Job 25
Билдады ӕртыккаг ныхас
1Уӕд ын дзуапп радта Билдад, шуахаг: 2«Уымӕ ис уӕлдӕр хицаудзинад,ӕмӕ Дзы куыннӕ тарстӕуа?
Уый ӕвӕры дунейы уаг Йӕ бӕрзӕндӕй!
3Йӕ уӕларвӕфсӕдтӕн нымӕц дӕр нӕй!
Кӕй сӕрмӕ не скӕсы Йӕ рухс!
4Адӕймаг Хуыцауы раз раст куыд уыдзӕн?
Куыд уыдзӕн сыгъдӕг,
сылгоймаг кӕй ныййардта, уый?
5Мӕй дӕр ма, кӕс, Йӕ разы мынӕг куы у,
стъалытӕ дӕр ӕнӕкъӕм куы не сты Йӕ разы!
6Уӕлдайдӕр та адӕймаг —
зулкъ йеддӕмӕ ницы у,
адӕмы цот рӕмпӕгӕй уӕлдай не сты».
Copyright information for
OssIBT2022