Job 12
Иовы дзуапп Цофарӕн
1Ӕмӕ дзуапп радта Иов:2«Лӕгтӕ, ӕцӕгдӕр, сымах стут
ӕмӕ, куы амӕлат, уӕд ӕппӕт бӕсты зонд
мӕрдтӕм уемӕ ахӕсдзыстут!
3Мӕныл дӕр сымахау сӕр ис, ӕмӕ
ӕз дӕр сымахӕй ницӕмӕй дӕлдӕр дӕн,
стӕй ӕппӕт уыдӕттӕ чи нӕ зоны?
4Мӕ хӕлӕрттӕ мыл сӕхи худӕгӕй хӕссынц,
Хуыцау, дам ын мӕнӕ цы дзуапп радта —
ӕнӕкъӕм рӕстуд сын хъазӕнхъул сси!
5Амондджын чи у — ӕнамонддзинадыл худы,
йӕ къӕхтыл фидар чи нӕ лӕууы,
уыдонӕн цӕттӕгонд у, зӕгъгӕ.
6Абырджыты хӕдзӕрттӕ цӕрӕг сты,
Хуыцауы чи мӕсты кӕны, уыдон ӕдас сты,
цыма Хуыцау сӕ къухы ис, уыйау.
7Ӕгомыг фосы бафӕрс —
бамбарын дын кӕндзысты,
уӕларвон мӕргътӕ дын радзурдзысты;
8зӕххы бафӕрс — зонд дын бацамондзӕн,
доны кӕсӕгтӕ дын рахабар кӕндзысты.
9Чи нӕ зоны, алцыдӕр Дунедарӕг сфӕлдыста, уый?
10Алы цӕрӕг уд дӕр,
алы адӕймаджы царды комулӕфт дӕр
Йӕ къухы ис.
11Ныхӕстӕ хъус не’взары,
комарынг ад не’нкъары?
12Зӕронд куырыхон у,
бирӕ азтӕ зондыл ӕфтауынц.
13Уӕлзонд дӕр, хъомыс дӕр Уымӕ ис,
уынаффӕ дӕр ӕмӕ амонгӕ дӕр Уый кӕны.
14Уый цы фехала — ничиуал ӕй сараздзӕн,
ахӕстоны кӕй бакӕна,
уый уырдыгӕй нал рацӕудзӕн.
15Дӕттӕ куы баурома,
уӕд бӕстӕ бахус уыдзӕн,
куы сӕ рауадза —
зӕхх доны бын фӕуыдзӕн.
16Хъомыс дӕр ӕмӕ уӕлзонд дӕр Уымӕ сты,
сайӕг дӕр ӕмӕ сайд кӕуыл ӕрцыд —
дыууӕ дӕр Йӕ бар сты.
17Уый уынаффӕгӕнджытӕн
сӕ сӕрызонд фесафы,
тӕрхонгӕнджыты сӕдылы кӕны.
18Паддзӕхтӕн сӕ рон раппары
ӕмӕ сын астӕубосӕй сӕ синтӕ алвасы.
19Сауджынты бӕгъӕввадӕй атӕры,
хъомысджынтӕн сӕ хъомыс фесафы.
20Мӕлгъӕвзаджы ӕгомыг скӕны,
зӕрондӕн йӕ сӕрызонд баталынг кӕны.
21Уӕздӕтты сӕгад кӕны,
хъаруджынты тых скадавар кӕны.
22Сау тарӕн йӕ арф байгом кӕны,
мӕрдон сӕудар рухсмӕ ракӕны.
23Адӕмты бӕрзонд дӕр сисы
ӕмӕ сӕ сафгӕ дӕр фӕкӕны,
ныххӕлиу сӕ кӕны
ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕны.
24Адӕмты бардартӕн байсы сӕ зонд,
ӕдзӕрӕг быдыры, фӕндаг кӕм нӕй,
уым сӕ схӕтӕнхуаг кӕны,
25ӕмӕ расыг лӕгтау, уырзӕй сгаргӕ,
сӕудары, ӕнӕ рухсӕй фӕхилынц.
Copyright information for
OssIBT2022