‏ Job 2

1Иу бон та Хуыцауы фырттӕ Дунедарӕджы раз ногӕй ӕрлӕууыдысты, сайтан дӕр семӕ. 2Дунедарӕг ӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдтӕ?» «Зӕххы цъарыл ӕрзылдтӕн, кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ басгӕрстон», — дзуапп радта уый. 3«Ӕмӕ уӕд мӕ цагъар Иовыл дӕ цӕст не’рхӕцыд? — бафарста йӕ Дунедарӕг. — Зӕххыл уый хуызӕн ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг нӕй. Хуыцауы тас ӕм ис, ӕмӕ фыд ракӕнынӕй йӕхи хизы. Ныронг дӕр ӕнаипп у. Ды та Мӕ йӕ ныхмӕ ардыдтай, цӕмӕй йӕ Ӕз ӕнӕ исты аххосӕй бабын кӕнон». 4«Йӕхи цармӕн мацы уӕд, уый йеддӕмӕ адӕймаг кӕйфӕнды царм дӕр рауӕлдай кӕндзӕн, — дзуапп радта сайтан Дунедарӕгӕн. — Йӕхи царды сӕраппонд, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдоныл фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцдзӕн. 5Фӕлӕ ма йын уӕдӕ йӕхи стӕг, йӕхи буармӕ февнал, кӕддӕра Дӕ нӕ ралгъитид?» 6«Дӕ къухты ис, — загъта Дунедарӕг. — Цы дӕ фӕнды, уый йын кӕн, ӕрмӕст ӕй удӕгасӕй ныууадз».

7Ӕмӕ уыйадыл сайтан ацыди Дунедарӕджы цурӕй. Иовы буар йӕ къахы бынтӕй йӕ сӕры онг судзаг цъутхал фестын кодта. 8Иов фӕнычы сбадт ӕмӕ дурыны састӕй йӕ буар хафта. 9Йӕ ус ын загъта: «Уыцы ӕнаиппӕй кӕдмӕ лӕудзынӕ? Хуыцауӕн ӕвзӕр зӕгъ
Дзуттаг тексты ацы бынаты пайдагонд цӕуы эвфемизмӕй: «Хуыцауӕн арфӕ ракӕн ӕмӕ боны фӕстагмӕ амӕл!»
ӕмӕ боны фӕстагмӕ амӕл!»
10«Сӕлхӕр усы ныхӕстӕ кӕныс! — дзуапп ын радта Иов. — Ау, Хуыцауӕй хорз райсынмӕ цӕттӕ куы вӕййӕм, уӕд Дзы ӕвзӕр исты цӕуылнӕ хъуамӕ райсӕм?»

Ӕмӕ йӕ иу ныхасӕй дӕр тӕригъӕды нӕ бацыди Иов.

Йӕ хӕлӕрттӕ бӕрӕггӕнӕг ӕрбацыдысты Иовмӕ

11Иовы бӕллӕхты кой йе’ртӕ хӕлары ӕрыхъуыстой ӕмӕ йӕ бабӕрӕг кӕнынмӕ сӕ хӕдзӕрттӕй рараст сты: Елифаз — Теманы сахарӕй, Билдад — Шуахӕй, Цофар — Наамайӕ. Сӕмбӕлдысты, цӕмӕй йӕм иумӕ ацӕуой, йе’нцой балӕууой ӕмӕ йын ныфсытӕ авӕрой. 12Дардӕй суыдтой Иовы ӕмӕ йӕ нал базыдтой. Уӕд ӕртӕ хӕлары хъӕрӕй ныккуыдтой, сӕ уӕлӕдарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывтой, армыдзагӕй сӕ сӕртыл рыг калдтой
Мӕрдӕгъдауы фӕтк рагон Израилы.
.
13Авд боны ӕмӕ авд ӕхсӕвы йӕ фарсмӕ зӕххыл фӕбадтысты. Иу ныхас дӕр сӕ ничи скодта, уымӕн ӕмӕ йын йе стыр хъизӕмар уыдтой.
Copyright information for OssIBT2022