нӕ цӕудзыстӕм“. 17Ӕз сын сӕ сӕргъы хъахъхъӕнджыты сӕвӕрдтон ӕмӕ загътон: „Сыкъауадындзы уасынмӕ хъусут!“Фӕлӕ уыдон дзуапп радтой: „Нӕ хъусдзыстӕм“. 18Уӕдӕ байхъусут, адӕмтӕ! Ӕмбырды адӕм, базонут, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый! 19Байхъус, зӕхх! Ӕз ацы адӕмыл бӕллӕхтӕ’руадздзынӕн. Сӕхи фӕндтӕ сӕ расайдзысты, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ Ме’Гъдауыл сӕхи атигъ кодтой. 20Савайӕ Мын ласынц буд, дард бӕстӕй — хӕрздӕфгӕнаг хъӕз. Цӕмӕн Мӕ хъӕуынц уыдӕттӕ? Уӕ иууылсудзинӕгтӕ Мын ӕхсызгон не сты, хъыг Мын сты уӕ нывӕндтӕ». 21Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз ацы адӕмы размӕ ӕвӕрын цӕлхдуртӕ; фӕкӕлдзысты сыл, фесӕфдзысты фыдӕй, фыртӕй, сыхӕгтӕ сӕ хӕлӕрттимӕ бабын уыдзысты». 22Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатаг бӕстӕй ӕрбацӕуынц адӕм, зӕххы кӕрӕттӕй хъомысджын адӕм сыстадысты! 23Ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕй — ифтонг, ӕгъатыр ӕмӕ дурзӕрдӕ сты уыдон. Сӕ хъӕр у денджызы гуыр-гуырау, ӕфсӕддонтӕ хӕстӕввонгӕй згъорынц сӕ бӕхтыл дӕ ныхмӕ хӕцынмӕ, Сионы чызг!» 24Сӕ кой сын фехъуыстам ӕмӕ нӕ къухтӕ ӕруагътам, арӕг устытау фыр рыстӕй хъизӕмар кӕнӕм. 25Ма рацӕут быдыртӕм, фӕндӕгтӕм ма цӕут, уымӕн ӕмӕ алырдыгӕй дӕр — кардӕлвӕст знӕгтӕ, ӕвирхъау тас! 26Мӕ адӕмы чызг! Дӕ уӕлӕ сӕхъис скӕн, рыджы сӕвдул дӕхи! Дӕ иунӕг фыртыл кӕуӕгау дӕ сау цӕссыг згъал ӕмӕ дзыназ — ӕвиппайды нӕм фӕзындзӕн нӕ сафӕг. 27«Йеремиа, Ӕз дӕуӕй сарӕзтон згъӕртайынгӕнӕг, мӕ адӕмӕй та — згъӕрдур, цӕмӕй, сӕ хъуыддӕгтӕ цӕй аргъ сты, уый базонай. 28Уыдон иууылдӕр хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон сты, кӕрӕдзиуыл цъыфкалӕн кӕнынц ӕмӕ уый фӕрцы цӕрынц. Ӕрхуы ӕмӕ’фсӕйнагӕй уӕлдай не сты, иууылдӕр схъахбай сты. 29Куырдадзтӕ сзынг сты, зды батадис арты, фӕлӕ згъӕртайынгӕнӕг дзӕгъӕлы архайдта, — фыдгӕнджытӕ нӕ фӕхицӕн сты. 30Хъодыгонд ӕвзист сӕ схондзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕг Йе’ргом аздӕхта».
Copyright information for
OssIBT2022