‏ Job 31

1Мӕ цӕстытимӕ баныхас кодтон,
сылгоймагмӕ ӕнӕфсарм каст
кӕй нӕ бакӕндзынӕн.
2Фӕлӕ мын цы ныхфыст ис
уӕларвон Хуыцауӕй?
Фӕлӕ мын цы исбон лӕвӕрд ис
Ӕппӕтхъомысӕй, уӕларвӕй?
3Ау, фыдбылызы хъуамӕ тӕригъӕдджын ма бахауид,
фыдгӕнӕгӕн ма ӕрцӕуид йе сӕфт?
4Ӕви мын Хуыцау мӕ фӕндӕгтӕ нӕ уыны,
ӕви мын мӕ алы къахдзӕф дӕр нӕ нымайы?
5Кӕд, мыййаг, галиу митыл фӕцалх дӕн,
кӕд мӕ къӕхтӕ мӕнгдзинады фӕдыл цыдысты,
6уӕд мӕ раст тӕрӕзтыл сбарӕнт,
ӕмӕ Хуыцау базондзӕн, ӕнӕкъӕм кӕй дӕн, уый.
7Кӕд мӕ фӕндагӕй иуварс фӕзылдтӕн, мыййаг,
кӕд мӕ зӕрдӕ мӕ цӕстыты фӕдыл адзӕгъӕл,
ӕмӕ къухтӕ истӕмӕй фӕчъизи сты,
8уӕд, цы байтыдтон,
уый искӕмӕн хӕринаг фӕуӕд,
мӕ хуымы цы’рзади,
уыдон мын сӕ бындзарӕй стындӕуӕд!
9Кӕд сылгоймагмӕ мондаг кодтон
ӕмӕ-иу искӕй дуармӕ бахъуызыдтӕн,
10уӕд мӕ бинойнаг ӕндӕрӕн ӕруат кӕнӕд,
искӕй хӕзгул суӕд.
11Уымӕн ӕмӕ уый у тӕригъӕд,
тӕрхоны аккаг фыдракӕнд,
12суанг Аваддонмӕ чи ӕркӕны,
ахӕм бынсыгъдгӕнӕг арт,
ӕмӕ мӕ тыллӕг ӕд уидӕгтӕ
йӕ амӕттаг фӕуыдаид.
13Кӕд ӕз, сылгоймагӕй уа, нӕлгоймагӕй,
мӕ хӕдзары кусджыты бартӕ
ницӕмӕ дардтон ӕмӕ сын сӕ хъаст не’взӕрстон,
14уӕд цы зӕгъдзынӕн,
Хуыцау мӕ ныхмӕ куы ралӕууа
ӕмӕ мӕ дзуапп куы ӕрдома, уӕд?
15Мӕн дӕр ӕмӕ уыдоны дӕр
мады гуыбыны Уый нӕ равзӕрын кодта?
Нӕ дыууӕты дӕр мады гуыбыны
Уый не сфӕлдыста?
16Мӕгуыр лӕджы искуы афтидармӕй
мӕ дуарӕй аздӕхтон,
сидзӕргӕсы искуы ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ ныууагътон?
17Ау, мӕ къӕбӕр искуы сусӕгӕй бахордтон,
сидзӕрӕн-иу дзы нӕ фӕхай кодтон?
18Мӕ рагбонтӕй нырмӕ
ӕз сидзӕртӕн уыдтӕн фыдау,
мӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ
сидзӕргӕсӕн йе’нцой лӕууыдтӕн.
19Дарӕсхъуаг чи уыд ӕмӕ уазалӕй чи мард,
уыцы мӕгуырмӕ кӕд искуы уазалцӕстӕй кастӕн,
20кӕд-иу йе уӕнгтӕ не схъарм сты мӕ фӕрцы,
кӕд ӕй мӕ уӕрыччыты хъуын нӕ бахъарм кодта;
21кӕд искуы сидзӕрмӕ мӕ къух систон,
тӕрхон мӕ фарс кӕй уыдзӕн, уый ныфсӕй,
22уӕд мӕ къух йӕ рӕбыныл ахауӕд,
уӕд мӕ цонг ме уӕхскӕй фӕиртӕсӕд!
23Ӕз Хуыцауы азарӕй тынгдӕр
ницӕмӕй тарстӕн,
Йе стырады раз ахӕм исты ракӕнын
нӕ бауӕндыдаин.
24Ме скаст сыгъзӕринмӕ куы уыдаид,
мӕ зӕрдӕ куы дардтин хӕзнайыл,
25куы цин кодтаин мӕ бирӕ мулкыл,
мӕ къухты бӕркадыл;
26хуры тӕмӕны уындӕй,
мӕйы хъал цыдмӕ кӕсгӕйӕ,
27мӕ зӕрдӕйы мидӕг куы бабӕллыдаин
ӕмӕ мӕхи къухыл, табугӕнгӕйӕ,
мӕ былтӕ куы авӕрдтаин,
28уӕд мын уый тыххӕй дӕр
тӕрхон кӕнын хъуыдаид,
уӕд уый дӕр Бӕрзӕндтыл Бадӕг Хуыцауы раз
гадзрахатдзинад уыдаид.
29Ау, искуы ӕз ме знаджы сӕфтыл ферадтӕн,
искуы йын йӕ фыдбылызыл бацин кодтон?
30Мӕ дзыхы ныхасӕй
тӕригъӕды никуы бацыдтӕн,
амӕл, зӕгъгӕ йӕ не’лгъыстон.
31Мӕ цатыры нӕ дзырдтой адӕм,
тӕхуды, йӕ фыдызгъӕлӕй нӕ
куы бафсадид, зӕгъгӕ.
32Фӕндаггон-иу ӕхсӕвыгон уынджы нӕ баззад,
мӕ дуар ын кӕддӕриддӕр гом уыд.
33Мыййаг, кӕд иннӕтау ӕз дӕр
мӕ тӕригъӕдтӕ арф ӕмбӕхстон,
34уӕд ӕз тӕрсин дзыллӕйӕ,
мӕ мыггаг мыл ӕлгъ куы кӕной, уымӕй,
ӕмӕ мӕ дзых ныххуыин,
хӕдзарӕй ӕддӕмӕ дӕр нал ракӕсин.
35О, исчи мӕм куы байхъусид!
Цы загътон, уыдонӕй алцӕуыл дӕр
ӕз мӕ къух ӕвӕрын,
ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомыс дзуапп раттӕд,
мӕ Аххосгӕнӕг ныффыссӕд,
цӕй мидӕг ис мӕ азым.
36Ӕз уыцы фыст ме’ккой скӕнин,
мӕ сӕрыл ӕй кады худау ӕркӕнин.
37Мӕ алы къахдзӕф дӕр
Хуыцауӕн раргом кӕнин,
Йӕ размӕ рацӕуин ӕлдарау.
38Кӕд мӕ тӕригъӕдтӕ зӕххӕн уӕз кӕнынц
ӕмӕ йӕ алы ауӕдз дӕр хъаст кӕны мӕнӕй;
39кӕд ын йӕ тыллӕгӕй лӕвар пайда кодтон,
ӕмӕ мӕ зӕхкусджытӕ сӕ хъуырмӕ систы,
40уӕд мӕнӕуы бӕсты
какон сындзытӕ’рзайӕд,
хъӕбӕрхоры бӕсты — хӕмпӕлгӕрдӕг».

Ууыл йӕ ныхас фӕци Иов.
Copyright information for OssIBT2022