‏ Job 1

Ӕнаипп ӕмӕ раст Иов

1Бӕстӕйы, Уц, зӕгъгӕ, уым, цардис иу лӕг, йӕ ном — Иов. Ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, Хуыцауы тас ӕм уыди ӕмӕ йӕхи хызта исты фыддзинад ракӕнынӕй. 2Цотӕй йын рацыди авд фырты ӕмӕ ӕртӕ чызджы. 3Авд мины йӕм фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ уыди, ӕртӕ мины — теуатӕ, фондзсӕдӕ — сыл хӕрджытӕ, фондзсӕдӕ цӕды — галтӕ. Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтӕ йын йӕ хабӕрттӕ кодтой, йӕхицӕй номдзыддӕр нӕ уыди Скӕсӕны.

4Иовы фырттӕ-иу радгай куы иу ӕфсымӕры хӕдзары ӕрӕмбырд сты, куы иннӕйы, фынг-иу ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ-иу сӕ хотӕм фӕдзырдтой, цӕмӕй иумӕ фынгыл абадой. 5Сӕ куывды бонтӕ-иу куы ахицӕн сты, уӕд-иу сӕм кӕддӕриддӕр Иов йӕхимӕ фӕсидти, цӕмӕй сын Хуыцаумӕ скува. Райсомӕй-иу раджы сыстади ӕмӕ-иу сӕ алкӕй тыххӕй дӕр иууылсудзинаг нывонд ӕрхаста. Уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодта Иов: «Кӕд, мыййаг, мӕ фырттӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ Хуыцауы фӕхъыг кодтой ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын сты?» Ӕмӕ кӕддӕриддӕр афтӕ кодта.

Дунедарӕг сайтанӕн дӕтты Иовы бавзарыны бар

6Иу бон Хуыцауы фырттӕ
Хуыцауы дӕлбар уӕлимонтӕ.
Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты, сайтан дӕр — се’хсӕн.
7Дунедарӕг ӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдтӕ?» Уый загъта: «Зӕххы цъарыл ӕрзылдтӕн, кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ басгӕрстон». 8«Ӕмӕ уӕд мӕ цагъар Иовыл дӕ цӕст не’рхӕцыд? — бафарста Дунедарӕг. — Зӕххыл уый хуызӕн ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг нӕй. Хуыцауы тас ӕм ис, ӕмӕ исты фыд ракӕнынӕй йӕхи хизы». 9«Ӕнӕпайда куынӕ у Иовӕн Хуыцауы тас», — дзуапп радта уый Дунедарӕгӕн. — 10Исты йын Ды нӕ аудыс йӕхиуыл дӕр, йӕ бинонтыл дӕр ӕмӕ йӕ исбоныл дӕр? Арфӕгонд у Дӕуӕй йӕ къухты фӕллой, ӕмӕ йӕ фосы рӕгъӕуттӕ бӕстыл нал цӕуынц. 11Уӕдӕ ма йын, цы йӕм ис, уымӕ фӕцагай, кӕддӕра Дӕ нӕ ралгъитид!

12«Цыдӕриддӕр ӕм ис, уымӕй дӕ бар ис, — загъта Дунедарӕг, — фӕлӕ йын йӕхимӕ ма февнал». Ӕмӕ уыйадыл сайтан ацыди Дунедарӕджы цурӕй.

13Иу бон та Иовы фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ сӕ хистӕр ӕфсымӕры хӕдзары цӕл кодтой, сӕн нуӕзтой. 14Уалынджы Иовмӕ хабаргӕнӕг фӕци: «Галтӕ быдыры хуым кодтой, сыл хӕрджытӕ уыдонӕй чысыл ӕддӕдӕр хызтысты, 15афтӕ ӕваст савайӕгтӕ ӕрбалӕбурдтой ӕмӕ сӕ атардтой. Дӕ кусджытӕ иууылдӕр карды комыл ӕфтыд фесты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».

16Уый йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕндӕр хабархӕссӕг ӕрбалӕууыди: «Арвӕй Хуыцауы зынг ӕрхауд, фысвос ӕмӕ ӕххуырстыты саусыгъд бакодта. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон». 17Уый дзырд нӕма фӕци, афтӕ та ӕндӕр хабархӕссӕг ӕрбалӕууыди: «Ӕртӕ къордӕй ӕрбалӕбурдтой халдейӕгтӕ ӕмӕ теуаты атардтой. Кусджытӕ карды комыл ӕфтыд фесты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон». 18Уый дзырд нӕма фӕци, афтӕ та ӕндӕр хабархӕссӕг ӕрбалӕууыди: «Дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ сӕ хистӕр ӕфсымӕры хӕдзары цӕл кодтой, сӕн нуӕзтой. 19Ӕвиппайды ӕдзӕрӕг быдырӕй тыхдымгӕ ӕрбацыди, хӕдзары цыппар фисынмӕ фӕлӕбурдта. Хӕдзар ныккалдис ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдон фӕмард сты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».

Бирӕбыхсаг Иов

20Сыстади Иов, йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, йӕ сӕр ныддаста
Сау дарыны нысан рагон Израилы.
. Зӕххыл ныддӕлгом ис
21ӕмӕ загъта: «Мадард бӕгънӕгӕй рацыдтӕн мӕ мады гуыбынӕй ӕмӕ уырдӕм дӕр мадард бӕгънӕгӕй ацӕудзынӕн: Дунедарӕг радта, Дунедарӕг айста. Арфӕгонд уӕд Йӕ ном!» 22Уыимӕ ницы тӕригъӕды бацыди Иов, ницы азым ӕрхаста Хуыцаумӕ.
Copyright information for OssIBT2022