Job 4
Елифазы фыццаг ныхас
1Ӕмӕ дзуапп радта Елифаз, теманаг: 2«Куы дын бафӕнда исты зӕгъын искӕй,уӕд дын йӕ дзырд куы фӕхъыг уа, мыййаг?
Фӕлӕ ӕнӕ зӕгъгӕ дӕр куыд ис?
3Бирӕтӕн-иу дӕхӕдӕг зонд амыдтай,
цы къухтӕ-иу ӕрлӕмӕгъ сты,
уыдон-иу фӕфидар кодтай,
4фӕцудӕгӕн ныфсы хос уыд дӕ ныхас,
лӕмӕгъ къӕхтӕ-иу нал кодтой дыдӕгътӕ.
5Дӕхи рад у ныр та, ӕмӕ нӕ быхсыс;
фыдбылыз дӕхиуыл ӕрцыд,
ӕмӕ катайы бацыдтӕ.
6Хуыцауы тас дын ӕнцой хъуамӕ ма дӕттид,
дӕ фӕндӕгты ӕнаипдзинад — фидар ныфс?
7Ахъуыды-ма кӕн:
кӕд чи бабын ис ӕнӕ аххосӕй,
раст адӕймаг кӕд фесӕфти?
8Ӕрӕййӕфтон афтӕ:
тӕригъӕды хуым-иу чи бакодта
ӕмӕ-иу дзы фыддзинад чи байтыдта,
уыдонӕн-иу сӕхи кӕрдинаг фӕци,
9уыдон Хуыцауы комытӕфӕй бабын вӕййынц,
Йӕ масты раулӕфтӕй ӕрбайсӕфынц.
10Ӕрбацыдӕр вӕййынц домбайы рыхын,
знӕт домбайы хъӕлӕс,
ӕвзонг домбӕйтты ссыртӕ.
11Тыхджын домбай
ӕнӕ амӕттагӕй амӕлы,
мадӕл домбайӕн йӕ лӕппынтӕ
алырдӕмты ныххӕлиу вӕййынц.
12Раргом ис сусӕг дзырд мӕ удӕн,
мӕ хъустӕ мынӕг ныхас ӕрцахстой.
13Адӕм тарф фынӕй куы кодтой, уӕд мыл
ӕхсӕвы ӕнӕнцой цӕстылуайӕнтӕй
14фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцыд,
ме уӕнгтӕ ӕрызгъӕлдысты:
15мӕ цӕсгомы рӕзты атахти цыдӕр мон,
ӕмӕ мӕ сӕры хъуын арц сбадти.
16Мӕ тӕккӕ раз куы’рлӕууыди,
уӕд дӕр ӕй дзӕбӕх не’взӕрстон,
ӕрмӕстдӕр ын йе’ндӕрг уыдтон.
Ӕдзӕм уыд алцы, стӕй райхъуысти хъӕлӕс:
17„Куыд уыдзӕн адӕймаг
Хуыцауӕй растдӕр?
Куыд уыдзӕни лӕг
йе Скӕнӕгӕй сыгъдӕгдӕр?
18Уый Йӕ дӕлдӕртыл
ӕххӕстӕй Йӕ зӕрдӕ нӕ дары,
Йӕ зӕдты дӕр нӕ хоны ӕнӕлаз.
19Цы загъдӕуа уӕд, сӕ бындур
зӕххы рыг кӕмӕн у,
ӕлыгӕй конд хӕдзӕртты ▼
▼Ацы ран метафорӕйы хуызы афтӕ схуындӕуыд адӕймаджы буар.
чи цӕры,рӕмпӕгӕй ӕнцондӕр ӕртъӕппгӕнӕн кӕй ис!
20Сӕумӕрайсомӕй изӕрмӕ — сӕ цард,
ӕнустӕм куыд ӕрбатар уыдзысты —
зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакӕндзынӕ.
Сӕ уды таг ӕрбаскъуыйы,
уӕлзондмӕ нӕма сӕххӕссынц, афтӕмӕй“.
21
Copyright information for
OssIBT2022