Jeremiah 7
1Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: 2«Дунедарӕджы хӕдзары кулдуары раз ӕрлӕуу ӕмӕ фехъусын кӕн: „Ӕгас Иудей, уе’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъусут! Ацы кулдуарыл Дунедарӕгӕн бакувынмӕ чидӕриддӕр ӕрбацӕуы, уыдон иууылдӕр хъусӕнт!“» 3Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут, ӕмӕ уӕ Ӕз ацы зӕххыл цӕргӕйӕ ныууадздзынӕн. 4Уӕ зӕрдӕ ма дарут мӕнг ныхӕстыл: „Ам ис Дунедарӕджы Кувӕндон!“ 5Уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ куы сраст кӕнат ӕмӕ алкӕмӕн дӕр раст тӕрхон куы кӕнат, 6ӕндӕрбӕстаг, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы куы не’фхӕрат, ацы бынаты ӕнаххос адӕмы туг куынӕ калат ӕмӕ уӕхи фыдӕнӕн ӕндӕр хуыцӕуттӕм куынӕ куват, 7уӕд уӕ Ӕз ацы ран, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл, мыггагмӕ цӕргӕйӕ ныууадздзынӕн. 8Сайӕн ныхӕстыл уӕ зӕрдӕ дарут, фӕлӕ уын уыдон ницы пайда ӕрхӕсдзысты. 9Сымах давут, марут, хӕтут, мӕнг сомытӕ кӕнут, Баалӕн буд судзут ӕмӕ, кӕй нӕ зыдтат, уыцы ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувут. 10Уый фӕстӕ ӕрбацӕут ӕмӕ, Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис, уым Мӕ разы ӕрлӕуут ӕмӕ фӕзӕгъут: „Мах фервӕзтыстӕм!“— цӕмӕй та дарддӕр ӕппӕт уыцы ӕлгъаг митӕ кӕнат. 11Ӕмӕ, Мӕ ном цы хӕдзар хӕссы, уый, сымахмӕ гӕсгӕ, абырджыты лӕгӕт сси?! Ӕз уыдӕттӕ иууылдӕр уынын! — зӕгъы Дунедарӕг. 12— Уӕдӕ ацӕут Силоммӕ, Мӕ номӕн раздӕр цы бынат снысан кодтон, уырдӕм: Мӕ адӕмы, Израилы, фыдракӕндты тыххӕй Силомӕн цытӕ бакодтон, уый фенут. 13Ӕмӕ ныр, ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй кӕнут, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕд ӕмӕ уын Ӕз ӕдзухдӕр дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат, сидтӕн уӕм, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат, 14уый тыххӕй Ӕз, Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис ӕмӕ уӕ зӕрдӕ кӕуыл дарут, уымӕн, стӕй, сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕн, Силомӕн цы бакодтон, уый бакӕндзынӕн! 15Ме’ргом уӕ аздахдзынӕн, уе’фсымӕрты, Ефремы байзӕддӕгты, Мӕхицӕй куыд аппӕрстон, афтӕ. 16Ды та ацы адӕмы тыххӕй мауал кув, ма Мӕм хат ӕмӕ Мын ма лӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕм Ӕз нӕ хъусдзынӕн. 17Ау, Иудейы сахарты ӕмӕ Йерусалимы уынгты цытӕ кӕнынц, уый нӕ уыныс? 18Сывӕллӕтӕ сугтӕ ӕмбырд кӕнынц, сӕ фыдӕлтӕ арт ссудзынц, сылгоймӕгтӕ та хыссӕ скӕнынц, цӕмӕй уӕларвы ус-хуыцауӕн гуылтӕ фыцой. Цӕмӕй Мӕн смӕсты кӕной, уый тыххӕй ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн ӕмӕ сойы хуынтӕ ӕрбахӕссынц. 19Фӕлӕ уыдӕттӕ Мӕ фыддӕрагӕн кӕнынц? — зӕгъы Дунедарӕг. — Сӕхи фыдӕнӕн — сӕ худинагӕн!» 20Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Мӕ маст ныккӕлдзӕн ацы бынатыл, адӕм ӕмӕ фосыл, быдираг бӕлӕстӕ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл, ссудздзӕн ӕмӕ нал ахуысдзӕн!» 21Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уӕ иннӕ нывӕндтимӕ-иу иууылсудзинӕгтӕ дӕр хӕссут ӕмӕ дзидза хӕрут. 22Фӕлӕ уӕ Мысырӕй куы ракодтон, уӕд Ӕз уӕ фыдӕлтӕн иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндты тыххӕй ницы бафӕдзӕхстон. 23Ӕрмӕст сын бафӕдзӕхстон: „Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут, ӕмӕ Ӕз уыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та — Мӕ адӕм. Цы уын фӕдзӕхсон, уыдӕттӕ кӕнут ӕмӕ ӕнӕмастӕй цӕрдзыстут“. 24Фӕлӕ уыдон нӕ байхъуыстой, хивӕнд ӕмӕ нӕсӕттон уыдысты, се’ргомы бӕсты Мӕм сӕ чъылдым раздӕхтой. 25Уӕ фыдӕлтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕдӕй абонмӕ уӕм бонӕй-бонмӕ, ног ӕмӕ ногӕй ӕрвыстон Мӕ лӕггадгӕнджыты — пехуымпарты. 26Фӕлӕ Мӕм нӕ хъуыстат, хивӕнд уыдыстут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фестут. 27Ӕппӕт уыдӕттӕ сын куы дзурай, уӕд дӕм нӕ байхъусдзысты, сиддзынӕ сӕм, фӕлӕ дын дзуапп нӕ ратдзысты. 28Уӕд-иу сын зӕгъ: „Мӕнӕ, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, коммӕ чи нӕ кӕсы ӕмӕ зондамындмӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕм! Фесӕфти рӕстдзинад, се’взагӕй фӕцыдӕр!“ 29Дӕ дадалитӕ акъуыр ӕмӕ сӕ фехс! Къуыбыртыл хъарӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ацы фӕлтӕрӕй, чи Йӕ смӕсты кодта, уыдонӕй Йе’ргом аздӕхта! 30Иудейы цот Мӕ разы фыдракӕндтӕ кӕнынц, — зӕгъы Дунедарӕг. — Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис, уым се’лгъӕгтӕ сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ фӕчъизи кодтой. 31Хинномы фырты дӕлвӕзы, Тофеты, кувӕн къуыбыртӕ скодтой, цӕмӕй дзы сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты нывондӕн хӕссой. Уый сын Ӕз нӕ бафӕдзӕхстон! Нӕу Мын ӕхцон! 32Ӕрцӕудзӕн ахӕм заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ уыцы бынат Тофет ӕмӕ Хинномы фырты дӕлвӕз нал хондзысты, фӕлӕ Ӕргӕвдӕн тӕрф, ӕмӕ Тофеты зӕххыл ингӕнтӕн бынат нал фаг кӕндзӕн. 33Ацы адӕмы мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холлаг суыдзысты, ӕмӕ сӕ иуварс асурӕг нӕ уыдзӕн. 34Иудейы сахарты ӕмӕ Йерусалимы уынгты цин ӕмӕ бӕрӕгбоны уынӕрӕн Ӕз кӕрон скӕндзынӕн. Усгур ӕмӕ чындзы хъӕлӕстӕ нал хъуысдзысты, ацы зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн.
Copyright information for
OssIBT2022