Job 35
1Ӕмӕ дзырдта Елигу дарддӕр: 2«Афтӕ дӕм кӕсы,ӕмӕ рӕстдзинад де’рдыгӕй ис?
Ды загътай: „Ӕз Хуыцауӕй растдӕр дӕн ӕви?“
3Ды зӕгъыс: „Цы уӕлдай мын у,
растӕй цӕрон ӕви тӕригъӕды цӕуон?“
4Ӕз дӕуӕн ӕмӕ дӕ хӕлӕрттӕн
дзуапп ратдзынӕн уый фӕдыл:
5арвмӕ скӕс ӕмӕ фен —
мигътӕ дӕуӕй цас бӕрзонддӕр сты!
6Тӕригъӕды куы бацӕуай,
уӕд Уымӕн цы у?
Дӕ фыдракӕндтӕ куы сбирӕ кӕнай,
уӕд Уымӕн цы уыдзӕн?
7Рӕстӕй куы цӕрай,
уӕд дзы Уымӕн цы пайда ис?
Дӕ бон ын раттын цы у?
8Ды дӕ тӕригъӕдӕй
дӕхи хуызӕттӕн хӕссыс зиан,
дӕ рӕстдзинад адӕмы цӕсты
ахады ӕрмӕстдӕр.
9Ссӕст адӕм сӕ уӕзы бын хъӕрзынц,
се’фхӕрджыты къухы бын дзыназынц,
10фӕлӕ иу афтӕ зӕгъӕг нӕй:
„Кӕм ис Хуыцау, ме Скӕнӕг,
сау бон зарынӕй Чи раивы,
11фосӕй уӕлдай нын зонд Чи радта,
тӕхаг мӕргътӕй хъауджыдӕр нӕ
ӕмбаргӕ Чи скодта?“
12Фӕлӕ вӕййы,
дзыназынц Ӕм ӕххуысӕнхъӕл,
ӕмӕ сын Уый
ӕнаккӕгты сӕрыстырдзинады аххосӕй
дзуапп нӕ ратты.
13Хуыцау тутт ныхӕстӕм нӕ хъусы,
Ӕппӕтхъомыс уыдӕттӕ ницӕмӕ дары.
14Ды дзурыс, нӕ Йӕ уыныс, зӕгъгӕ,
фӕлӕ дын Уый дӕ хъуыддаг ӕвзары,
ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс.
15Дӕумӕ гӕсгӕ, Йӕ маст ӕгӕр уромы,
адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ нӕ уыны?
16Уӕдӕмӕ дзӕгъӕлдзырд кӕны Иов,
ӕмбаргӕ ницы кӕны, афтӕмӕй бирӕ дзуры».
Copyright information for
OssIBT2022