Job 17
1Мӕ уд хъизӕмар кӕны,мӕ царды бонтӕ фӕфӕуынц,
ингӕн мӕ цӕстытыл уайы.
2Мӕ сӕр адӕмӕн хъазинаг фӕци,
хынджылӕгӕн та зын у фӕразын.
3Дӕхӕдӕг рахӕц мӕ сӕрыл,
науӕд ӕндӕр чи бацӕудзӕн мӕ бӕрны?
4Ды сын нытталынг кодтай сӕ зонд
ӕмӕ сӕ бӕрзонд бынаты нӕ сӕвӕрдзынӕ.
5Йӕ хӕлӕртты кӕйдӕр амӕттаг чи бакӕна —
йӕ хъӕбултӕн сӕ цӕстыты рухс ахуысдзӕн.
6Хуыцау мӕ адӕмы дзыхы бафтыдта,
ӕмӕ мын мӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнынц.
7Саугуырм бадӕн мастӕй,
царм ӕмӕ стджытӕ ма мӕ баззади.
8Уымӕ кӕсгӕйӕ, раст адӕймаг ныккӕрзы,
ӕнаххостӕ мӕсты кӕнынц ӕнӕхуыцӕуттӕм.
9Раст лӕг йӕ фӕндагыл фидар хӕцы,
йӕ къухтӕ сыгъдӕг кӕмӕн сты,
уымӕн йӕ тыхыл фылдӕрӕй-фылдӕр ӕфтдзӕн.
10Сымах та ма иу хатт бафӕлварут,
рацӕут ардӕм ӕмӕ мӕ ныхмӕ сдзурут —
ӕз уе’хсӕн иу куырыхоны дӕр не ссардзынӕн.
11Аивгъуыдтой мӕ царды бонтӕ.
Мӕ бӕллицтӕй — мӕ зӕрдӕйы фӕндиӕгтӕй —
фыдӕнхъӕл фӕдӕн.
12Уыдон та ӕхсӕв бон хонынц,
тагъд, дам, срухс уыдзӕн,
фӕлӕ мӕ алыварс — тар.
13Хи уӕзӕгау мысын мӕрдтыбӕстӕ,
уат кӕнын талынджы мӕхицӕн.
14Марды чырын хонын мӕ фыд,
уаллоны — мӕ мад, мӕ хо.
15Цӕуыл ма дарон мӕ зӕрдӕ?
Чи мын фендзӕн мӕ ныфс?
16Мемӕ мӕрдтыбӕстӕм ныххиздзӕни уый,
сыджыты’рхуысдзӕни мемӕ».
Copyright information for
OssIBT2022