‏ Job 20

Цофары дыккаг ныхас

1Ӕмӕ йын дзуапп радта Цофар, наамайаг: 2«Сагъӕссаг фӕдӕн,
ӕмӕ мӕ бон ӕмырӕй лӕууын нал у.
3Ӕфхӕрӕн уайдзӕфтӕ хъусын ӕз,
мӕ сӕрызонд мӕм дзуапп раттынмӕ сиды.
4Ау, ӕнӕзонгӕ дын у, рагӕй-ӕрӕгмӕ,
адӕймаг зӕххыл кӕдӕй цӕры,
уӕдӕй нырмӕ,
5ӕнаккаджы цин бирӕ кӕй нӕ хӕссы,
ӕнӕхуыцауы ферад рӕстӕгмӕ кӕй у, уый?
6Йӕ кад уӕларвмӕ дӕр сӕххӕссӕд,
йӕ сӕр арвыл ныдзӕвӕд,
7уӕддӕр йӕ фаджысау
йӕхӕдӕг дӕр ӕрбайсӕфдзӕн,
чи йӕ федта, уыдон зӕгъдзысты: „Цы фӕци?“
8Ӕрбайсӕфдзӕни фынау,
ӕрбацыдӕр уыдзӕн ӕхсӕвы цӕстылуайӕнау.
9Чи йӕ федта, уый йӕ никуыуал фендзӕн,
цы ран уыди, уым никуыуал фӕзындзӕн.
10Йӕ цот мӕгуыргурты раз
козбау митӕ кӕндзысты,
хӕлӕттаг ын фӕкӕндзысты йӕ мулк.
11Се стджыты цы’взонджы бонты хъару ис,
уыимӕ сыджыты ӕрхуысдзысты йӕ фарсмӕ.
12Кӕд ын фыддзинад афтӕ адджын у,
ӕмӕ йӕ йе’взаджы бын дары,
13йӕ комыкъулты’хсӕн ӕй хъахъхъӕны,
14уӕд уыцы хойраг
йӕ гуыбыны калмы марг фестдзӕн.
15Цы мулк аныхъуырдта,
уый фӕстӕмӕ сомдзӕн, —
Хуыцау ын ӕй йӕ фарсӕй фӕкӕндзӕн.
16Калмы марг цъиры,
ӕмӕ калмы’взагӕй йӕ мӕлӕт ссардзӕн.
17Ӕхсыры цадтӕ уый нӕ фендзӕн,
йӕ цард мыдыкъусау нӕ уыдзӕн.
18Йӕ фӕллӕйттӕ
хиды бынты ацӕудзысты,
йе’фтиӕгтыл цин нӕ кӕндзӕн.
19Уымӕн ӕмӕ мӕгуыртыл йӕ тых ӕвзӕрста,
былысчъилтӕ сыл кодта;
цы хӕдзӕрттӕ нӕ сарӕзта,
уыдон-иу йӕхи бакодта.
20Уымӕн ӕмӕ ницӕмӕй ӕфсӕсти,
алцӕуыл дӕр хӕлоф кодта,
21цы нӕ аныхъуырдта,
ахӕмӕй йын ницыуал баззад,
ӕмӕ йӕ цардамонд уымӕн у тӕссонд.
22Цардӕй къӕртт ӕппардзӕн,
афтӕмӕй йыл сау бон акӕндзӕн.
23Бухъхъ цардӕй цӕрдзӕн,
афтӕ йӕ Хуыцауы азар баййафдзӕн,
ихуарӕгау ыл ныккӕлдзӕн.
24Ӕфсӕн цыргъагӕй куы аирвӕза —
ӕрхуы фат ӕй баййафдзӕн.
25Йӕ буары ахиздзӕн,
йӕ маст ын ныппырх кӕндзӕн,
мӕрдудхӕрттӕ йыл бафтаудзӕн.
26Саудалынджы ахӕсты фӕуыдзӕн,
йӕ фӕстаг муртӕ ӕнӕхуысгӕ арты
сау ӕвзалы фестдзысты.
27Арв ын йӕ тӕригъӕдтӕ раргом кӕндзӕн,
зӕхх йӕ ныхмӕ рацӕудзӕн.
28Йӕ хӕдзары мур дӕр ницыуал баззайдзӕн,
Хуыцауы азары бон
йӕ мулк байсысдзӕн донау.
29Ӕнаккагӕн ахӕм хъысмӕт сныв кодта Хуыцау,
уый йын — Хуыцауы тӕрхон».
Copyright information for OssIBT2022