Job 18
Билдады дыккаг ныхас
1Дзуапп ын радта Билдад, шуахаг: 2«Цы пайда ис дзӕгъӕл ныхӕстӕй?Ахъуыды уал кӕнут, ӕмӕ стӕй дзурдзыстӕм.
3Фос куы не стӕм, мыййаг,
къуымыхы цӕстӕй нӕм
цӕмӕ хъуамӕ кӕсай?
4Ныр ды фыр мӕстӕй дӕхи хӕрыс,
ӕмӕ дӕу тыххӕй зӕхх хъуамӕ сафтид уа,
айнӕг йӕ бынатӕй феггуырса?
5Ӕнаккагыл йӕ бон баталынг уыдзӕн,
йӕ арт ахуысдзӕн.
6Йӕ хӕдзарӕй рухсы цъыртт нал кӕлдзӕн,
йӕ цырагъ бамынӕг уыдзӕн.
7Йӕ къӕхтыл ма тыхамӕлттӕй цӕудзӕн,
йӕ фыдвӕндты азар йӕхиуыл ӕртыхсдзӕн.
8Йӕхи къахӕй къӕппӕгмӕ бацӕудзӕн
ӕмӕ ахст ӕрцӕудзӕн.
9Къӕппӕг ӕй ӕрцахсдзӕни йӕ къахӕй,
цъысымы бахаудзӕн.
10Разӕй йӕм фыдбылыз ӕнхъӕлмӕ кӕсы,
йӕ фӕндагыл къӕппӕг цӕттӕйӕ лӕууы.
11Йӕ алыварс ӕй алцы тасы ӕфтаудзӕн,
фыр тӕссӕй йӕ сӕр йӕ кой суыдзӕн.
12Фыдбылыз ӕм гӕппӕввонгӕй лӕууы,
кӕд фесӕфдзӕни, уый бӕрӕг нӕй.
13Йӕ буар уӕлхъӕдӕй ӕмбийы,
мӕлӕты минӕвар ӕй бахордта.
14Йӕ хӕдзарӕй йӕ раласдзысты,
Фыд азары паддзахы размӕ йӕ акӕндзысты.
15Арт ссудздзӕни йӕ дзӕгъӕл цатыры,
йӕ хӕдзарыл судзгӕ сондон ныккӕлдзӕни.
16Бынӕй йӕ уидӕгтӕ бахус уыдзысты,
уӕлейӕ йӕ къалиутӕ баруайдзысты.
17Зӕххыл йӕ кой дӕр нал уыдзӕн,
уынгты йын йӕ ном дӕр
ничиуал хъуыды кӕндзӕн.
18Рухсӕй йӕ талынгмӕ тӕрынц,
цӕмӕй ацы зӕххыл мауал уа.
19Нӕдӕр ын цот ис, нӕдӕр цоты цот,
адӕмы’хсӕн йӕ хӕдзар дзӕгъӕлӕй баззайдзӕни.
20Йӕ хъысмӕты коймӕ
ныгуылӕны баризынц,
скӕсӕны ныккӕрзынц.
21Ахӕм фидӕн ис фыдгӕнӕджы уӕзӕгӕн,
Хуыцауы кӕм нӕ нымайынц,
уыцы бынатӕн».
Copyright information for
OssIBT2022