‏ Job 28

Куырыхон зонд, кӕм дӕ?

1Ӕвзистӕн ис ӕрзӕткъахӕн, сыгъзӕринӕн — куынцгом.
2Зӕххӕй самал кӕнынц ӕфсӕн,
ӕрзӕтӕй рауадзынц ӕрхуы.
3Адӕймаг срухс кӕны тар,
ӕрзӕт агурӕг зӕххы арфы,
мӕрдон сӕудары балӕууы.
4Ӕрзӕткъахӕн скӕнынц,
адӕймаджы къах кӕм не’рлӕууыди,
ахӕм рӕтты, фӕндаггӕттӕй — рох,
ӕрцауындзӕг вӕййынц, дзедзырой кӕнынц,
адӕмӕй дард сты.
5Хор цы зӕххыл ӕрзайы,
уымӕн цыма йӕ арф
арты батайын кодтой.
6Йӕ къуыбӕртты ӕмбӕхсынц сапфиртӕ,
йӕ сыджыты — сыгъзӕрины муртӕ.
7Тугдзых маргъ сӕм фӕндаг нӕ зоны,
уарийы цӕст сыл никуы ӕрхӕцыд.
8Сырдты хъалдӕр
йӕ фӕндаг ууылты никуы ракодта,
домбай йӕ дзӕмбы
уыцы ран никуы ӕрӕвӕрдта.
9Адӕймаг та айнӕгыл йӕ тых ӕвзары,
хӕхты уидӕгтӕ фӕйлауы.
10Дуры хуылфы фӕндаг айгӕрды
ӕмӕ дзы хӕзнайӕ цы ис, уыдон басгары.
11Донгуырӕнтыл гуыдыр сӕвӕры,
арф сусӕгтӕ рахӕссы рухсмӕ.
12Фӕлӕ уӕлзонд кӕм ссардӕуа,
зондагур кӕдӕм фӕцыдӕуа?
13Адӕймаг ын аргъ нӕ кӕны,
цӕрдудтӕ цы зӕххыл цӕрынц,
уым ын ссарӕн нӕй.
14Фурды хуыдым дзуры: „Мӕнмӕ нӕй“.
Денджыз фӕзӕгъы: „Мӕнмӕ дӕр нӕй“.
15Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй йӕ нӕ балхӕндзынӕ,
ӕвзистӕй йӕ нӕ самал кӕндзынӕ.
16Офираг зӕринӕй йын саргъгӕнӕн нӕй,
зынаргъ дуртӕ сапфир ӕмӕ ониксӕй йӕ
нӕ балхӕндзынӕ.
17Сыгъзӕрин ӕмӕ авгӕй йын
аргъ не скӕндзынӕ,
сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд мигӕнӕнтыл ӕй
нӕ баивдзынӕ.
18Дзӕнхъа ӕмӕ кораллӕн сӕ кой дӕр ма скӕн,
куырыхон зонд лалӕй
зындӕр амалгӕнӕн у.
19Эфиопаг топазтӕй йын нӕ саргъ кӕндзынӕ,
сыгъдӕг сыгъзӕрин ын не сбардзынӕ йӕ ныхмӕ.
20Уӕдӕ кӕцӕй ӕрцӕуы уӕлзонд?
Зонд кӕм ис ссарӕн?
21Цыдӕриддӕр удгоймаг ис —
се’ппӕтӕй дӕр ӕмбӕхст у,
тӕхаг мӕргътӕ дӕр ын ницы зонынц.
22Аваддон ӕмӕ мӕлӕт зӕгъдзысты:
„Йӕ кой йын хъусӕм ӕрмӕст“.
23Фӕндаг ӕм зоны ӕрмӕст Хуыцау,
ӕрмӕстдӕр Уымӕн у зындгонд,
цы ран ис, уый.
24Уымӕн Йӕ цӕст
арвгӕронӕй дарддӕр ӕххӕссы,
Уый арвы бын алцыдӕр уыны.
25Дымгӕтӕн хъару куы лӕвӕрдта,
дӕттӕн сӕ бӕрц куы снысан кодта,
26къӕвдатӕн — кӕм уаргӕ сын у, уый,
арвӕрттывдӕн фӕндаг куы амыдта,
27уӕд Уый федта уӕлзонд,
сфӕлтӕрдта ӕмӕ йӕ сфидар кодта.
28Ӕмӕ загъта адӕймагӕн:
„Хуыцауы тас — уый мидӕг ис уӕлзонд,
фыддзинадӕй хи хизын —
зонды ӕвдисӕн уый у“».
Copyright information for OssIBT2022