Job 37
1Мӕ зӕрдӕ йӕхи къултыл уымӕн хойы,рагӕппӕввонг у мӕ риуӕй.
2Хъусут, хъусут Йӕ нӕргӕ хъӕлӕсмӕ,
ӕрвнӕрды уынӕр цӕуы Йӕ комӕй,
3арв ӕгасӕй гыбар-гыбур фестад,
зӕххы кӕрӕттӕм хӕццӕ кӕнынц
Йӕ судзгӕ фӕттӕ.
4Ӕмӕ мӕнӕ ныннӕры Йӕ хъӕлӕс,
Йӕ диссаджы хъӕлӕс ныггыбар-гыбур кӕны —
алы ранмӕ дӕр хъуысы.
5Дисы ӕфтауы Хуыцауы хъӕлӕс,
зонд нӕ ахсы Йе стыр хъуыддӕгтӕ.
6Митӕн фӕзӕгъы: „Зӕхх ӕрӕмбӕрз!“,
къӕвдатӕн: „Тынгдӕр уарут!“
7Алкӕй къухыл — Йӕ нысан,
цӕмӕй Йын алчи Йӕ хъуыддӕгтӕ зона.
8Сӕ хуыккӕмттӕм алидзынц сырдтӕ
ӕмӕ ӕрныгъуылынц уым.
9Сусӕг ӕвӕрӕнтӕй рацӕуы тымыгъ,
абухгӕ дымгӕтӕ’рбахӕссынц уазал.
10Хуыцауы ӕрбаулӕфтӕй равзӕры их,
ныхъхъӕбӕр вӕййы доны уӕлцъар.
11Хуыцау мигътӕ байдзаг кӕны донӕй,
арвӕрттывдтӕ райдзӕгъды ӕврӕгътӕй.
12Мигътӕ Йӕ фӕндонӕй зилдух кӕнынц,
сӕ хуыз аивынц;
Уый сын куыд фӕзӕгъы,
афтӕ кӕнынц ӕгас зӕххы къорийыл.
13Куы Хуыцауы цӕф,
куы та Йӕ хорзӕх ӕрхӕссынц зӕхмӕ.
14Фӕлӕуу, Иов, ӕрбайхъус,
Хуыцауы диссӕгтыл ахъуыды кӕн!
15Зоныс ӕй, мигътӕ Хуыцауы коммӕ куыд кӕсынц,
арвӕрттывдӕй куыд ныррухс кӕны мигъ?
16Зоныс, мигътӕ арвастӕу куыд лӕууынц?
Уый алцыдӕр зоны ӕххӕстӕй,
диссаг сты Йӕ хъуыддӕгтӕ.
17Хуссайраг дымгӕ зӕххыл куы рауадзы,
уӕд сфыцыс дӕ дарӕсы.
18Мыййаг, ды Йемӕ нӕ айтыгътай уӕлӕрвтӕ,
джиппыуагъд айдӕнау фидар чи у, уыдон?
19Бацамон нын, цы Йын зӕгъӕм, —
ацы сӕудары мах нӕ сӕрӕн ницыуал зонӕм.
20Йемӕ мӕ ныхас кӕнын кӕй фӕнды,
уый йын ӕз куыд фехъусын кӕнон —
мӕхимӕ мӕ къух исын?
21Никӕй бон у хурмӕ кӕсын,
арвыл тӕмӕнтӕ куы фӕкалы,
дымгӕ мигътӕ куы асуры, уӕд.
22Цӕгатӕй фӕзыны сыгъзӕрин цӕхӕр —
Хуыцауы диссаджы рӕсугъддзинад тасы ӕфтауы!
23Ӕппӕтхъомысыл не’ххӕссы нӕ зонд.
Йӕ хъомысӕй, Йӕ раст тӕрхонӕй цытджын у.
Йӕ рӕстад у ӕгӕрон,
Уый никӕй ӕфхӕры.
24Уымӕ гӕсгӕ, йӕхи зондджын чи хоны,
уыдон Дзы иууылдӕр тӕрсӕнт,
уӕлзонд кӕмӕ ис, уыдон иууылдӕр ризӕнт Йӕ разы!»
Copyright information for
OssIBT2022