Job 21
Иовы дзуапп Цофарӕн
1Ӕмӕ дзуапп радта Иов: 2«Уӕдӕ мын мӕ ныхасмӕ ӕрбайхъусут лӕмбынӕг,мӕ зӕрдӕ мын
уымӕй уӕддӕр фӕфидар кӕнут.
3Бабыхсут, цалынмӕ дзурон, уӕдмӕ,
дзырд куы фӕуон, уӕд-иу мыл худут.
4Ау, адӕймагмӕ у мӕ хъаст?
Ӕви мӕсты кӕнын ӕнӕ исты’фсонӕй?
5Ӕрбакӕсут-ма мӕм — фӕтӕрсӕн мӕ нӕй?
Уӕ армытъӕпӕнтӕй
ныххӕцут уӕ дзыхтыл?
6Куы ахъуыды кӕнын,
уӕд мӕхиуыл дӕр стыр тас бахӕцы,
ӕмӕ ӕмризӕджы нырризын.
7Ӕнаккӕгтӕ зӕронды бонтӕм цӕмӕн цӕрынц,
ӕмӕ сӕ хъару цӕуылнӕ сӕфы?
8Сӕ цот — сӕ алыварс,
сӕ цоты цоты дӕр — сӕ разы.
9Сӕ хӕдзӕрттӕн ницӕмӕй у тас,
Хуыцау сӕм Йӕ лӕдзӕгӕй не’взиды.
10Сӕ богътӕ бауадзынц гуырдз,
сӕ хъуццытӕн тас нӕу фефтауынӕй.
11Сӕ цот хъылдым кӕнынц уӕрыччытау,
ӕнӕмӕтӕй хъазынц сӕхицӕн,
12далатӕ ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ зарынц,
сӕхи хъӕлдзӕг дарынц уадындзтӕй.
13Амондджынӕй ӕрвитынц сӕ цард,
ӕнӕ удхарӕй ацӕуынц мӕрдтыбӕстӕм.
14Афтӕмӕй Хуыцауӕн та фӕзӕгъынц:
„Ныууадз нӕ,
нӕ фӕнды мах Дӕ фӕндӕгтыл цӕуын!
15Чи у Ӕппӕтхъомыс,
цӕмӕй Йын лӕггад кӕнӕм,
цы пайда нын ис Уымӕ кувынӕй?“
16Уӕддӕр сӕ къухы ис сӕ исбон,
фӕлӕ ме’нӕуынон фӕуӕнт ӕнаккӕгты фӕндтӕ!
17Ӕнаккӕгты зынг арӕх ахуыссы,
бӕллӕхы арӕх бахауынц?
Хуыцауы фыдӕх сӕ арӕх баййафы?
18Хъуамӕ уыдон,
дымгӕ кӕй систа, уыцы хъӕмпыхалы,
зилгӕ дымгӕ кӕй ахаста,
уыцы цъӕмӕлты’нгӕс уаиккой.
19Сӕ байзӕддагыл сын
рахӕтдзӕн Хуыцау?
Сӕхицӕн сын аккаг фӕуӕд, цӕмӕй зоной,
20цӕмӕй сӕхи цӕстӕй феной се сӕфт,
Ӕппӕтхъомысы азар сӕхӕдӕг куыд бавзарой.
21Куы амӕлой, уӕд та ма сын цы уӕлдай уыдзӕн,
сӕ фӕстӕ сӕ бинонтӕ цы бауыдзысты, уый?
22Фӕлӕ Хуыцауӕн зонд чи амоны,
Уый уӕларвонтӕн дӕр куы нӕ бары, уӕд?
23Иутӕ, сӕ хъару йӕ тӕккӕ тӕмӕны бацӕуы,
афтӕмӕй ӕрбамӕлынц,
сабыр ӕмӕ ӕдасӕй.
24Сӕ буӕрттӕ — хъӕддых,
се стӕг — фидар.
25Иннӕтӕ та амӕлынц зӕрдӕрыстӕй,
цардӕй ницы фенынц, афтӕмӕй.
26Дыууӕйӕ дӕр сыджытмӕ цӕуынц,
сӕ дыууӕ дӕр ӕмхуызон скӕлм уыдзысты.
27Зонын уын уӕ хъуыдытӕ,
мӕ ныхмӕ цы зӕгъинаг стут, уый дӕр.
28Сымах зӕгъдзыстут:
„Цы фесты уӕздӕтты хӕдзӕрттӕ,
ӕнӕхуыцӕутты цатыртӕ цы баисты?“
29Фӕлӕ-ма уӕдӕ бӕлццӕтты бафӕрсут,
сӕ ныхӕстыл-ма сын ахъуыды кӕнут:
30бӕллӕхы бон фыдгӕнӕг ӕнӕхъыгдардӕй баззайы,
Азары бон ацӕуы йӕ иувӕрсты.
31Ӕргомӕй йын рӕстдзинад чи зӕгъдзӕн,
йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзы
дзуапп чи ӕрдомдзӕн?
32Чырыны сӕр ыл куы’рӕхгӕной,
уӕд ын йӕ ингӕны раз
хъалагъур сӕвӕрдзысты,
33ӕхцон ын уыдзӕн дӕлвӕзы сыджыт,
йӕ мӕрддзыгойӕн нымӕц нӕ уыдзӕн.
34Уӕдӕ мын сымах уӕ тутт ныхӕстӕй
мӕ зӕрдӕ куыд фӕфидар кӕндзыстут?
Уӕ ныхӕсты — ӕрмӕст мӕнгдзинад!»
Copyright information for
OssIBT2022