‏ Job 23

Иовы дзуапп Елифазӕн

1Ӕмӕ дзуапп радта Иов: 2«Раздӕрау мӕ судзаг хъӕстытӕ кӕнын,
Йӕ къухы уӕзӕй хъӕрзын.
3Тӕхуды, кӕм ӕй агурон,
уый куы зонин!
Тӕхуды, Йӕ цӕрӕнмӕ мын
бацӕуӕн куы уаид!
4Уӕд Ын ӕз бамбарын кӕнин мӕ хъуыддаг
ӕз мӕхи сраст кӕнин Йӕ разы!
5Цы дзуапп мын ратдзӕн, уый базонин
ӕмӕ, цы зӕгъы, уый бамбарин.
6Ау, Йе’ппӕт хъомыс
мӕ ныхмӕ саразид?
Нӕ! Байхъусид мӕм Уый!
7Уӕд рӕстуд быцӕу кӕнид Йемӕ,
мӕ Тӕрхонгӕнӕг мӕ сраст кӕнид мыггагмӕ.
8Фӕлӕ, скӕсӕнмӕ ацӕуон — уым нӕй,
ныгуылӕнмӕ здӕхон — нӕ Йыл хӕст кӕнын;
9цӕгаты исты араза — нӕ мӕм зыны,
хуссары зила — нӕ Йӕ уынын.
10Фӕлӕ мын Уый зоны мӕ фӕндаг,
сыгъзӕринау мӕ бафӕлвардзӕн куынцгомы.
11Ӕз Ын Йӕ фӕндагыл фидар хӕцын,
ничердӕм дзы здӕхын;
12Йӕ фӕдзӕхстыты сӕрты нӕ хизын,
Йӕ ныхӕстӕ Йын арф дарын мӕ зӕрдӕйы.
13Фӕлӕ чи рацӕудзӕн
Йӕ уынаффӕйы ныхмӕ?
Йӕхи куыд фӕнды, афтӕ кӕны.
14Рахӕсдзӕн мын ӕмбӕлгӕ тӕрхон —
ахӕмтӕй Йе’вӕрӕнтӕ дзаг сты.
15Уымӕн Йӕ разы ӕмризӕджы ризын,
уыдӕттыл куы ахъуыды кӕнын,
уӕд мыл тас бахӕцы.
16Хуыцау мын мӕ уды хъару басаста,
Ӕппӕтхъомыс мын
тас бауагъта мӕ зӕрдӕйы.
17Тӕхуды ӕмӕ куы фесӕфин тары,
тӕхуды, мӕ хур куы аныгуылид!
Copyright information for OssIBT2022