Jeremiah 9
1Мӕ сӕр куы фестид ӕнӕхъӕнӕй цӕссыгтӕ,мӕ цӕстытӕ — цӕссыгдоны гуырӕн,
ӕхсӕвӕй-бонӕй уӕд дзыназин ӕз
мӕ адӕмӕн сӕ мӕрдтыл!
2Ӕдзӕрӕг быдыры цӕрӕнбынат куы ссарин,
уӕд ацӕуин, мӕ адӕмы ныууадзин.
Се’ппӕт дӕр — хъахбайтӕ,
гадзрахатӕйцӕуджыты дзуг!
3«Мӕнг ныхӕстӕ дзурынӕн се’взӕгтӕ фатау нылвӕстой, мӕнгдзинады фӕрцы стыхджын сты зӕххыл. Сӕ фыдбылызтӕн нӕй кӕрон. Нӕ зонынц Мӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — 4Алчи йӕ хӕларӕй дӕр хъахъхъӕнӕд йӕхи, ӕфсымӕрыл дӕр ма ӕууӕндут. Алы ӕфсымӕр дӕр — фӕлитой, алы хӕлар дӕр — цъыфкалӕг. 5Алчи йе’мбалы сайы ӕмӕ йын раст ныхас нӕ дзуры. Се’взӕгтӕ ахуыр сты мӕнгдзинадыл. 6Ды цӕрыс мӕнгарддзинады ӕхсӕн, мӕнгард сты, Мӕн зонын сӕ нӕ фӕнды», — зӕгъы Дунедарӕг. 7Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз сӕ стайын кӕндзынӕн, бафӕлвардзынӕн сӕ! Уӕдӕ ӕндӕр Мӕ адӕмӕн цы бакӕнон? 8Се’взаг — мӕлӕтдзаг фат, сӕ дзыхтӕ — семыдзаг мӕнгдзинадӕй. Сыхаджы ӕрмӕст дзыхы ныхасӕй уарзынц, сӕ мидзӕрдӕйы та сӕвӕрынц ахсӕн хызтӕ. 9Ау, Ӕз сӕ уый тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн?» 10Кӕудзынӕн хӕхтыл, хъарӕг сыл кӕндзынӕн, дзыназдзынӕн тыгъд быдырты сӕрвӕттыл! Басыгъдысты, иу цӕуӕг сыл нал ис, нал хъуысы фысты дзугты бӕгъ-бӕгъ. Уӕларвон мӕргътӕ фӕтахтысты, ныххӕлиу сты сырдтӕ. 11«Йерусалимы сахар Ӕз хӕлддзӕгты кӕри фестын кӕндзынӕн, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат. Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, цӕрӕг сӕ нал ныууадздзынӕн». 12Уыдӕттӕ бамбарыны фаг уӕлзонд кӕмӕ ис? Кӕимӕ дзырдта Дунедарӕг, ӕппӕт адӕттӕ йӕ бон бамбарын кӕнын кӕмӕн у, уыцы адӕймаг чи у? Цӕмӕн бабын ис ацы зӕхх? Ӕдзӕрӕг быдырау цӕмӕн басыгъд, иу цӕуӕг ыл цӕуылнӕуал ис? 13Дунедарӕг загъта: «Ӕз сын цы Ӕгъдау радтон, уый кӕй нал ӕххӕст кодтой, кӕй Мӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ Ме’Гъдаумӕ гӕсгӕ кӕй нӕ цардысты, уый тыххӕй. 14Хивӕнд уыдысты ӕмӕ Баалтӕн лӕггад кодтой, сӕ фыдӕлтӕй куыд сахуыр сты, афтӕ». 15Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз ацы адӕмӕн скъӕлдзо бахӕрын кӕндзынӕн, маргджын дон сын бадардзынӕн. 16Сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты’хсӕн сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн, цалынмӕ бынтондӕр сыскъуыйой, уӕдмӕ сӕ кардимӕ сурдзынӕн». 17Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ахъуыды кӕнут, хъарӕггӕнӕг устытӕм фӕдзурут, уадз ӕмӕ ӕрбацӕуой. Хъарӕг кӕнынмӕ сӕ дӕсныдӕр чи у, уыдонмӕ арвитут, уадз ӕмӕ ӕрбацӕуой». 18Рӕвдздӕр ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ ныл ныхъхъарӕг кӕнӕнт, нӕ цӕссыг цӕстытӕй куыд фемӕхса ӕмӕ фыр куыдӕй суадӕттау куы акӕла, афтӕ! 19Сионӕй хъуысы хъарӕг: «О, додой! Мӕнӕ нӕ куыд бастыгътой! Мӕнӕ куыд фӕхудинаг стӕм! Фӕцӕуӕм нӕ зӕххӕй, ныппырх сты нӕ хӕдзӕрттӕ!» 20Сылгоймӕгтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Хъусут Ын Йӕ ныхӕстӕм лӕмбынӕг! Уӕ чызджыты хъарӕг кӕнын сахуыр кӕнут, кӕрӕдзийӕн зӕрдӕриссӕн зарджытӕ амонут! 21Мӕлӕт мидӕмӕ хизы нӕ рудзгуытӕй, бырсы нӕ галуантӕм; уынгты нын цӕгъды нӕ сабиты, фӕзты нын мары нӕ лӕппуты. 22Фехъусын сын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Адӕмы мӕрдтӕ, быдырты цы фаджыс фӕлӕзӕры, хуымгӕрдӕг йӕ фӕстӕ цы мӕнӕуы куыристӕ ныууадзы, уыдонау зӕххыл лӕзӕрдзысты, чи сӕ ӕрӕмбырд кӕна, уый нӕ уыдзӕн». 23Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Куырыхон хъал ма уӕд йӕ зондӕй, тыхджын — тыхӕй, хъӕздыг — йӕ мулкӕй. 24Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый Мӕн кӕй зоны ӕмӕ Мӕн кӕй ӕмбары, уымӕй ӕппӕлӕд. Ӕз, Дунедарӕг, зӕххыл аразын хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ раст тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мын уыдӕттӕ ӕхсызгон сты», — зӕгъы Дунедарӕг. 25«Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз, ӕрмӕстдӕр буары сунӕт чи скодта, уыдонӕн стӕрхон кӕндзынӕн. 26Ӕз бафхӕрдзынӕн Мысыр ӕмӕ Иудейы, Едом ӕмӕ Аммоны фыртты, Моав ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цӕрджыты — сӕ къӕмисӕнтӕ ӕлвынӕг адӕмы. Иннӕ адӕмтӕ сунӕтгонд не сты, фӕлӕ Израил дӕр йӕ зӕрдӕйӕн сунӕт не скодта».
Copyright information for
OssIBT2022