‏ Job 40

1Уӕд Хуыцау Иовмӕ
уадтымыгъӕй радзырдта:
2«Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн
дзуапп дӕттынмӕ лӕгау,
Ӕз дӕ фӕрсын, ды та мын-иу дзуапп ратт:
3Ау, ды Мӕ тӕрхоныл
дӕхи атигъ кӕндзынӕ,
цӕмӕй дӕхи сраст кӕнай,
уый тыххӕй Мӕн азымджын кӕндзынӕ?
4Ӕви дӕумӕ дӕр Хуыцауы хъомыс ис,
дӕуӕн дӕр Уыйау дӕ хъӕлӕс
арвгӕрӕтты уырауы?
5Уӕд дӕхи хъомысӕй сфӕлынд,
тӕмӕнкалгӕ кады ӕрбатух дӕхи,
6ныккал дӕ маст,
ӕркӕс сӕрыстырмӕ ӕмӕ йӕ’рцахуыр кӕн,
7хирвӕссонмӕ’ркӕс ӕмӕ йӕ басӕтт,
ӕнаккӕгты та уыцы тӕккӕ уысм ныссӕнд.
8Иууылдӕр иумӕ сӕ дӕлдзӕхы баныгӕн,
ныккӕнды дуӕрттӕ сыл сӕхгӕн.
9Уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕр баууӕнддзынӕн,
дӕ рахиз къух дӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл.
10Бакӕс-ма бегемотмӕ:
уый дӕр дӕу хуызӕн сфӕлдыстон,
галау кӕрдӕгыл хизы.
11Бакӕс-ма йын йӕ сӕвджын синтӕм,
йӕ гуыбыны хъӕддых нуӕрттӕм!
12Йӕ къӕдзил кедры зӕнгау — фидар,
йӕ синты нуӕрттӕ стыхстысты кӕрӕдзиуыл.
13Йе стджытӕ — ӕрхуы хӕтӕлтау,
йӕ къӕхтӕ — ӕфсӕн лӕдзджытау.
14Уымӕй диссагдӕр нӕй,
Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдонӕй,
ӕрмӕст ыл йе Сфӕлдисӕг фӕтых уыдзӕн!
15Хизы хӕхты,
хъӕддаг сырдты хӕтӕнты.
16Дондидинты ӕхсӕн йӕ фӕллад уадзы,
цъымарайы цъӕнуты фембӕхсы.
17Дондидинтӕ йӕм аууон дарынц,
донхӕристӕ йӕ бакӕнынц сӕ астӕу.
18Донивылдӕй дӕр нӕ фӕтӕрсдзӕн,
Иордан йӕ дзыхмӕ куы багуылф кӕна,
уӕд дӕр нӕ сызнӕт уыдзӕн.
19Йӕ сӕрӕй йӕ чи’рцахсдзӕн,
йӕ фындзмӕ йын чи фӕлӕбурдзӕн?
20Уӕдӕ Левиафаны ӕнгуырӕй ӕрцахсдзынӕ,
йе’взаг ын бӕндӕнӕй нылвасдзынӕ?
21Йӕ фындзы йын къӕцӕл атъысдзынӕ,
йе’фсӕры йын къӕпсыр ныссадздзынӕ?
22Уынгӕг хъӕлӕсӕй дӕм сдзыназдзӕн,
лӕгъстӕ кӕнынмӕ дын фӕуыдзӕн?
23Демӕ баныхас кӕндзӕн,
ӕнустӕм дын цагъарӕй ныллӕудзӕн?
24Лӕппын цъиуӕй хъазӕгау дзы хъаздзынӕ,
чысыл чызджыты ирхӕфсынӕн ӕй
истӕуыл абӕтдзынӕ?
25Кӕсагахсджыты бар ӕй бакӕндзынӕ,
цӕмӕй йӕ ханаанӕгтӕн хайгай ауӕй кӕной?
26Йӕ царм ын арцӕй фӕхуынкъ кӕндзынӕ,
йӕ сӕр ын кӕсагахсӕджы сагойӕ ныппырх кӕндзынӕ?
27Дӕ арм ыл ӕрӕвӕр,
ӕмӕ тох кӕнын дӕ хъуыдыйы дӕр
никуыуал ӕрцӕудзӕн.
Copyright information for OssIBT2022