Job 27
1Ӕмӕ кодта дарддӕр Иов йӕ ныхас: 2«Цардӕгас у Хуыцау,раст тӕрхоны аккаг мӕ Чи не скодта,
Цардӕгас у Ӕппӕтхъомыс,
хъизӕмӕртты хай мӕ Чи фӕкодта!
3Цалынмӕ улӕфын,
цалынмӕ мӕ мидӕг ис царды комулӕфт —
Хуыцау мын кӕй балӕвар кодта, уый,
4уӕдмӕ ме’взаг гӕды ныхас нӕ зӕгъдзӕни,
уӕдмӕ мӕнг ныхас не ссӕудзӕни мӕ дзыхӕй.
5Цыфӕндыйӕ дӕр
ӕз уемӕ не сразы уыдзынӕн,
мӕ удӕгасӕй
мӕхи аххосджыныл нӕ банымайдзынӕн.
6Мӕ рӕстдзинадыл фидар хӕцын,
цалынмӕ удӕгас уон,
уӕдмӕ мӕ зӕрдӕмӕ ницы хӕсдзынӕн.
7Ме знаг ӕнӕхуыцауы хал ахӕрӕд,
мӕ ныхмӕлӕууӕгыл фыдгӕнӕджы бон акӕнӕд!
8Хуыцау кӕмӕн нӕй,
уымӕн йӕ зӕрдӕ цӕуыл фӕлӕудзӕн,
Хуыцау ын йӕ уд куы айса, уӕд?
9Фыдбон ыл куы акӕна,
уӕд ын Хуыцау йӕ фӕдисхъӕр фехъусдзӕн?
10Исты йӕ уд Ӕппӕтхъомысыл лӕууы,
Хуыцаумӕ у йе скаст кӕддӕриддӕр?
11Хуыцауы къух цы у,
уый уын ӕз бацамондзынӕн,
Ӕппӕтхъомысы тыххӕй уӕ
ницы басусӕг кӕндзынӕн.
12Уӕхӕдӕг дӕр ӕй куы уынут,
уӕд ма дзӕгъӕл ныхас кӕм хъӕуы?
13Ӕнӕхуыцауӕн ахӕм хъысмӕт
сныв кодта Хуыцау,
ӕфхӕрӕг Ӕппӕтхъомысӕй
ахӕм исбон айсдзӕн:
14цыфӕнды бирӕ ма уӕд йӕ хъӕстӕ —
кардылӕфтыд фӕуыдзысты,
йӕ байзӕддӕгтӕ сыдӕй мӕлдзысты.
15Удӕгасӕй сӕ чи баззайы,
уыдоны рын фӕхӕсдзӕн,
ӕмӕ сыл сӕ идӕдзтӕ не скӕудзысты.
16Йӕ рӕбыны уал
ӕвзист ӕрӕфснайӕд фӕныкау,
йӕ дарӕс сбирӕ уӕд ӕлыгау.
17Йӕ райст-бавӕрд дарӕс
раст лӕгӕн баззайдзысты,
йе’взистытӕ, ӕнӕтӕригъӕд чи у,
уыдоны хай бауыдзысты.
18Хӕлуарӕгау аразы йӕ тӕссонд хӕдзар,
хъарагъулау ӕвӕры мусонг.
19Бонджынӕй бӕргӕ ныххуыссы,
фӕлӕ сӕумӕйӕ гаффуттӕй райхъал вӕййы.
20Дудгӕбон ӕй ивылд донау аласдзӕн,
ӕхсӕвы йӕ уадтымыгъ аскъӕфдзӕн.
21Скӕсӕнӕй йыл уаддымгӕ
йӕхи рауадздзӕн,
йӕ бынатӕй йӕ фелвасдзӕн
ӕмӕ йӕ ахӕсдзӕн.
22Йӕхи йыл ӕгъатырӕй ныццӕвдзӕн,
ӕмӕ дзы уый фӕдисонау лидздзӕн.
23Адӕм-иу сӕ къухтӕ кӕрӕдзиуыл ныкъкъӕрц ласдзысты,
къуыззитт кӕндзысты, йӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ.
Copyright information for
OssIBT2022