Job 32
Елигуйы ныхас Иовӕн
1Иов йӕ рӕстдзинадыл дызӕрдыг нӕ кӕны, уый куы бамбӕрстой йе’ртӕ хӕлары, уӕд ныхъхъус сты, ницыуал ӕм дзырдтой. 2Ӕмӕ уӕд Барахелы фырт Елигуйӕн йӕ маст рафыхти. Елигу уыдис Бузийы байзӕддӕгтӕй, Рамы мыггагӕй. Иовмӕ уымӕн смӕсты ис, ӕмӕ уый йӕхи Хуыцауӕй растдӕр хуыдта, 3ӕртӕ хӕлармӕ та уымӕн, ӕмӕ Иовы ныхмӕ исты сдзурынӕн аккаг ныхӕстӕ не ссардтой. 4Елигу Иовӕн исты зӕгъынмӕ тагъд нӕ кодта, уымӕн ӕмӕ иннӕтӕ уымӕй хистӕр уыдысты. 5Уымӕй уӕлдай сӕ бон зӕгъын ницыуал у, уый куы федта, уӕд смӕсты ис. 6Елигу, Барахелы фырт, Бузийы байзӕддаг, загъта: «Ӕвзонг дӕн ӕз, сымах та стут зӕронд,ӕмӕ ӕфсӕрмӕй
мӕ хъуыды ӕз нӕ загътон раздӕр.
7Дзырдтон мӕхицӕн: хистӕртӕ уал дзурӕнт,
кардзыд адӕм ахуыр кӕнӕнт уӕлзондыл.
8Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ мидӕг ис царды комулӕфт, уд,
Ӕппӕтхъомысы комулӕфт ӕй
схайджын кӕны зондӕй!
9Зонд кӕстӕр ӕмӕ хистӕрӕй нӕу,
хъуыддаг раст ӕрмӕстдӕр карджын нӕ равзары.
10Уӕдӕ мӕнмӕ дӕр ӕрбайхъусут,
ӕмӕ ӕз дӕр зӕгъон мӕ хъуыды.
11Ӕнхъӕлмӕ уӕм фӕкастӕн,
цалынмӕ сымах уынаффӕтӕ кодтат
ӕмӕ ныхӕстӕ агуырдтат, уӕдмӕ.
12Кӕсын, ӕмӕ уӕ иу дӕр
Иовы ныхмӕ ницы загъта,
йӕ ныхӕстӕн ын дзуапп нӕ радта.
13Афтӕ уӕм ма кӕсӕд,
ӕмӕ уӕлзондӕй схайджын стут,
Хуыцау, дам ӕй багӕды кӕнӕд,
адӕймаг нӕ, фӕлӕ!
14Мемӕ нӕ дзырдта Иов,
ӕмӕ йын сымах хуызӕн дзуапп нӕ ратдзынӕн.
15Фӕтарстысты, хъусӕй лӕууынц,
цы зӕгъой, уый сын нал ис.
16Ӕнхъӕлмӕ уӕм фӕкастӕн
ӕмӕ, кӕд ницыуал зӕгъинаг стут,
кӕд афтӕ хъусӕй лӕудзыстут,
17уӕд ын ӕз хъуамӕ дзуапп раттон,
ӕз дӕр ын мӕ хъуыды зӕгъон.
18Уымӕн ӕмӕ мӕ ныхӕстӕ
мӕ былалгъмӕ схӕццӕ сты,
мӕ уд мӕ хуылфы скатай ис,
19ног сӕнӕй йедзаг ӕмӕ ӕхгӕд лалымау
фӕйнӕрдӕм атоныны ӕввонг дӕн.
20Куы сдзурон,
уӕд мын фенцондӕр уыдзӕн,
хъуамӕ мӕ дзых байгом кӕнон ӕмӕ исты зӕгъон.
21Мӕ разы чифӕнды дӕр уӕд,
цурон ныхасмӕ мӕм мачи ӕнхъӕлмӕ кӕсӕд.
22Уымӕн ӕмӕ цӕстмӕхъус ныхас
мӕ удысконды нӕй,
фӕлтау мӕ фесафӕд ме Скӕнӕг!
Copyright information for
OssIBT2022