Jeremiah 8
1Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзӕхты ӕмӕ стыр хицӕутты стджытӕ, стӕй сауджынты, пехуымпарты ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты стджытӕ ингӕнтӕй раппардзысты. 2Хур ӕмӕ мӕйы, стӕй ӕппӕт уӕларвон ӕфсады — кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой ӕмӕ кӕй фӕдыл цыдысты, кӕй фарстой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын сӕ ныххӕлиу кӕндзысты. Ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты. 3Уыцы фыд адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдоны Ӕз кӕдӕмфӕнды куы фӕсурон — алы ран дӕр сын мӕлӕт цардӕй бӕллиццагдӕр суыдзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. 4Зӕгъ сын: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ау, адӕймаг куы’рхауа, уӕд фӕстӕмӕ сыстыныл нӕ архайдзӕн; йӕ фӕндагӕй чи адзӕгъӕл вӕййы, уый фӕстӕмӕ нӕ раздӕхы? 5Уӕдӕ ацы адӕм Мӕнӕй се’ргом цӕмӕн аздӕхтой, Йерусалим ӕдзух хъеллау цӕмӕн кӕны? Мӕнгдзинадыл фидар хӕцынц, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй. 6Лӕмбынӕг сӕм хъуыстон, фӕлӕ рӕстдзинад нӕ дзурынц, йӕ фыдракӕндтыл дзы иу дӕр нӕ фӕсмон кӕны. Цы бакуыстон, зӕгъгӕ, ничи дзуры, цыма бӕх тохы быдыры размӕ ныййарц вӕййы, уыйау алчидӕр йӕхи фӕндагмӕ згъоры. 7Къадз дӕр ма арвыл йӕ рӕстӕг зоны, бӕлон, зӕрватыкк ӕмӕ хърихъупп дӕр зонынц се’ртӕхыны афон. Мӕ адӕм та Дунедарӕджы’гъдӕуттӕ нӕ зонынц! 8Куыд у уӕ бон афтӕ дзурын: „Мах куырыхон стӕм, Дунедарӕджы Ӕгъдау немӕ ис“? Динамонджыты мӕнг ныхӕстӕ уыцы Ӕгъдау дӕр смӕнг кодтой! 9Куырыхонтӕ фӕхудинаг сты, тас сыл бахӕцыд ӕмӕ къӕппӕджы бахаудысты. Цӕй мидӕг ис сӕ уӕлзонд, кӕд ӕмӕ Дунедарӕджы ныхасӕй се’ргом аздӕхтой, уӕд? 10Уый тыххӕй сын Ӕз сӕ устыты ӕндӕртӕн ратдзынӕн, сӕ быдыртӕ та — ног хицӕуттӕн. Уымӕн ӕмӕ стырӕй, чысылӕй мулкмондаг сты, сауджынӕй, пехуымпарӕй — мӕнгард. 11Ӕнӕсӕрфатӕй дзӕбӕх кӕнынц Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕ, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, афтӕмӕй сабырдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. 12Ӕмӕ се’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы фӕкӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл, — зӕгъы Дунедарӕг. 13Ӕз сын сӕ тыллӕг бабын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — сӕнӕфсиры талайыл иунӕг цупал дӕр нал баззайдзӕн, легъуи бӕласыл дыргъ нӕ фӕзындзӕн, бахус уыдзӕн йӕ сыфтӕр. Цыдӕриддӕр сын радтон, уыдон сӕ фӕстӕмӕ байстӕуыдзӕн». 14«Цӕмӕн кӕнӕм фӕстиат? Ӕрӕмбырд ут, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм фӕлидзӕм ӕмӕ уым ӕнцой ссарӕм нӕхицӕн! Фесафын нӕ сфӕнд кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, маргджын дон нын дары, уымӕн ӕмӕ Йӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам. 15Сабыр цардыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, фӕлӕ хорзӕй ницы уынӕм, сдзӕбӕхмӕ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ фӕзынд ӕвирхъау тас! 16Данӕй бӕхты хуыррыт хъуысы, зӕхх нынкъуысы уырсыты мыр-мырӕй! Ӕрбацыдысты знӕгтӕ, ныхъуырынц зӕхх, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕд цӕрджытӕ». 17«Ӕз уӕм ӕрвитын маргджын кӕлмыты, кӕлӕнтӕ сыл нӕ тых кӕнынц, хӕцдзысты уыл», — зӕгъы Дунедарӕг. 18«О, удхарӕй мӕлын, мӕ зӕрдӕ риссы! 19Дард бӕстӕй Мӕ адӕмы ӕрдиаг хъуысы: „Ау, Сионы Дунедарӕг нӕй? Ау, Паддзах дзы нал ис?“» «Цӕмӕн Мӕ мӕсты кодтой сӕ гуымирытӕй, ӕндӕрбӕстаг мӕнг хуыцӕуттӕй?» 20«Хуымгӕрдӕн афон нал у, сӕрд фӕци, фӕлӕ мах нӕма фервӕзтыстӕм». 21«Хъӕрзын мӕ адӕмы цӕфтӕй! Саудалынг мыл ӕртыхсти, стыр тас мыл бахӕцыд. 22Ау, Галаады ӕвдадзы хос нӕй? Ау, иу дохтыр дзы нал ис? Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхы амал цӕуылнӕ ис?»
Copyright information for
OssIBT2022