Job 38
Дунедарӕджы ныхас Иовимӕ
1Уӕд Иовмӕ уадтымыгъӕйрадзырдта Хуыцау, загъта йын:
2«Ды чи дӕ, цӕмӕй Мӕ фӕнды ныхмӕ
ӕнӕзонд ныхӕстӕ кӕнай?
3Дӕ астӕу ӕрбабӕтт лӕгау,
дзуапп дӕттынмӕ ӕрцӕттӕ кӕн дӕхи,
Ӕз дӕ фӕрсдзынӕн, ӕмӕ Мын ды зӕгъ:
4Ӕз зӕхх куы арӕзтон,
уӕд ды кӕм уыдтӕ?
Кӕд ӕй зоныс, уӕд дзуапп ратт.
5Йӕ ас ын чи снысан кодта,
йӕ сӕрмӕ йын барӕн синаг
чи айвӕзта, уый зоныс?
6Йӕ бындуртӕ цӕуыл ӕнцайынц,
сӕрӕвӕрӕн дур ын чи сӕвӕрдта,
7сӕумӕйӕ стъалытӕ куы радысты,
Хуыцауы фырттӕ цины хъӕр
куы кодтой, уӕд?
8Денджызы дуӕрттӕ чи сӕхгӕдта,
зӕххы арфӕй йӕхи куы срӕмыгъта, уӕд;
9мигъты йӕ куы батыхтон
ӕмӕ йӕ тарӕй куы бамбӕрзтон;
10йӕ арӕнтӕ йын куы сбарстон
ӕмӕ йын кулдуар куы сӕвӕрдтон ӕвдузӕнтимӕ;
11загътон ын: „Ардӕмты дын бар ис,
дарддӕр та нӕ,
дӕ сӕрыстыр уылӕнтӕн
ацы ран у сӕ арӕн“.
12Дӕ цӕрӕнбонты искуы
Хурыскастӕн бардзырд радтай,
Сӕуӕхсидӕн йӕ бынат бацамыдтай,
13цӕмӕй зӕххы кӕрӕттыл аххӕсса
ӕмӕ ӕнӕхуыцӕутты зӕххӕй акала;
14цӕмӕй джиппӕйфыст ӕлыгау,
зӕхх йӕ хуыз аива,
хъуымацау сырх адара,
15ӕмӕ ӕнаккӕгтӕн сӕ рухс ахуысса,
сӕ къух цӕвынӕввонгӕй саст ӕрцӕуа?
16Денджызы гуырӕнмӕ искуы бафтыдтӕ,
йӕ тарф ын искуы басгӕрстай?
17Мӕлӕты дуӕрттӕ дын искуы байгом сты,
мӕрдон тары дуар искуы федтай?
18Зӕххы фӕтӕн искуы сбарстай?
Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ зоныс,
уӕд-ма сӕ радзур.
19Рухсы цӕрӕнмӕ фӕндаг кӕуылты у,
тары цӕрӕнуат кӕм ис?
20Ды йӕ фӕстӕмӕ йӕ бынатмӕ акӕндзынӕ,
фӕндаг ын бацамондзынӕ?
21Ды алцыдӕр зоныс,
исты, мыййаг, се’мгар нӕ дӕ,
дӕ царды бонтӕ уӕдӕй нӕ нымайыс —
уый бӕрц нӕ рацардтӕ!
22Миты ӕфтауцдоны искуы уыдтӕ,
ихы хӕзнадон искуы федтай,
23бӕллӕхы заманмӕ кӕй ӕвӕрын,
хӕст ӕмӕ тохы бонмӕ?
24Арвӕрттывды фӕндӕгтӕ кӕм сты,
скӕсӕйнаг дымгӕ зӕхмӕ кӕуылты тӕхы?
25Чи сарӕзта сахкъӕвдатӕн донгӕлӕнтӕ,
нӕргӕ уадтымыгъӕн — фӕндӕгтӕ,
26цӕмӕй, ӕдзӕрӕг,
адӕймаг кӕм нӕй, уыцы зӕххытӕ донхорыг кӕной,
27ӕвӕд ӕрнӕджытӕ донӕй ӕфсадой,
ӕмӕ зайӕгхӕлттӕ сырӕзой зӕххыл.
28Къӕвдайӕн фыд ис?
Чи у йӕ ныййарӕг ӕртӕхӕн?
29Кӕй хуылфӕй рантысы их,
ӕрвон халас кӕмӕй райгуыры,
30дӕттӕ дурау куы ныхъхъӕбӕр вӕййынц,
хуыдымы уӕлцъар куы ныссӕлы, уӕд?
31Дӕ бон у Ӕрфӕны сахсӕнтӕ
тынгдӕр балвасын,
Орионы сахсӕнтӕ суӕгъд кӕнын?
32Дӕ бон у стъалыгуппартӕ
сӕ афоныл рахонын
ӕмӕ Авд хойӕн фӕндаг амонын?
33Арвы фӕтк дын зындгонд у,
зӕххӕн уагӕвӕрд сфидар кӕнис?
34Дӕ хъӕлӕс ӕврӕгъты онг сӕххӕсдзӕн,
знӕт дӕттӕ дын дзуапп ратдзысты?
35Арвӕрттывд, кӕдӕм ын зӕгъай,
уырдӕм ныййарц уыдзӕн,
зӕгъдзӕн дын, цӕттӕ дӕн, зӕгъгӕ?
36Уӕлзонд чи бавӕрдта зӕрдӕйы,
чи скодта ӕмбаргӕ зонд?
37Уый бӕрц куырыхон чи у,
цӕмӕй мигътӕ банымайа
кӕнӕ уӕларвон мигӕнӕнтӕ фӕкъул кӕна,
38ӕмӕ зӕххы уӕлцъар ныхъхъӕбӕр уа,
цъыфы къуыбӕрттӕ бандӕдзой кӕрӕдзиуыл?
39Исты мадӕл домбайӕн
йӕ амӕттаджы ды’рцахсыс
ӕмӕ йын йӕ лӕппынты ды бафсадыс,
40сӕ хуыккомы куы’рныгъуылынц,
кӕнӕ къутӕрты сӕ амӕттӕгты
куы фӕхъахъхъӕнынц, уӕд?
41Сынтӕн чи’рцӕттӕ кӕны холлаг,
стонгӕй йӕ лӕппынтӕ
сӕхи раппар-баппар куы фӕкӕнынц
ӕмӕ сӕ фыр тыхстӕй
Хуыцаумӕ куы фӕхъӕр кӕнынц, уӕд?
Copyright information for
OssIBT2022