‏ Job 15

Елифазы дыккаг ныхас

1Ӕмӕ йын дзуапп радта Елифаз, теманаг:
2«Куырыхон лӕг уӕлӕнгай ныхас нӕ кӕны,
скӕсӕйнаг фыддымгӕйӕ йӕхи нӕ ныддымсы.
3Сӕнттӕ цӕгъдын дын не’мбӕлди,
быцӕугӕнгӕйӕ: куырыхон лӕг
ахӕм ӕнӕуаг дзыхӕй нӕ дзуры.
4Хуыцауы тас дӕхицӕй аиуварс кодтай
ӕмӕ иннӕты куывд къуылымпы кӕныс.
5Дӕ тӕригъӕд дӕ ардауы афтӕ дзурыныл,
ӕмӕ мӕнгард ныхас кӕныс.
6Ӕз нӕ — дӕхи’взаг дӕ кӕны азымджын,
дӕхи ныхӕстӕ дыл цӕуынц комдзог.
7Исты ӕппӕт адӕмы разӕй ды райгуырдтӕ,
къуылдымтӕй дӕр раздӕр ды равзӕрдтӕ?
8Ӕви Хуыцауы ӕмбырды уыдтӕ
ӕмӕ ӕппӕт уӕлзонд дӕр дӕхи бакодтай?
9Уагӕры ды, мах цы нӕ зонӕм,
ахӕмӕй цы зоныс?
Махӕн ӕнӕмбӕрст цы у,
ахӕмӕй цы бамбӕрстай,
10не’хсӕн урссӕр зӕрӕдтӕ дӕр куы ис,
дӕ фыдӕй дӕр зӕронддӕртӕ?
11Ау, Хуыцауы зӕрдӕвӕрд дын фаг нӕу?
Ау, хӕларзӕрдӕ ныхӕстӕ чысыл фехъуыстай ды?
12Дӕ зӕрдӕйы фӕдыл кӕдӕм цӕуыс,
уыцы сӕрхызтӕй дӕ ных кӕдӕм сарӕзтай,
13Хуыцауӕн Йӕ ныхмӕ куы сдӕ
ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ куы кӕныс, уӕд?
14Цы у адӕймаг, цӕмӕй сыгъдӕг уа?
Сылгоймаг кӕй ныййардта,
уымӕн рӕстуд уӕвӕн куыд ис,
15кӕд ӕмӕ Хуыцау
Йӕ сыгъдӕджытыл дӕр не’ууӕнды,
арв дӕр сыгъдӕгыл нӕ нымайы?
16Адӕймаг та бынтон ӕлгъаг ӕмӕ хӕлд у,
тӕригъӕды бацӕуын
уымӕн дон нуазынау у.
17Ӕрбайхъус-ма, ӕмӕ дын радзурон,
мӕхи цӕстӕй цы федтон,
18куырыхонтӕ фыдӕлтӕй цы фехъуыстой
ӕмӕ цы нӕ басусӕг кодтой, уый.
19Ӕрмӕстдӕр уыдонӕн лӕвӕрд ӕрцыди зӕхх,
ӕмӕ ӕндӕр искӕмӕн се’хсӕн бынат нӕй.
20Ӕнаккаг йӕ бонтӕ хъизӕмаримӕ’рвиты,
нымад сты йӕ азтӕ фыдгӕнӕгӕн.
21Удаист хъӕр йӕ хъусты зӕлы,
ӕнӕнхъӕлӕджы йӕм ӕрбалӕууы йӕ сафӕг.
22Саудалынгӕй фервӕзыны ӕнхъӕл нал у,
марӕн цыргъаг ӕм ӕппынӕдзух дардӕуы.
23Рахау-бахау кӕны сынтыты холыйау,
зоны: йӕ сӕфты бон ӕм цӕттӕйӕ лӕууы.
24Зындзинӕдтӕ ӕмӕ йӕ бӕллӕхтӕ
тасы ӕфтауынц,
сӕ быны йӕ скодтой тыхагур паддзахау,
25уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ йӕ къух систа,
Ӕппӕтхъомысы ныхмӕ растади,
26сӕрхызтӕй-иу Йӕ размӕ
уӕззау уартимӕ ралӕууыд;
27уымӕн ӕмӕ фыр нӕрдӕй
йӕ цӕстытӕ дӕр нал зынынц,
йӕ фӕрстӕ ӕрзӕбултӕ сты.
28Ӕрцӕрдзӕни гӕныстон сахарты,
ӕркӕлынӕввонг ӕдзӕрӕг хӕдзӕртты.
29Цард ыл не’рхӕцдзӕн, бын не скӕндзӕн,
зӕххыл не’рбынӕттон уыдзӕн.
30Сау бон ыл акӕндзӕн,
йӕ талатӕ арты бавзалы уыдзысты,
Хуыцауы комытӕфӕй ӕрбайсӕфдзӕн.
31Тутт ныфсытӕ ма’вӕрӕд йӕхицӕн:
уыдон ын ницы пайда ӕрхӕсдзысты.
32Йӕ афонмӕ нӕ ахӕццӕ уыдзӕн,
йӕ къалиутӕ быгъдӕгӕй аззайдзысты.
33Сӕнӕфсирау йӕ гага
цъӕхӕй азгъӕлдзӕн,
оливӕйау йӕ дидин
ӕрызгъӕлдзӕни зӕхмӕ.
34Уымӕн ӕмӕ ӕнӕхуыцауы къона
ӕвӕстаг у,
уӕййаг лӕджы цатыр зынджы хай кӕны.
35Ахӕм адӕймаг йӕ зӕрдӕйы бын
фыдбылыз хӕссы, аргӕ бӕллӕх кӕны,
йӕ мидӕг ӕрмӕстдӕр мӕнгарддзинад ӕвзӕры».
Copyright information for OssIBT2022