Job 36
1Ӕмӕ Елигу дзырдта дарддӕр:2«Чысыл-ма мын бабыхс,
ӕмӕ дын зӕгъон
Хуыцауы тыххӕй ноджы мӕ зӕгъинаг.
3Дардӕй райдайдзынӕн мӕ ныхас,
цӕмӕй ме Скӕнӕджы рӕстдзинад равдисон.
4Дызӕрдыг ма кӕн —
ницы мӕнг зӕгъдзынӕн,
мӕнӕйуый цы дзуры, уый бӕлвырд зоны.
5Хуыцау хъомысджын у
ӕмӕ Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн,
фидар зӕрдӕ кӕмӕн ис, ууыл.
6Фыдгӕнӕджы нӕ ныууадздзӕн ӕгасӕй,
ӕфхӕрдӕн та раст тӕрхон скӕндзӕн.
7Рӕстудӕй нӕ аздахдзӕн Йе’ргом,
паддзӕхтимӕ йӕ ӕмсӕр скӕндзӕн,
мыггагмӕ йӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.
8Хъадамантӕ куы бакӕной адӕймагыл,
бӕллӕхтӕ йыл куы ӕртыхсой,
9уӕд ын уымӕй та амоны
йӕ тӕригъӕдтӕм, сӕрыстыр кӕй у, уымӕ,
10ӕмӕ йын Уый йӕ хъустӕ
хъусынӕн кӕй гом кӕны
ӕмӕ йӕ раст фӕндагыл кӕй аразы.
11Кӕд Йӕ коммӕ бакӕсой
ӕмӕ Йын лӕггад кӕной,
уӕд арфӕйаг уыдзӕни сӕ кӕрон,
райгӕ арвитдзысты сӕ царды бонтӕ.
12Кӕд ӕмӕ Йӕ коммӕ нӕ бакӕсой,
уӕд та искӕй къухӕй амӕлдзысты,
се’нӕзонды аххосӕй бабын уыдзысты.
13Ӕнӕхуыцӕутты зӕрдӕтӕ мастӕй йедзаг сты,
хъадамантӕ сыл куы бакӕной,
уӕд дӕр Хуыцаумӕ ӕххуысагур нӕ дзыназдзысты.
14Ӕвзонгӕй амӕлынц кувӕндоны хъахбайтау.
15Фӕлӕ мӕгуыр лӕджы
Уый фервӕзын кӕны фыдбылызӕй,
йӕ бафхӕрды фӕрцы йын
байгом кӕны йӕ хъустӕ.
16Дӕу дӕр уынгӕг ранӕй бӕргӕ ракӕнид,
де уӕнгтӕ парахатӕй куыд айтынг кӕнай;
дзаг фынгыл дӕ ӕрбадын кӕнид.
17Фӕлӕ дӕумӕ ӕнӕхуыцӕутты зондахаст ис:
хъуыды кӕныс тӕрхон ӕмӕ тӕрхоныскъуыдыл.
18Дӕхи хъахъхъӕн, Йӕ азар дӕ куы баййафа, уымӕй,
уӕд дӕ иу ахӕстаргъ дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн.
19Хъӕздыгдзинады фӕрцы фыдбылызӕй фервӕздзынӕ?
Де’ппӕт хъарутӕ куы бахардз кӕнай,
уӕд дӕр фыдбылызӕй нӕ фервӕздзынӕ.
20Адӕмтӕн се сӕфт куы ралӕудзӕн,
уыцы фыдӕхсӕвмӕ ма бӕлл!
21Тӕригъӕдӕй дӕхи хиз —
фыдӕвзарӕнты дзӕгъӕлы нӕ бахаудтӕ.
22Хуыцауы хъомыс ӕгӕрон у.
Уый хуызӕн зондамонӕг кӕм и?
23Уымӕн фӕндаг чи бацамондзӕн?
Чи Йын зӕгъдзӕн: „Раст нӕ кӕныс?“
24Ма Йын рох кӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ стауын,
адӕм кады зарджытӕ кӕуыл скодтой, уыдон.
25Алчидӕр сӕ уыны,
адӕммӕ дардмӕ дӕр зынынц.
26Стыр Хуыцауы махӕн нӕ бон
базонын нӕу,
Йӕ азты нымӕцӕн банымайӕн нӕй.
27Уый ӕрӕмбырд кӕны доны’ртӕхтӕ,
ӕмӕ сӕ къӕвдайы’ртӕхтӕ фестын кӕны.
28Ӕврӕгътӕй ӕркӕлынц,
сахайӕ адӕмы ныххуылыдз кӕнынц.
29Чи бамбардзӕн, мигътӕ куыд тӕхынц, уый,
ӕрвнӕрды гыбар-гыбур — Йӕ цатыры?
30Мӕнӕ ныррухс кодта мигътӕ,
денджызы бын балӕууыдысты Йӕ фӕттӕ.
31Афтӕ тӕрхон кӕны адӕмтӕн
ӕмӕ сын парахатӕй хойраг ратты.
32Уый Йӕ армы арвӕрттывд дары,
кӕдӕм цӕвын хъӕуы, уый йын амоны.
33Арвы гыбар-гыбур дзуры Йе’рбацыдыл,
фыддзинадмӕ Йӕ маст кӕй рафыхти, ууыл.
Copyright information for
OssIBT2022