‏ Job 22

Елифазы ӕртыккаг ныхас

1Ӕмӕ йын дзуапп радта Елифаз, теманаг: 2«Цы пайда ис адӕймагӕй Хуыцауӕн?
Ӕмбаргӕ чи у, уый пайда йӕхицӕн хӕссы.
3Раст адӕймаг кӕй дӕ,
уый Хуыцауӕн ӕхсызгонӕй цы дӕтты?
Ӕнаипп кӕй дӕ, уымӕй Ууыл цы’фты?
4Хуыцауы тас дӕ кӕй ис,
уый тыххӕй дӕ бафхӕрдзӕн,
уый тыххӕй дын тӕрхон кӕндзӕн?
5Уӕдӕмӕ дӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты,
дӕ тӕригъӕдтӕн кӕрон нӕй.
6Ды ницӕй тыххӕй дӕр
де’фсымӕртӕй цъынды домдтай,
бӕгънӕгӕн-иу йӕ фӕстаг бызгъуыр дӕр
раластай йӕ уӕлӕйӕ.
7Дойныйӕ мӕлӕгӕн дон нӕ лӕвӕрдтай,
сыдӕй мӕлӕгӕн бавгъау кодтай дӕ къӕбӕр.
8Тых кӕмӕ ис, зӕхх уыдоны у,
бонджынтӕ йыл ӕрбынат кӕнынц.
9Ды-иу сидзӕргӕсты афтидармӕй арвыстай,
сидзӕрты-иу ихы сӕрыл ныууагътай.
10Уымӕн бахаудтӕ ныр цъысымы,
ӕвиппайды дыл стыр тас уымӕн бахӕцыд.
11Саудалынджы ницыуал уыныс,
знӕт уылӕнтӕн сӕ быны фӕдӕ.
12Ау, Хуыцау арвӕй уӕлдӕр нӕу?
Скӕс-ма стъалытӕм,
куыд бӕрзонд сты, уымӕ!
13Ды зӕгъдзынӕ: „Хуыцау цы зоны?
Саудалынджы цы хъуамӕ равзара?
14Ӕврӕгътӕй Йӕм ницы зыны,
афтӕмӕй арвы ӕрдынцарыл зилы“.
15Ау, рагзаманы тӕригъӕдджынтӕ
кӕуыл цыдысты,
уыцы над фӕндагӕй нал рахиздзынӕ?
16Уыдон афонӕй раздӕр цагъды фесты,
сӕ хӕдзӕрттӕ сын дон фӕласта.
17Уыдон Хуыцауӕн дзырдтой: „Ныууадз нӕ!
Ӕппӕтхъомысӕн нын Йӕ бон цы у?“
18Афтӕмӕй-иу сын Уый сӕ хӕдзӕрттӕ
байдзаг кодта мулкӕй!
Ме’нӕуынон фӕуӕнт
ӕнаккӕгты хъуыдытӕ!
19Рӕстуд сӕм кӕсдзӕн ӕмӕ райдзӕн,
ӕнӕтӕригъӕд сыл худдзӕн:
20„Не знагӕн йе сӕфт ӕрцыд,
йӕ исбонӕй ма цы баззад,
уый та арты хай баци“.
21Ма тох кӕн Хуыцауимӕ,
бафидау йемӕ ӕмӕ фарнӕй
схайджын уыдзынӕ.
22Йӕ зондамындмӕ Йын байхъус
ӕмӕ йӕ дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр.
23Ӕппӕтхъомысмӕ раздах де’ргом,
ӕмӕ та ногӕй дӕ цард йӕ гаччы сбаддзӕн,
ӕрмӕст фӕсур дӕ цатырӕй тӕригъӕд.
24Дӕ хӕзнатӕм рыджы цӕстӕй акӕс,
офираг сыгъзӕрин дойнаг дуртыл банымай.
25Ӕппӕтхъомыс суӕд дӕ сыгъзӕрин,
дӕ цӕхӕркалгӕ’взист.
26Уӕд цин кӕндзынӕ Ӕппӕтхъомысыл,
дӕ каст ӕдзухдӕр уыдзӕни Хуыцаумӕ.
27Скувдзынӕ Йӕм,
ӕмӕ дын дӕ куывд фехъусдзӕн,
ды та дӕ сомы нӕ фӕсайдзынӕ.
28Цы сфӕнд кӕнай,
уый дӕ къухы бафтдзӕн,
дӕ фӕндаг алкӕддӕр рухс уыдзӕн.
29Уымӕн ӕмӕ Уый
сӕрыстыры ӕрныллӕг кӕны,
фервӕзын кӕны ныфссасты.
30Ӕназым чи нӕу,
уый дӕр фервӕзын кӕндзӕн,
дӕ сыгъдӕджы хатырӕй фервӕздзӕн».
Copyright information for OssIBT2022