‏ Job 13

1Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз мӕхи цӕстӕй федтон,
алцы ӕз мӕхи хъусӕй фехъуыстон
ӕмӕ алцыдӕр бамбӕрстон.
2Ӕз дӕр сымахӕй къаддӕр нӕ зонын,
сымахӕй дӕлдӕр ницӕмӕй дӕн.
3Фӕлӕ мӕн фӕнды
Ӕппӕтхъомысимӕ дзурын,
мӕн фӕнды Хуыцауимӕ быцӕу кӕнын!
4Сымах та мӕ дзӕбӕх кӕнут мӕнгдзинадӕй,
уе’ппӕт дӕр стут ницӕйаг хосгӕнджытӕ!
5Фӕлтау куы ныхъхъус уаиккат,
уӕд уый уӕ зондыл дзурӕг уаид.
6Ӕрбайхъусут, цы уын зӕгъын, уымӕ
ӕмӕ ахъуыды кӕнут мӕ ныхӕстыл.
7Уӕ сайӕн ныхӕстӕ Хуыцауы кӕм хъӕуынц,
ау, Уый сӕраппонд сайгӕ кӕндзыстут?
8Йӕ сӕрвӕлтау фӕливгӕ кӕнут,
Йӕ сӕрыл хӕцын сымахмӕ кӕсы?
9Куы уӕ бафӕлвара,
уӕд та цы фӕуыдзыстут?
Адӕймаджы куыд асайут,
афтӕ Йӕ афӕливдзыстут?
10Цурон митӕ Йын куы кӕнат,
уӕд дӕр уӕ Йӕ азар нӕ фӕивгъуыйдзӕн.
11Ау, Йе стырадӕй не стъӕлфут,
Йӕ азарӕй Йын нӕ тӕрсут?
12Уӕ ныхӕстӕ рыгӕй уӕлдай не сты,
ӕлыгӕй конд уартыл уӕ зӕрдӕ ма дарут.
13Ныхъхъус ут уӕдӕ,
дзырды бар мын раттут.
14Мӕхимӕ дӕндагӕй лӕбурын,
мӕ къухы дарын мӕ уд.
15Мары мӕ — уӕддӕр Ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн,
мӕ рӕстдзинадыл дзурдзынӕн Йӕ разы,
16ӕмӕ уый фӕрцы фервӕздзынӕн.
Ӕнӕхуыцау та Йӕм
хӕстӕг бацӕуын дӕр нӕ бауӕнддзӕн!
17Лӕмбынӕг-ма ӕрбайхъусут,
цы уын дзурын, уымӕ.
18Ӕз мӕ сӕрыл мӕхӕдӕг рахӕцдзынӕн,
уымӕн ӕмӕ, раст дӕн, уый зонын.
19Мӕ ныхмӕ дзурын
кӕд ӕмӕ искӕй бон суа,
уӕд ӕз банцайдзынӕн ӕмӕ мӕ уд сисдзынӕн.
20Дыууӕ хъуыддагӕй мӕ бахиз ӕрмӕст,
ӕмӕ Дӕ мӕхи нал ӕмбӕхсдзынӕн:
21Дӕ къух мӕм мауал ис
ӕмӕ мын мӕ уд мауал лас
Де стыр тасӕй!
22Уӕд-иу мӕм фӕсид,
ӕмӕ Дын дзуапп ратдзынӕн,
кӕнӕ мын ратт ныхасы бар,
ӕмӕ мын дзуапп дӕтт Дӕхӕдӕг.
23Мӕ тӕригъӕдтӕ,
мӕ фыдракӕндтӕ бирӕ сты?
Бацамон мын мӕ тӕригъӕдтӕ
ӕмӕ мӕ рӕдыдтытӕ.
24Цӕмӕн мӕ ӕмбӕхсыс Дӕ цӕсгом,
Дӕхицӕн мӕ знагыл цӕмӕн нымайыс?
25Бӕласӕй цы сыф ӕрхауди,
ууыл Дӕ тых фӕлварыс?
Хус тихалӕг Дӕ уӕлныхты цы сисыс?
26Кӕуинаг хъысмӕт мын сныв кодтай,
мӕ рагбонты рӕдыдтытӕ мын
бафидын кодтай карзӕй.
27Мӕ къӕхтыл мын хъадамантӕ бакодтай,
гакк мыл сӕвӕрдтай,
мӕ алы къахдзӕф дӕр Дын нысангонд у.
28Ӕмӕ бартхутӕг дӕн бутъройау,
рӕмпӕгдзӕф дарӕсау мӕхимидӕг згъӕлын.
Copyright information for OssIBT2022