‏ Job 19

Иовы дзуапп Билдадӕн

1Ӕмӕ дзуапп радта Иов: 2«Кӕдмӕ мӕ удхарӕй мардзыстут,
уӕ ныхӕстӕй мын мӕ зӕрдӕ
кӕдмӕ къахдзыстут?
3Ныридӕгӕн мӕ иу-дӕс хатты
уӕ уайдзӕфты бын фӕкодтат
ӕмӕ уӕм худинаг дӕр нӕ кӕсы.
4Кӕд ӕцӕгӕйдӕр фӕрӕдыдтӕн,
уӕд мӕ тӕригъӕд мӕхи фӕуӕд,
5фӕлӕ кӕд мӕ разы уӕхи уӕлдӕр кӕнут
ӕмӕ мын мӕ худинаг мӕ цӕстмӕ дарут,
6уӕд зонут: Хуыцау мӕ афӕлдӕхта,
Уый мӕ баппӕрста цъысымы.
7Фӕдисхъӕр бӕргӕ кӕнын,
фӕлӕ дзуапп нӕй,
бӕргӕ сидын ӕххуысмӕ,
фӕлӕ мӕ сӕрыл ничи хӕцы.
8Хуыцау мын сӕхгӕдта мӕ фӕндаг,
ӕмӕ мӕ бон акъахдзӕф кӕнын нӕу,
саудалынг мын бафтыдта мӕ фӕндагыл.
9Мӕ кад мын байста,
мӕ кады худ мын систа мӕ сӕрӕй.
10Алырдыгӕй дӕр мӕ ныззыгуым кодта, ӕмӕ сӕфын,
мӕ ныфс мын бӕласау
йӕ бындзарӕй срӕдывта.
11Йӕ маст мӕм ссыгъди,
ӕмӕ мӕ Йе знагыл банымадта.
12Йе’фсӕдтӕ ӕмвӕтӕнӕгӕй
сӕ ных сарӕзтой мӕнӕрдӕм,
мӕ хӕдзарыл мын ӕрхъула кодтой.
13Фӕхицӕн мӕ кодта ме’фсымӕртӕй,
мӕ зонгӕтӕ мӕ сӕхи хизынц.
14Мӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг чи уыди,
уыдон мӕ ныууагътой,
чи мӕ зыдта, уыдонӕй ферох дӕн.
15Мӕ хӕдзары ӕрцӕуӕггаг
ӕмӕ унӕутӕй чи ис,
уыдонӕн ӕцӕгӕлон сдӕн.
16Ме’ххуырстмӕ дзурын,
фӕлӕ мын дзуапп нӕ дӕтты,
цалынмӕ йын балӕгъстӕ кӕнын, уӕдмӕ.
17Мӕ комытӕфӕй
мӕ бинойнаджы зӕрдӕ схӕццӕ вӕййы,
ме’фсымӕртӕ дӕр мыл ӕлгъ кӕнынц.
18Суанг ма мыл чысыл сабитӕ дӕр
былысчъилтӕ кӕнынц,
куыддӕр мӕ ауынынц,
афтӕ мӕ мӕстӕй марын райдайынц.
19Ме’рдхӕрдтӕ мыл
ӕнӕввӕрсон систы,
кӕй уарзтон, уыдон
рацыдысты мӕ ныхмӕ.
20Царм ӕмӕ мӕ стджытӕ йеддӕмӕ
ницыуал баззад,
мӕ уд ӕндахыл хӕцы.
21Батӕригъӕд мын кӕнут, мӕ хӕлӕрттӕ, —
Хуыцауы азар мӕ баййӕфта!
22Сымах дӕр Хуыцауы хуызӕн
мӕ фӕдыл цы зилут?
Мӕ уд хӕрынӕй бафсис куынӕуал зонут!
23Тӕхуды, мӕ ныхӕстӕ мын
чиныджы ныффысс,
24ӕфсӕн цыргъагӕй сӕ здыйыл скъах,
дурыл сӕ сныв кӕн ӕнустӕм!
25Ӕз зонын: цардӕгас у мӕ Ирвӕзынгӕнӕг.
Фӕстагмӕ Уый сыджыты сӕрмӕ’рлӕудзӕн,
26ӕмӕ, мӕ буар куы азгъӕла,
уӕд дӕр ӕз фендзынӕн Хуыцауы.
27Ӕз Ӕй фендзынӕн мӕхи цӕстӕй,
ӕндӕр исчи нӕ, фӕлӕ мӕхӕдӕг,
мӕ зӕрдӕ мӕ риуы
куы ныллӕууа, уӕд дӕр!
28Сымах та мӕ фӕдыл зилут
ӕмӕ мын мӕ хъизӕмӕрттӕ
мӕхи аххос фӕкӕнынмӕ хъавут, —
29уӕдӕ тӕрсут кардӕй:
ӕнӕхъуаджы ӕфхӕрӕгмӕ карды ком кӕсы,
цӕмӕй зонат: ис уӕлдӕр Тӕрхон».
Copyright information for OssIBT2022