Job 11
Цофары фыццаг ныхас
1Ӕмӕ йын дзуапп радта Цофар, наамайаг:2«Дӕргъвӕтин ныхасӕн дзуапп нӕй, ӕнхъӕлыс?
Бирӕ чи дзуры, дӕумӕ гӕсгӕ, раст уый вӕййы?
3Дӕ дзӕгъӕлдзырдмӕ дын хъуамӕ хъусӕй лӕууӕм,
куы нӕ хъазай, уӕд дын макӕ мачи зӕгъа?
4Афтӕ дӕм кӕсы, цыма рӕстытӕ дзурыс
ӕмӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг дӕ.
5Фӕлӕ ныр, тӕхуды,
Хуыцау исты куы сдзурид
ӕмӕ дын дзуапп куы раттид,
6Уӕлзонды сусӕгтӕ —
уӕлзонд бирӕвӕрсыг у —
дын куы раргом кӕнид,
уӕд базонис, дӕ тӕригъӕдтӕ дын Хуыцау
ӕгӕр хорз дӕр ма кӕй бары, уый.
7Хуыцауы ды куыд хъуамӕ раиртасай,
Ӕппӕтхъомысы
ӕххӕстӕй куыд хъуамӕ бамбарай?
8Уый арвӕй уӕлдӕр у.
Куыд ӕм сӕххӕсдзынӕ?
Мӕрдтыбӕстӕй арфдӕр у.
Куыд ӕй базондзынӕ?
9Зӕххӕй ӕгӕрондӕр,
фурдӕй фӕтӕндӕр у Уый.
10Кӕмӕ фӕкомкоммӕ уа
ӕмӕ ахӕстоны кӕй бакӕна,
уымӕн цы йӕ бон у?
11Уый зоны мӕнгӕрдты;
тӕригъӕд куы фена,
уӕд ӕй афтӕ куыд ныббардзӕн?
12Адӕймаг йе’нӕзондӕй
зондджын ныхӕстыл схӕцы,
афтӕмӕй хъӕддаг хӕрӕгӕй уӕлдай
ницы ӕмбары.
13Дӕхи куы ӕрӕмбарай
ӕмӕ Йӕм, лӕгъстӕгӕнгӕ,
дӕ цӕнгтӕ куы ивазай,
14дӕ тӕригъӕдтӕй куы фервӕзай,
дӕ цатырты аипджынӕй
куы ницыуал ныууадзай,
15уӕд ӕнӕкъӕмдзӕстыгӕй
равдисдзынӕ дӕ цӕсгом,
фидар лӕудзынӕ дӕ къӕхтыл,
ӕмӕ дӕ ницы тас уыдзӕни.
16Ферох дӕ уыдзысты уӕд
дӕ хъизӕмӕрттӕ,
чи акалди, уыцы донау
нал ӕрлӕудзысты дӕ зӕрдыл.
17Бонрӕфтау ныййирд уыдзӕни дӕ цард,
сӕуӕхсидау срухс уыдзӕни дӕ цӕсгом.
18Ӕрсабыр уыдзынӕ, ныфс дӕ бацӕудзӕни,
тас дын ницӕмӕй уыдзӕн,
ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй бафынӕй кӕндзынӕ.
19Дӕхицӕн ӕнцад хуысдзынӕ,
ӕмӕ дын тас никӕмӕйуал уыдзӕн,
бирӕтӕ дӕ зӕрдӕ балхӕныныл архайдзысты.
20Ӕнаккӕгтӕн та сӕ цӕстыты рухс ахуысдзӕн,
сӕ сӕр кӕм бафснайой, уый сын нӕ уыдзӕн,
сӕ зӕрдӕдарӕн фесӕфдзӕн».
Copyright information for
OssIBT2022