Job 26
Иовы дзуапп Билдадӕн
1Ӕмӕ дзуапп радта Иов: 2«О, мӕнӕ куыд феххуыс дӕ ӕнӕбонӕн!Йӕ лӕмӕгъ цонгӕн ын цы’нцой разындтӕ?
3Цыбырзондӕн цы бауынаффӕ кодтай?
Уӕззаузондӕй йын цы бацамыдтай?
4Уыцы ныхӕстыл дӕ чи сахуыр кодта,
дӕ комы дын сӕ цавӕр мон бавӕрдта?
5Стъӕлфынц рефаимтӕ дӕлдзӕхы,
стъӕлфынц дӕттӕ ӕд цӕрӕгойтӕ.
6Мӕрдтыбӕсты дуар гом у Йӕ разы,
Аваддонӕн ▼
▼Дзуттаг дзырд «аваддон» нысан кӕны «сӕфт, царды кӕрон».
Дзы бамбӕхсӕн нӕй.7Уый айтыгъта цӕгат
афтид тыгъдады сӕрмӕ,
ницӕуыл ӕрцауыгъта зӕхх.
8Уый Йӕ мигъты гуыдырӕвӕрд бакӕны дон,
ӕмӕ йӕ уӕзӕй ӕврӕгътӕ нӕ аскъуыйынц.
9Уый сӕвӕрдта Йӕ паддзахы бадӕн,
Йӕ мигъӕй йӕ ӕрӕмбӕрзта.
10Дӕтты сӕрмӕ зиллакк скодта —
рухс ӕмӕ тары астӕу.
11Уӕларвы цӕджындзтӕ ризынц,
Йӕ нӕрынӕй ныккӕрзынц.
12Уый Йӕ хъаруйӕ сызмӕнты денджызы уылӕнтӕ,
Йӕ зонды фӕрцы басӕтты Рахавы.
13Йӕ комулӕфтӕй раирд вӕййы арв,
Йӕ къух ӕрцӕвы цъыгъгъуытгӕнӕг калмы.
14Уый ӕрмӕст — Йӕ хъуыддӕгты чысыл хай,
куыд гыццыл фехъуыстам Уый тыххӕй!
Уӕдӕ Йын Йӕ хъомысы нӕрын та
кӕй зонд ӕрцахсдзӕн?»
Copyright information for
OssIBT2022