Job 10
1Цардӕй мӕ зӕрдӕ фӕцъӕх ис,ӕмӕ куыннӕ кӕнон хъарджытӕ?
Мӕ уды хъизӕмар раргом кӕндзынӕн.
2Хуыцауӕн зӕгъдзынӕн:
тӕрхон рахӕссынмӕ тагъд ма кӕн,
мӕ азым уал мын бамбарын кӕн!
3Хорз Дӕм кӕсы
Де сконд адӕймаджы’фхӕрын
ӕмӕ йыл Дӕхи тигъ кӕнын,
ӕнаккӕгтыл та аудын?
4Исты Дын адӕймаджы цӕстытӕ ис,
ӕмӕ Ды дӕр адӕймагау кӕсыс?
5Исты Дӕ бонтӕ адӕймаджы бонтау сты,
Дӕ азтӕ — адӕймаджы азтау?
6Аххос мӕм цы агурыс,
тӕригъӕд мӕм ссарыныл цы архайыс?
7Зоныс ӕй, азымджын кӕй нӕ дӕн,
фӕлӕ мӕ Дӕ къухтӕй
ничи фервӕзын кӕндзӕн.
8Дӕ къухтӕ мыл бафыдӕбон кодтой,
Дӕхи къухӕй мӕ скодтай,
афтӕмӕй мӕ ныр Дӕхи къухӕй сафыс.
9Цыма ӕлыг дӕн, уыйау мӕ куыд арӕзтай,
уый Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн —
ныр мӕ фӕстӕмӕ
рыг куыд хъуамӕ фестын кӕнай?
10Ӕркодтай мӕ ӕхсырау,
къӕдорау мӕ сбӕзджын кодтай.
11Фыд ӕмӕ цармӕй, стӕг ӕмӕ нуарӕй
сифтонг дӕн.
12Цард мын балӕвар кодтай,
ӕдзух мыл аудыдтай,
ӕмӕ Дӕуыл лӕууыди мӕ уд.
13Фӕлӕ мӕнӕ ис, цы сусӕг кодтай, уый,
зонын дын Дӕ фӕндон.
14Тӕригъӕд мын нӕ ныббардзынӕ,
мӕ рӕдыд мын нӕ ныххатыр кӕндзынӕ.
15Кӕд аххосджын дӕн,
уӕд — додой мӕ къона!
Кӕд мӕм азымӕй ницы ис,
уӕддӕр мӕ сӕр хӕрдмӕ сисын
нӕ бауӕнддзынӕн.
Къӕхты бынмӕ’рхаудтӕн,
худинаджы бын фӕдӕн,
мастӕй мӕ хъуырмӕ сдӕн.
16Мӕ мӕстытӕ къаддӕр нӕ кӕнынц.
Куыддӕр мӕхиуыл хӕрдмӕ схӕцын, —
домбайау мыл Дӕхи ныццӕвыс.
17Ног ӕмӕ ногӕй мӕ азымджын кӕныс,
Дӕ маст карзӕй-карздӕр кӕны,
фыдбылызтӕ иу иннӕйы фӕдыл
сыстадысты мӕ ныхмӕ.
18Дунейы рухс мын
цӕмӕн фенын кодтай?
Фӕлтау куы амардаин —
уӕд мӕ никӕй цӕст федтаид!
19Фӕлтау мӕ мады гуыбынӕй
комкоммӕ ингӕнмӕ куы бахаудаин,
цыма дунейыл мӕ кой дӕр нӕ уыди, афтӕ!
20Ӕз бирӕ нал ахӕсдзынӕн, ныууадз мӕ, —
иу чысыл уӕддӕр фӕхӕцон мӕхиуыл,
21цалынмӕ ӕнустӕм нӕ ацыдтӕн
саудалынг бӕстӕм,
22рухсы цъыртт кӕм нӕй,
рухс дӕр талынджы хуызӕн кӕм у, уырдӕм».
Copyright information for
OssIBT2022