‏ Job 14

1Сылгоймаг кӕй ныййардта,
уыцы адӕймагӕн йӕ цард цыбыр у,
йӕ маст та — бирӕ.
2Дидинӕгау райхӕлы ӕмӕ бахус вӕййы,
ӕндӕргау фӕзыны ӕмӕ фӕцыдӕр вӕййы.
3Ӕмӕ Дӕ цӕстытӕ уымӕй нӕ исыс,
тӕрхондонмӕ уый кӕныс?
4Чъизи цы у, уырдыгӕй исчи
сыгъдӕгӕй исты райсдзӕни? Ничи.
5Кӕд адӕймагӕн йӕ царды бонтӕ нымад сты,
кӕд Дын йӕ мӕйтӕ дӕр барст сты,
ӕмӕ йын уыцы арӕны сӕрты ахизӕн нӕй,
6уӕд ӕй иу чысыл сулӕфын бауадз,
ӕххуырст кусӕг йӕ куысты фӕстӕ
куыд баулӕфы, афтӕ.
7Бӕласы дӕр ма йӕ фидӕнӕй ныфс и:
акалӕнт ӕй — йӕ бындзӕфхад ногӕй ӕвзар суадздзӕн.
8Йӕ уидӕгтӕ зӕххы бын куы базӕронд уой,
йӕ мард къодах зӕххы бын куы фӕуа,
9уӕд дӕр, доны хъӕстӕ фӕци, зӕгъгӕ,
ногӕй ӕвзартӕ суадздзӕн
ӕмӕ ӕвзонг талайау рӕзынмӕ фӕуыдзӕн.
10Лӕг та амӕлы ӕмӕ бартхутӕг вӕййы.
Йӕ уд сисы ӕмӕ нал фӕзыны.
11Цады дон байсысы,
цӕугӕдон бахус вӕййы, хуыскъ адаг фесты.
12Афтӕ адӕймаг дӕр: ӕруатон вӕййы ӕмӕ нал сысты,
ӕмӕ, цалынмӕ арв йӕ бынаты уа,
уӕдмӕ уый йӕ мӕрдон фынӕйӕ
нӕ райхъал уыдзӕн.
13Тӕхуды, мӕрдтыбӕсты мӕ куы бамбӕхсис,
цалынмӕ Дӕ маст ӕрцӕуа
ӕмӕ афтӕмӕй бӕлвырд ӕмгъуыды фӕстӕ
Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууон, уӕдмӕ!
14Фӕлӕ ма амӕлӕг куыд райгас уыдзӕни?
Цалынмӕ мӕ рӕстӕг ахицӕн уа,
уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн фервӕзынмӕ.
15Басиддзынӕ мӕм,
ӕмӕ Дын ӕз дзуапп ратдзынӕн:
Ды ме Скӕнӕг дӕ ӕмӕ мӕ ӕрымысдзынӕ.
16Мӕ алы къахдзӕф дӕр мын нымайыс ныр,
фӕлӕ мӕм уӕд тӕригъӕд
кӕд нал агурис,
17мӕ тӕригъӕдтӕ мын
мыхуырӕвӕрд
Рагзаманы-иу Хӕстӕг Скӕсӕны, алкӕмӕн феныны бар кӕмӕн нӕ уыд, уыцы бӕлвырдгӕнӕн гӕххӕттытыл мыхуыр сӕвӕрдтой. Иовы нӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ азым адӕм иууылдӕр уыной.
скӕнис,
мӕ аххӕстӕ мын бамбӕхсис.
18Фӕлӕ хох куы рафӕлдӕхы,
уӕд базгъӕлӕнтӕ вӕййы,
къӕдзӕх йӕ бынатӕй феггуырсы;
19дон дуртӕ баууилы,
зӕххы уӕлцъар йӕ уӕлныхты айсы.
Афтӕ Ды дӕр адӕймаджы ныфс амарыс!
20Куы йӕ’рцӕвай —
ӕрбайсӕфдзӕни ӕнустӕм,
йӕ цӕсгомы хуыз ын аивдзынӕ
ӕмӕ йӕ арвитдзынӕ.
21Йӕ зӕнӕг рӕгъмӕ рацыдысты ӕви нӕ,
уый нӕ зондзӕн;
исчи сӕ ӕфхӕры ӕви нӕ,
уый нӕ фендзӕн.
22Ӕрмӕст йӕхи буары рыстӕй риссы,
ӕрмӕст йӕхи удыл марой кӕны».
Copyright information for OssIBT2022