‏ Job 3

Иовы хъарӕг

1Иов дзурын райдыдта ӕмӕ, дунемӕ цы бон фӕзынди, уый фелгъыста. 2Загъта Иов: 3«Дӕлдзӕх ныххауӕд мӕ райгуырӕн бон,
гуырдз равзӕрд, зӕгъгӕ,
куы загъдӕуыди, уыцы ӕхсӕв.
4Саудалынг фестӕд уыцы бон,
Хуыцауӕй уӕлӕрвты рохуаты куыд аззайа,
рухсы цъыртт ӕм куыд никуы бакӕса!
5Саудалынг ӕмӕ йӕ мӕрдон фӕлм
ӕнӕхъӕнӕй сӕхи бакӕнӕнт,
сау ӕврагъ ыл ӕртыхсӕд,
ӕмӕ йыл тар хурдалынгау стыр тас бафтауӕд!
6Саудалынг фестӕд уыцы ӕхсӕв,
афӕдзы бонтӕм куыннӕ бахауа,
мӕйтӕй иуимӕ дӕр нымад куыннӕ’рцӕуа!
7Уыцы ӕхсӕв гуырдз ма равзӕрӕд,
цины хъӕр ма райхъуысӕд!
8Бон чи ӕлгъиты,
Левиафаны
Левиафан — денджызон мамм рагон семитаг мифологийы, Хуыцаумӕ ныхмӕвӕрд тыхты символ.
райхъал кӕнын кӕй бон у,
уыдоны’лгъыст ӕй баййафӕд.
9Стъалы ма фӕзынӕд йӕ изӕры арвыл,
саугуырм бауӕд йӕ бонцъӕх,
хурыскастмӕ ныуурс уӕнт йӕ цӕстытӕ,
фӕлӕ сӕуӕхсиды рухс ма фенӕд!
10Уымӕн ӕмӕ мын мӕ ныййарӕджы
ӕнӕзӕнӕг нӕ фӕкодта,
хъизӕмӕрттӕн мӕ равзӕрын кодта.
11Мӕ мады гуыбынӕй куы рацыдтӕн,
тӕккӕ уыцы уысм мӕ уд цӕуылнӕ систон?
12Уӕрджытыл мӕ цӕмӕн ӕрӕвӕрдтой
Ацы ран ныхас цӕуы мады нӕ, фӕлӕ фыды уӕрджытыл: ноггуырды йӕ байзӕддагыл кӕй нымайы, уый нысанӕн-иу ӕй фыд йӕ уӕрджытыл ӕрӕвӕрдта.
,
мӕ мады’хсырӕй мӕ цӕмӕн схастой?
13Мӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй хуыссин ӕмӕ улӕфин,
14ныр сӕ арӕзтытӕ хӕлддзаг кӕмӕн сты,
кӕддӕры уыцы паддзӕхтӕ
ӕмӕ сӕ уынаффӕгӕнджытимӕ;
15йӕ сыгъзӕринтӕн
ныккӕнӕн кӕмӕн нӕ уыд,
йӕ хӕдзар ӕвзистӕй чи байдзаг кодта,
уыцы бонджын ӕлдӕрттимӕ.
16Баныгӕдтаиккой мӕ ӕфхӕлцытимӕ,
боны рухс чи нӕ федта, уыдонимӕ.
17Уым ӕнаккӕгтӕ дӕр ӕрсабыр вӕййынц,
уым цардӕфхӕрдтӕ дӕр сулӕфынц,
18уым ахӕстытӕ дӕр ссарынц ӕнцой,
сӕ цӕстдарджыты хъӕр нал фӕхъусынц.
19Уым гыццыл лӕг дӕр ӕмӕ стыр лӕг дӕр
иу ран сты,
уым йӕ хицауӕй сӕрибар у цагъар.
20Удхаргӕнӕджы цӕмӕн хъӕуы рухс,
удвӕллады та — цард?
21Мӕлӕтмӕ бӕргӕ у сӕ каст, фӕлӕ — нӕй,
хӕзна ссарынӕй сын уый уынд ӕхсызгондӕр уаид.
22Ныццин кӕниккой уыдон сау ингӕныл,
чырыныл кӕй фӕхӕст сты, ууыл.
23Цӕмӕн рардӕуы уыцы лӕгӕн цард,
Хуыцау Йӕхӕдӕг йӕ развӕндаг
цӕлхдуртӕй кӕмӕн ӕхгӕны?
24Мӕ тыхулӕфт мӕ хӕринаг у ныр,
мӕ хъӕрзын донау ивылы.
25Цӕмӕй-иу тарстӕн, уый мыл ныр ӕрцыд,
Цӕмӕй стъӕлфыдтӕн, уый мӕ баййӕфта.
26Ӕнцой мын нӕй, ӕрсабыр нӕй, ӕрулӕфт,
ӕрмӕстдӕр удхар у мӕнӕн мӕ хай».
Copyright information for OssIBT2022