‏ Job 34

1Ӕмӕ дзырдта Елигу дарддӕр: 2«Ӕрбайхъусут мӕм, куырыхонтӕ,
уӕ хъус мӕм ӕрбадарут, зондджынтӕ!
3Уымӕн ӕмӕ хъус ныхас ӕвзары,
ком та ад зоны.
4Равзарӕм-ма уӕдӕ мах, раст цы у, уый
ӕмӕ, хорз цы у, уый раст раиртасӕм!
5Мӕнӕ Иов загъта, ӕз, дам, раст дӕн,
Хуыцау та мын мӕ хъуыддаг не’взары.
6Раст, дам, дӕн,
афтӕмӕй мӕ сайӕгойыл банымадтой.
Азымджын нӕ дӕн,
фӕлӕ мӕ хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхгӕнӕн нӕй.
7Искуы ма Иовы хуызӕн адӕймаг ис,
хынджылӕг ӕмӕ джидзӕг кӕнын
дон нуазынӕй уӕлдай кӕмӕн нӕу?
8Ӕнӕхуыцӕуттимӕ ӕмзонд у уый,
фыдгӕнӕгау галиу фӕндагыл цӕуы.
9Уымӕн ӕмӕ зӕгъы,
Хуыцауы зӕрдӕ’лхӕнынӕй
адӕймагӕн цы пайда ис, зӕгъгӕ.
10Уӕдӕ мӕм ӕрбайхъусут, куырыхонтӕ:
Хуыцаумӕ ницы ис ӕнӕрастӕй,
Ӕппӕтхъомыс галиу тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн.
11Адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды,
чи цы аккаг у, уый айсы.
12Ӕцӕг, Хуыцаумӕ ницы ис ӕнӕрастӕй,
Ӕппӕтхъомыс раст тӕрхон не сзыгъуыммӕ кӕны.
13Чи Йӕ сӕвӕрдта хицауӕй зӕххы цъарӕн?
Чи Йын радта Йӕ къухтӕм ӕнӕхъӕн дуне?
14Уый Йӕ зӕрдӕ куы сӕхгӕнид,
Йӕ комулӕфт, Йӕ царды комулӕфт фӕстӕмӕ куы райсид,
15уӕд алы цардуд дӕр ӕрбамӕлид,
уӕд адӕймаг фӕстӕмӕ сыджыт фестид.
16Йӕ сӕры зонд кӕмӕн ис,
уый ӕрбайхъусӕд,
лӕмбынӕг байхъусӕд мӕ ныхӕстӕм!
17Рӕстдзинад йӕ цӕстысындз кӕмӕн у,
уый хицауиуӕг куыд хъуамӕ кӕна?
Раст ӕмӕ Хъомысджыны
ды аххосджын куыд хъуамӕ кӕнай?
18Исчи ма паддзахӕн, цъаммар, зӕгъгӕ, дзуры,
исчи ма уӕздӕттӕн, ӕнаккӕгтӕ, зӕгъгӕ, фӕзӕгъы?
19Фӕлӕ Уый бардартӕн
цурон митӕ нӕ кӕны,
Уый хъӕздыг лӕджы мӕгуырӕй уӕлдӕр не’вӕры,
уымӕн ӕмӕ се’ппӕтӕн дӕр се Скӕнӕг у Уый.
20Ӕваст ӕрбамӕлынц адӕм ӕхсӕвы тары,
зӕрдӕнкъусӕг цӕфӕй сӕ кӕрон ӕрцӕуы;
кӕйдӕр къухӕй нӕ бабын вӕййы хъомысджын.
21Уымӕн ӕмӕ Хуыцау
Йӕ цӕст дары адӕмы фӕндӕгтӕм,
сӕ алы къахдзӕф дӕр сын уыны.
22Зӕххыл ахӕм саудалынг,
ахӕм мӕрдон тар нӕй,
фыдгӕнджытӕ Уымӕй
сӕхи кӕм бааууон кӕной.
23Хуыцау адӕймагмӕ бӕлвырд рӕстӕджы
тӕрхонмӕ нӕ сиды.
24Ӕнӕ рафӕрс-бафӕрсӕй
ныддӕрӕн кӕны тыхджынты
ӕмӕ сын сӕ бынаты ӕндӕрты сӕвӕры.
25Сӕ хъуыддӕгтӕ сын хорз зоны
ӕмӕ сӕ иу ӕхсӕвмӕ фесафы.
26Фыдгӕнджытау сӕ адӕмы раз бафхӕры;
27сӕхи Йыл кӕй атигъ кодтой,
Йӕ фӕндӕгтӕ сӕ хъуыдыйы дӕр
кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй.
28Сыхъуысти Йӕм мӕгуырты ӕрдиаг,
Уый фехъуыста ӕфхӕрд адӕмы уынӕргъын.
29Хъусӕй куы лӕууа,
уӕд ӕй азымы чи бадардзӕн?
Йӕ цӕсгом куы бамбӕхса,
уӕд Ӕй фенын кӕй бон суыдзӕн?
Уый ӕппӕт адӕммӕ дӕр
ӕмӕ иу адӕймагмӕ дӕр хауы,
30цӕмӕй паддзахиуӕг ма кӕна ӕнӕхуыцау
ӕмӕ адӕмӕн ахсӕн хыз ма феста.
31Фӕлтау зӕгъ Хуыцауӕн:
„Бафхӕрдтай мӕ —
ныр мӕхи тӕригъӕдӕй хиздзынӕн.
32Ӕнӕбары кӕд истӕмӕй фӕрӕдыдтӕн,
уӕд та мын ӕй бацамон,
цӕмӕй амӕй фӕстӕмӕ мауал рӕдийон“.
33Дӕ рӕдыдыл дӕр куы нӕ сӕттыс,
уӕд цы хорзмӕ’нхъӕлмӕ кӕсыс?
Равзарын мӕнмӕ нӕ, фӕлӕ дӕумӕ хауы,
кӕд исты зоныс, уӕд дзургӕ кӕн.
34Ӕмбаргӕ адӕмӕй мӕм чи хъусы,
уыдон, стӕй куырыхонтӕ зӕгъдзысты:
35„Иов йӕхӕдӕг дӕр,
цы дзуры, уый нӕ зоны,
ӕнӕсӕрфат сты йӕ ныхӕстӕ“.
36О, ноджы тынгдӕр ӕфхӕрд
куы баййӕфтаид Иов —
ӕнӕхуыцӕутты’взагӕй дзуры!
37Йӕ тӕригъӕдтӕй уӕлдай ма
ноджы змӕнтӕг дӕр у,
йӕ къухтӕ ныл сцӕгъды
ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ дзурынӕй не’нцайы».
Copyright information for OssIBT2022