Job 39
1Ды сычъитӕн сӕ зайыны афон зоныс?Сӕгуыттӕн сӕ зайыны ӕмгъуыд фӕхатыс,
2сӕ гуырдз сӕ гуыбыны
цал мӕйы хӕсгӕ у, уый?
Сӕ зӕйц кӕд рантысдзӕн, уый зоныс?
3Утӕхсӕнгӕнгӕ ракалынц сӕ цӕуӕт,
сӕ уаргъӕй суӕгъд кӕнынц сӕхи,
4цӕмӕй сӕ зӕйц сӕрибарӕй хъомыл кӕной,
сӕ тыхы бацӕуой ӕмӕ сӕ стӕй ныууадзой,
макуыуал сӕм раздӕхой?
5Хъӕддаг хӕрӕджы сӕрибарӕй чи ауагъта,
хайуанӕн йӕ сахсӕнтӕ чи райхӕлдта?
6Ӕз ӕй ӕдзӕрӕг быдыры
ӕрцӕрын кодтон,
цӕххӕргом зӕххытӕ йын цӕрӕнбынатӕн радтон.
7Сахары дзолгъо-молгъо
уымӕ худӕгау кӕсы,
бӕхтӕрӕджы хъӕр зонгӕ дӕр нӕ кӕны.
8Къуылдымтыл хизы йӕхицӕн,
тихалӕг дӕр дзы нӕ ирвӕзы.
9Хъӕддаг гал дын лӕггад кӕнын бакомдзӕн?
Дӕ кӕвдӕсы цур бахсӕвиуат кӕндзӕн?
10Йӕхи дын дзывырыл бабӕттын бауадздзӕн,
дӕ фӕдыл зӕхх куыд бахуым кӕна, афтӕ?
11Йе стыр хъаруйӕ
дӕхицӕн ныфс бавӕрдзынӕ
ӕмӕ йын дӕ куыст йӕ бар бакӕндзынӕ?
12Дӕ хор дын ӕрӕмбырд кӕндзӕни
ӕмӕ йӕ мусы бафснайдзӕни,
ууыл баууӕнддзынӕн?
13Страус йӕ базыртӕ фыр цинӕй тилы,
къаннӕг сты йӕ базыртӕ,
фӕлӕ сӕ систӕ куыд диссаг сты!
14Змисы ӕрӕфтауы ӕйчытӕ,
схъарм ын вӕййынц уым,
15исчи сыл къахӕй ныллӕудзӕн,
хъӕддаг сырдтӕ сӕ бассӕнддзысты,
уый мӕт ӕй нӕй.
16Йӕ лӕппынтӕ йын ӕцӕгӕлӕттау сты,
йӕ фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы кӕй фӕуыдзысты,
уымӕй нӕ тӕрсы.
17Уымӕн ӕмӕ хъуыды нӕ кӕны,
Хуыцау ын зонд нӕ радта.
18Фӕлӕ йӕ базыртӕ куы айтынг кӕны,
уӕд ӕм барӕг дӕр худӕг фӕкӕсы —
фӕсте йӕ фӕуадзы.
19Бӕхӕн хъару исты ды радтай,
йӕ хъуыр ын ды сфӕлыстай барцӕй?
20Мӕтыхау ӕй размӕ згъорын
ды сахуыр кодтай?
Йӕ хуыррыттӕй алчи зӕрдӕдзӕф куы кӕны!
21Цингӕнгӕ йӕ сӕфтджытӕй зӕхх хойы
ӕмӕ тохмӕ бырсы риуӕмбӕрцӕй;
22худӕг ӕм кӕсы тас,
кард дӕр ӕй нӕ уромы;
23Сагъадахъ дзыгъал-мыгъул кӕны йӕ сӕрмӕ,
ферттивынц ӕрцытӕ;
24йӕ къӕхты бын зӕхх нынкъуысы,
сыкъауадындзы уастмӕ размӕ куы фӕцагайы, уӕд.
25Сыкъауадындзы уастмӕ ныммыр-мыр кӕны,
дардмӕ дӕр хӕсты уынӕр хъусы.
26Дӕ фӕндӕй тӕхы уари,
хуссайраг дымгӕмӕ
йӕ базыртӕ куы айтындзы, уӕд?
27Дӕ ныхасӕй фехсы йӕхи хӕрдмӕ
ӕмӕ бӕрзонд ӕрцаразы йӕ ахстон?
28Къӕдзӕхыл ис уымӕн йӕ цӕрӕн,
ӕгӕндӕг айнӕджы тигъ у йӕ фидар.
29Уырдыгӕй хъахъхъӕны йӕ амӕттаджы,
йӕ цӕстытӕ дардмӕ уынынц.
30Йӕ лӕппынты хӕссы тугӕй,
мард кӕм уа, уым февзӕры».
31Ӕмӕ ма загъта ноджы Иовӕн Хуыцау:
32«Ацы быцӕугӕнӕг
Ӕппӕтхъомысӕн зонд амоны?
Хуыцауы азымджын чи кӕны,
уый-ма дзуапп раттӕд!»
33Ӕмӕ дзуапп радта Хуыцауӕн Иов:
34«Ӕз та цы дӕн? Цавӕр дзуапп Дын хъуамӕ раттон?
Мӕ армытъӕпӕнӕй мӕ былтӕ ӕхгӕнын.
35Иу хатт загътон
ӕмӕ дарддӕр ницыуал дзурын.
Дыууӕ хатты загътон,
фӕлӕ ныр ныхъхъус уыдзынӕн».
Copyright information for
OssIBT2022