Job 29
Иовы фӕстаг ныхас йӕ хӕлӕрттӕн
1Ӕмӕ Иов дарддӕр кодта йӕ ныхас: 2– 3«Тӕхуды ӕмӕ кӕддӕры замантӕфӕстӕмӕ раздахӕн куы уаид —
Хуыцау мыл Йӕ арм куы дардта,
Йӕ цырагъ мӕ сӕрмӕ куы сыгъди,
тары мын куы рухс кодта мӕ развӕд!
4Уӕд уыдтӕн мӕ тӕккӕ лӕджы кары,
мӕ цатыр Хуыцауы хорзӕхӕй
хайджын куы уыди,
5Ӕппӕтхъомыс ма мемӕ куы уыд,
мӕ цот мӕ алыварс куы уыдысты.
6Уӕд мӕ фӕндаг сойвӕдыл цыди,
айнӕгӕй та оливӕйы сой лӕдӕрсти.
7Ӕз-иу сахары кулдуары размӕ рацыдтӕн,
фӕзы-иу мӕ бадӕны ӕрбадтӕн,
8ӕмӕ-иу, мӕн фенгӕйӕ,
фӕсивӕд фӕндагӕй иуварс алӕууыдысты,
хистӕртӕ-иу мын сыстадысты.
9Ӕлдӕрттӕн-иу сӕ ныхас
сӕ дзыхы нал бадти,
адӕргӕй-иу сӕ дзыхтӕ
сӕ къухтӕй амбӕрзтой.
10Уӕздӕттӕн-иу сӕ хъӕлӕс нал хъуысти,
се’взаг-иу сӕ комарынгыл баныхӕст.
11Чи мӕм хъуыста, уыдон мӕ стыдтой,
чи мӕ уыдта, уыдон мӕ’ппӕлыдысты,
12уымӕн ӕмӕ ӕз мӕгуыр лӕгӕн уыдтӕн фӕдисон,
сидзӕры ӕфхӕрын нӕ уагътон.
13Мӕлӕтӕй-иу кӕй фервӕзын кодтон,
уый мын-иу раарфӕ кодта,
мӕ фӕрцы-иу идӕдзы зӕрдӕ срухс ис.
14Рӕстдзинад-иу мӕ уӕлӕ дарӕсау ӕркодтон,
рӕстдзинад уыд мӕ уӕлӕфтау, мӕ худ.
15Куырмӕн уыдтӕн цӕстытау,
къӕхты бӕсты — къуылыхӕн;
16Фӕхӕцӕг кӕмӕн нӕй,
уыдонӕн фыд уыдтӕн,
ӕнӕзонгӕйӕн-иу йӕ хъаст
равзӕрстон лӕмбынӕг.
17Фыдлӕджы ӕфсӕртӕ-иу ныссастон,
йӕ дзыхӕй-иу ын йӕ амӕттаджы скъахтон.
18Дзырдтон мӕхицӕн:
„Мӕ къонайыл уыдзӕни мӕ мӕлӕт,
мӕ царды бонтӕн змисау
нымӕц нӕ уыдзӕн:
19мӕ уидӕгтӕ донӕфсӕст сты,
мӕ къалиутыл ӕртӕх ӕхсӕвиуат кӕны,
20мӕ кад зӕронд нӕ кӕны,
мӕ фат нӕ сайы“.
21Адӕм мӕм, нымдгӕнгӕ, хъуыстой,
мӕ уынаффӕмӕ ӕдзӕмӕй
ӕнхъӕлмӕ кастысты.
22Мӕ ныхасыл сӕ дыууӕ ничиуал загътаид,
мӕ ныхӕстӕ сӕ уарынау ӕфсӕстой.
23Мӕ ныхасмӕ мын
ӕнхъӕлмӕ кастысты къӕвдайау,
сӕ дзыхтӕ-иу ӕм бадардтой
уалдзыгон сахайау.
24Кӕй-иу сӕм бахудтӕн,
уый сӕ уырнгӕ дӕр нӕ кодта,
рухс цӕстӕй сӕм куы ракӕсин,
уымӕ бӕллыдысты.
25Ӕз сын фӕндаг амыдтон,
цыдтӕн сӕ разӕй,
раст цыма паддзах — йе’фсадимӕ,
хъыггӕнджытӕн ныфсӕвӕрӕг уыдтӕн.
Copyright information for
OssIBT2022