Job 24
1Ӕппӕтхъомысӕн Йӕ тӕрхоны бонтӕнысангонд цӕуылнӕ сты,
Хуыцауы чи зоны, уыдон сӕм дзӕгъӕлы
ӕнхъӕлмӕ цӕмӕн кӕсынц?
2Ауӕдзы дуртыл ӕддӕдӕр ахӕцынц адӕм,
давд фосӕй сфосджын вӕййынц.
3Сидзӕрӕн акӕнынц йӕ хӕрӕджы,
идӕдзы гал цъындыйы байсынц.
4Мӕгуырты фӕндагӕй иуварс ассонынц,
сӕхи сӕ бамбӕхсынц мӕгуыргуртӕ.
5Тыгъд быдыры цы хӕрджытӕ хӕтынц, уыдонау
мӕгуыртӕ сӕумӕйӕ ӕфтиаг агурӕг рацӕуынц;
зилынц тыгъд быдыры —
сӕхицӕн ӕмӕ сӕ сабитӕн хойраджы фӕдыл.
6Кӕйдӕр быдыртӕ кӕрдынц,
ӕнӕхуыцауы сӕндоны рох гагатӕ уидзынц.
7Ӕхсӕв бӕгънӕгӕй ныххуыссынц,
дзаума дӕр, стӕй, сӕхи
уазалы цӕмӕй ӕрӕмбӕрзой,
уый дӕр сын нӕй.
8Сахкъӕвдайы ныддонласт вӕййынц хӕхты,
адӕргӕй айнӕджытӕм сӕхи нылхъивынц.
9Дзидзидай сидзӕры
йӕ мады риуӕй ратонынц,
хӕсты ныхмӕ мӕгуыр адӕмӕн
сӕ сабиты байсынц цъынды.
10Цӕуынц бӕгънӕгӕй, дзаума сын нӕй,
ӕххормагӕй куыристӕ фӕхӕссынц.
11Систы’хсӕн лӕмарынц сӕн,
сӕндуцӕнты сӕн дуцынц,
фӕлӕ дойныйӕ мӕлынц.
12Сахары хъуысы мӕлӕг адӕм хъӕрзын,
ӕххуысагурӕг дзыназынц цӕфтӕ,
фӕлӕ Хуыцау уыдӕттӕ нӕ уыны.
13Рухсы знӕгтӕ ис се’хсӕн,
уыдон Ын Йӕ фӕндӕгтӕ нӕ зонынц,
Йӕ цӕуӕнтыл нӕ цӕуынц.
14Лӕгмар ӕхсӕвӕй сысты,
мӕгуыры ӕмӕ мӕгуыргуры амары,
ӕхсӕвыгон та давгӕ кӕны.
15Изӕрмилтӕм у йӕ каст хъахбайӕн,
ничи мӕ фендзӕн, зӕгъгӕ,
бамбӕхсы йӕ цӕсгом.
16Ӕхсӕвыгон хӕдзары къул бакъахынц,
боныгон та сӕ хӕдзӕртты
ӕхгӕддуарӕй бадынц
ӕмӕ рухсмӕ нӕ цӕуынц.
17Уымӕн ӕмӕ уыдонӕн
боны рухс саудалынгӕй уӕлдай нӕу,
тары сау ӕндӕргтыл та ахуыр сты.
18Доны сын аирвӕзӕн нӕй,
сӕ зӕххы хай — ӕлгъыст,
сӕ сӕндӕттӕ ӕнӕвнӕлдӕй лӕууынц.
19Хуры зынг цӕстӕй
митдон куыд ӕрбайсӕфы,
афтӕ тӕригъӕдджын дӕр
фесӕфдзӕни мӕрдтыбӕсты.
20Цы хуылфӕй рацыд, уымӕй — рох,
уаллӕттӕн хӕрзад хойраг суыдзӕн;
хъуыды дӕр ӕй ничиуал ӕркӕндзӕн,
бӕласау калд ӕрцӕудзӕни фыддзинад.
21Уыдон ӕфхӕрынц ӕнӕзӕнӕджы,
идӕдзӕн хорздзинад нӕ ракӕнынц.
22Фӕлӕ Хуыцау Йӕ хъомысы фӕрцы
хъомысджынты дӕр басӕтдзӕн,
уыдоны та райсомы бонӕй ницы ныфс ис.
23Уый сӕ хъахъхъӕны, се’нцой лӕууы,
сӕ фӕндӕгтӕй Йӕ цӕст нӕ исы.
24Куыддӕр сӕхиуыл фервӕссой,
афтӕ ӕрбайсӕфдзысты:
иннӕтау ӕрхаудзысты ӕмӕ амӕлдзысты;
мӕнӕуы ӕфсиртау карст ӕрцӕудзысты.
25Кӕд афтӕ нӕу, уӕд мӕ багӕды кӕнут,
мӕ ныхӕсты ныхмӕ исты зӕгъут».
Copyright information for
OssIBT2022