Job 33
1Хъус, уӕдӕ, Иов, мӕ ныхӕстӕм,иунӕг дӕр дзы ма ауадз!
2Мӕнӕ ӕз байгом кодтон мӕ дзых,
ӕмӕ ме’взаг дзурынмондагӕй сӕфы.
3Мӕ ныхӕстӕ
мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ цӕуынц,
ӕмӕ мӕ дзыхӕй рӕстдзинад йеддӕмӕ
ницы схаудзӕн.
4Мӕн сфӕлдыста Хуыцауы Уд,
царды комулӕфт мӕ бауагъта Ӕппӕтхъомыс.
5Кӕд дӕ бон у, уӕд мын дзуапп ратт,
кӕд дӕ ныфс хӕссыс, уӕд мӕ ныхмӕ ралӕуу.
6Ӕппӕтхъомысы раз ӕз ӕмӕ ды
иухуызон стӕм,
ӕз дӕр дӕуау ӕлыгӕй конд дӕн.
7Уымӕ гӕсгӕ дӕ ӕз тасы нӕ бафтаудзынӕн,
мӕ къухы уӕз мын нӕ бамбардзынӕ.
8Мӕхи хъустӕй фехъуыстон дӕ ныхас,
мӕ хъустыл уайы ныр дӕр ма:
9Сыгъдӕг, дам, дӕн ӕз, ӕнӕкъӕм,
ницы азым мӕм ис, сыгъдӕг дӕн.
10Афтӕмӕй мӕ Хуыцау аххосджын кӕны,
знаг мӕ фестын кодта Йӕхицӕн.
11Мӕ къӕхтыл мын сахсӕнтӕ бакодта,
мӕ алы къахдзӕфмӕ дӕр кӕсы.
12Ӕз та дын уый зӕгъын, ӕмӕ раст нӕ дӕ:
ӕнӕмӕнг, Хуыцау адӕймагӕй уӕлдӕр у!
13Цы быцӕу кӕныс Йемӕ,
мӕ фарстӕн мын дзуапп нӕ дӕтты, зӕгъгӕ?
14Ӕцӕгдӕр, Хуыцау иу кӕнӕ иннӕ хуызы фӕзӕгъы,
фӕлӕ Йӕ не’мбарынц.
15Фыны, ӕхсӕвыгон тарф фынӕй куы бавӕййы
адӕймаг йӕ хуыссӕны,
16уӕд ын Хуыцау йӕ хъус байгом кӕны
ӕмӕ йын Йӕ зондамынд фӕзӕгъы,
17цӕмӕй адӕймаджы бахиза
исты’взӕрдзинад саразынӕй,
сӕрыстыр уӕвынӕй.
18Цӕмӕй адӕймаг былӕй ма ахауа,
цӕмӕй карды комыл ӕфтыд ма фӕуа.
19Науӕд та адӕймагӕн низы фӕрцы бамбарын кӕны,
бабӕтты йӕ хуыссӕнмӕ, йе стджыты рыст нал фӕуромы,
20ӕмӕ уӕд хойрагыл йӕхи атигъ кӕны,
цы хуыздӕр хӕринӕгтӕ нал фӕмысы.
21Йӕ буар рафты,
царм ӕмӕ стджытӕ фесты.
22Мӕлӕты къахыл ныллӕууы,
удхӕссӕг ӕм ӕрбахӕстӕг вӕййы.
23Фӕлӕ Йын мин Хъахъхъӕнӕг зӕдӕй иу
йӕ рӕстдзинады тыххӕй куы бакой кӕна,
24куы йын батӕригъӕд кӕна
ӕмӕ куы зӕгъа, ингӕнмӕ йӕ ма ауадз,
ӕз ын ахӕстаргъ ссардтон, зӕгъгӕ,
25уӕд та фӕстӕмӕ райтынг уыдзӕн йӕ буар,
ӕрыгонӕй куыд уыдис, афтӕ,
раздӕхдзӕн та йӕм йе’взонджы бонты хъару.
26Хуыцау ын йӕ куывд айсдзӕн,
Йе’ргом ӕм раздахдзӕн,
йӕ рӕстдзинады тыххӕй йын
Йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн.
27Ӕмӕ уӕд адӕмы раз зӕгъдзӕн:
„Ӕз тӕригъӕды бацыдтӕн,
рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кодтон,
фӕлӕ мын Хуыцау
мӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ бафыста,
28мӕлӕтӕй мӕ фервӕзын кодта,
ӕмӕ та рухс уынын“.
29Хуыцау адӕймагӕн ӕппӕт уыдӕттӕ бавзарын кӕны,
стӕй ма ноджы дыууӕ-ӕртӕ хатты фыддӕртӕ,
30цӕмӕй йӕ ингӕнӕй бахиза,
цӕмӕй йыл царды хур ракӕса.
31Байхъус мӕм, Иов, лӕмбынӕг,
ды дӕ дзыхыл хӕц, ӕмӕ дын ӕз дзурон,
32фӕлӕ дӕм кӕд исты зӕгъинаг ис,
уӕд мын дзуапп ратт:
раст кӕй дӕ, ууыл мӕ баууӕндын фӕндид.
33Кӕд, цы зӕгъай, уый дын нӕй,
уӕд мӕнмӕ байхъус.
Ды дӕ дзыхыл хӕц,
ӕмӕ дын ӕз зонд бацамонон».
Copyright information for
OssIBT2022