‏ Job 16

Иовы дзуапп Елифазӕн

1Ӕмӕ дзуапп радта Иов: 2«Ахӕм ныхӕстӕ ӕз бирӕ фехъуыстон,
уӕ ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕй
масты ӕфтаут ӕрмӕстдӕр.
3Цымӕ ацы дзӕгъӕлдзырдӕн
кӕрон кӕд уыдзӕн?
Уый бӕрц дӕ удхарӕй цы мары,
цӕмӕй ахӕм дзуапп раттай?
4Сымах мӕ бынаты куы уаиккат,
уӕд ӕз дӕр ахӕм ныхӕстӕ кӕнин;
дзурин уӕ ныхмӕ,
мӕ сӕр-иу, уайдзӕфгӕнгӕ, банкъусин.
5Дзӕгъӕлдзырдӕй уын ныфсытӕ’вӕрин,
былты змӕлдӕй уӕ сабыр кӕнин.
6Дзургӕйӕ дӕр не’нцайы мӕ рыст,
ӕдзӕмӕй дӕр мын нӕу ӕнцондӕр.

7Мӕ тых мын басаста бынтондӕр,
мӕ бинонты мын бабын кодта.
8Фӕлӕбурдта мӕм,
мӕ ныхмӕ Йӕхӕдӕг ӕвдисӕн ныллӕууыд,
мӕ азымыл мӕ лӕмӕгъдзинад дӕр дзуры.
9Фыр мӕстӕй мӕ’ргӕвды,
Йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс мӕм цӕуы;
ныккастысты мӕм ме знӕгтӕ.
10Сӕ дзыхтӕ мӕм ныххӕлиу кодтой,
мӕстӕй мӕ марынц,
мӕ рустӕ мын цӕвынц.
11Ӕнӕхуыцӕутты амӕттаг мӕ бакодта Хуыцау,
ӕнаккӕгты къухтӕм мӕ радта.
12Ӕвӕлмон уыдтӕн,
фӕлӕ мын Уый мӕ бӕрзӕймӕ фӕлӕбурдта,
тугӕрхӕмттӕ мӕ фӕкодта,
Йӕхицӕн мӕ мысанӕн сӕвӕрдта.
13Ихуарӕгау мыл Йӕ фӕттӕ ныккалдта,
уыргӕфтыд ӕмӕ тугомынты мӕ фӕкодта.
14Мӕ буар Йӕ цӕфтӕй нал зыны,
нӕрӕмон хӕстонау мыл Йӕхи ныццавта.
15Мӕ буар сӕхъис дарӕсӕй ӕрбамбӕрзтон,
мӕ кад фӕнычы баныгӕдтон.
16Фыр куыдӕй судзы мӕ цӕсгом,
саудалынг мын сӕхгӕдта мӕ цӕстытӕ.
17Афтӕмӕй мӕ зӕрдӕмӕ ницы хӕссын,
сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕуы мӕ куывд.
18О зӕхх! Мӕ туг мын ма басусӕг кӕн —
мӕ фӕдисхъӕр мын дӕ хуылфы ма бамбӕхс!
19Уӕлӕрвты мын ис Ӕвдисӕн,
бӕрзӕндты мын ис Сӕрылхӕцӕг.
20Мӕ хӕлӕрттӕ мыл худынц,
фӕлӕ мӕ цӕссыг Хуыцауы раз калын.
21Хуыцауы ӕмӕ адӕймаджы ӕхсӕн
тӕрхонгӕнӕг чи ныллӕудзӕн,
дыууӕ лӕджы быцӕу
куыд аскъуыддзаг кӕнынц, уыйау.
22Уымӕн ӕмӕ нымад сты мӕ царды бонтӕ,
ӕмӕ ӕз фӕцӕудзынӕн,
раздӕхӕн кӕцӕй нӕй, уырдӕм.
Copyright information for OssIBT2022